Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 1

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Дзырд сси Адæймаг

1 Райдианы уыди Дзырд, æмæ Дзырд уыди Хуыцаумæ, æмæ Дзырд уыди Хуыцау.

2 Уый райдианы уыди Хуыцаумæ.

3 Æппæт дæр Уый фæрцы сфæлдыстæуыд, æмæ цыдæриддæр сфæлдыстæуыд, уыдонæй æнæ Уымæй ницы сфæлдыстæуыд.

4 Уый уыди царддæттæг, æмæ уыцы цард æппæт адæмæн уыди рухс.

5 Рухс талынджы рухс кæны, æмæ йыл талынг нæ фæтых.

6 Уыди Хуыцауæй æрвыст лæг, йæ ном Иоанн.

7 Уый æрцыд æвдисæнæн — Рухсы тыххæй зæгъынмæ, цæмæй адæм йæ фæрцы иууылдæр баууæндой.

8 Уый йæхæдæг рухс нæ уыд, фæлæ æрвыст уыди Рухсы тыххæй зæгъынмæ.

9 Уыцы Рухс уыди æцæг Рухс, Уый рухс кæны, дунемæ чидæриддæр æрцæуы, уыдоны.

10 Уый уыди, Йæ фæрцы кæй сфæлдыстæуыд, уыцы дунейы, фæлæ Йæ дуне нæ базыдта.

11 Æрцыд йæхионтæм, æмæ Йыл йæхионтæ нæ баууæндыдысты.

12 Фæлæ Йыл чи баууæндыд, уыдонæн радта Хуыцауы хъæбултæ суæвыны бар.

13 Уыдон райгуырдысты нæдæр туг æмæ стæгæй, нæдæр нæлгоймаджы фæндæй, фæлæ — Хуыцауæй.

14 Дзырд сси Ддæймаг æмæ æрцарди не ’хсæн, уыди хорзæхы æмæ æцæгады суадон. Æмæ мах федтам Йæ намыс — Фыды иунæг Фырты намыс.

15 Иоанн Фырты тыххæй лæууы æвдисæн æмæ хъæлæсыдзагæй зæгъы: «Ай Уый у, æз афтæ Кæй тыххæй загътон: „Мæ фæстæ Чи цыди, Уый фæци мæ разæй, уымæн æмæ æз нæма уыдтæн, Уый та уыди“».

16 Æмæ Йæ æгæрон хъæздыгдзинадæй мах райстам хорзæх хорзæхы фæдыл.

17 Уымæн æмæ Æгъдау Моисейы фæрцы лæвæрд æрцыд, хорзæх æмæ æцæгад та Йесо Чырыстийы фæрцы лæвæрд сты.

18 Хуыцауы никуы ничи федта, фæлæ Йæ раргом кодта Йæ иунæг Фырт — Фыдимæ иу æмæ æцæг Хуыцау Чи у, Уый.

Аргъауæг Иоанн зæгъы Йесойы тыххæй

19 Иудейтæ1 Иерусалимæй сауджынты æмæ левитты куы арвыстой Иоанны бафæрсынмæ: «Ды чи дæ?»,

20 Уæд æй уый нæ басусæг кодта æмæ æргомæй загъта, æз Чырысти нæ дæн, зæгъгæ.

21 Уæд æй бафарстой: «Уæдæ чи дæ? Илиа дæ?» Уый загъта: «Илиа нæ дæн». «Пехуымпар2 дæ?» Уый дзуапп радта: «Нæ дæн».

22 Бафарстой та йæ: «Уæдæ чи дæ? Цы дзуапп раттæм нæ рарвитджытæн? Дæхæдæг дæхи тыххæй цы зæгъдзынæ?»

23 Уый сын дзуапп радта Исайпехуымпары ныхæстæй: «Æз дæн æдзæрæг ран фидиуæджы хъæлæс: æмраст скæнут Хицауæн Йæ фæндаг».

24 Уæд фарисейтæ кæй рарвыстой,

25 Уыдон æй бафарстой: «Уæдæ кæд ды нæдæр Чырысти дæ, нæдæр Илиа, нæдæр пехуымпар, уæд цæмæн аргъауыс?»

26 Иоанн сын дзуапп радта: «Æз аргъауын донæй, фæлæ уе ’хсæн лæууы, сымах Кæй нæ зонут, Уый —

27 Мæ фæстæ Цæуæг. Æз Уымæн Йæ дзабыры бос райхалыны аккаг дæр нæ дæн».

28 Ацы ныхас рауади Вифанийы, Иорданы иннæ фарс, Иоанн кæм аргъуыдта, уым.

Хуыцауы Уæрыкк

29 Дыккаг бон Иоанн федта Йесойы æрбацæйцæугæ æмæ загъта: «Дунейы тæригъæд Чи фæхæссы, мæнæ Хуыцауы уыцы Уæрыкк.

30 Ай Уый у, æз афтæ Кæй тыххæй загътон: „Мæ фæстæ цы Лæг цæуы, Уый фæци мæ разæй, уымæн æмæ æз нæма уыдтæн, Уый та уыдис“.

31 Æз Æй нæ зыдтон. Фæлæ донæй аргъауынмæ уымæн æрцыдтæн, цæмæй Уый раргом уа Израилæн».

32 Иоанн æвдисæн лæууыд: «Æз федтон Сыгъдæг Уды уæларвæй бæлонау Уымæ æрцæйцæугæ æмæ Йемæ баззайгæ.

33 Æз Æй нæ зыдтон, фæлæ мæ донæй аргъауынмæ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уды Кæмæ æрцæйцæугæ æмæ Кæимæ баззайгæ фенай, Уый у Сыгъдæг Удæй аргъауæг“.

34 Æз уыдæттæ федтон æмæ æвдисæн лæууын, Хуыцауы Фырт кæй у, уый тыххæй».

Фыццаг ахуыргæнинæгтæ

35 Дыккаг бон дæр та Иоанн лæууыд йæ ахуыргæнинæгтæй дыууæимæ.

36 Æмæ Йесойы фæцæйцæугæ куы федта, уæд загъта: «Мæнæ Хуыцауы Уæрыкк».

37 Ахуыргæнинæпæ уыцы ныхæстæ куы фехъуыстой, уæд сæ дыууæ дæр ацыдысты Йесойы фæдыл.

38 Йесо фæстæмæ куы ракаст æмæ сæ Йæ фæдыл цæугæ куы федта, уæд сын загъта: «Цы уæ хъæуы?» Уыдон Ын загътой: «Равви (ома, Ахуыргæнæг), кæм цæрыс?»

39 Уый сын загъта: «Рацæут æмæ йæ фендзыстут». Уыдон ацыдысты æмæ федтой, Йесо кæм цæры, уый. Æмæ уыцы бон фесты Уымæ. Уыди дæс сахатмæ3 хæстæг.

40 Иоаннæй Йесойы тыххæй чи фехъуыста æмæ Йæ фæдыл чи ацыд, уыцы дыууæйæ иу уыдис Андрей, Симон Петры æфсымæр.

41 Андрей æвæстиатæй бацагуырдта йе ’фсымæр Симоны æмæ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы» (ома, Чырыстийы).

42 Уый фæстæ йæ æркодта Йесомæ. Йесо йæм бакаст æмæ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дæ ном уыдзæн Кифæ» (ома, Петр)4.

Филипп æмæ Нафанаил

43 Дыккаг бон Йесо скодта Галилеймæ цæуыны фæнд. Ссардта Филиппы æмæ йын загъта: «Цом Мемæ».

44 Филипп та уыди вифсаидæйаг, Андрей æмæ Петр кæцæй уыдысты, уыцы сахайраг.

45 Филипп бацагуырдта Нафанаилы æмæ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Æгъдауы Кæй тыххæй ис фыст, стæй пехуымпартæ Кæй тыххæй фыстой, уыцы Назаретаг Йесойы, Иосифы фырты».

46 Фæлæ йын Нафанаил загъта: «Назаретæй дæр хорзæй исты рацæудзæн?» Филипп ын загъта: «Рацу æмæ фен».

47 Йесо федта Нафанаилы æрбацæйцæугæ æмæ загъта: «Мæнæ æцæг æнæхин израилаг».

48 Нафанаил Ын загъта: «Ды мæ цæмæй зоныс?» Йесо йын дзуапп радта: «Филипп дæм куы нæма фæдзырдта, уæд дæ легъуибæласы бын федтон».

49 Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды Хуыцауы Фырт дæ, Израилы Паддзах».

50 Йесо йын дзуапп радта: «Ды æууæндыс, уымæн æмæ дын загътон: „Æз дæ федтон легъуибæласы бын“. Фендзынæ уымæй фылдæр».

51 Ноджы ма йын загъта: «Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: [нырæй фæстæмæ] уындзыстут арвы дуар гомæй æмæ Хуыцауы зæдты уæларвмæ ссæугæ æмæ Адæймаджы Фыртмæ æрцæугæ».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.