Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Интересные слова
фæлладуадзæн бон — выходной/нерабочий день (употребимо в современной осетинской прессе);
æнцойбон — выходной/нерабочий день (из осетинско-русского словаря 1952 года издания);
куадзæн — Пасха;
цыппурс — Рождество;
хуыцаубон — воскресенье (букв. Божий день);
бæрæгбон — праздник.



Дзырдуат: ахуырæн æххуысы чиныг (5–10 кълæсты скъоладзаутæн). Автортæ— Безаты Фаризæ, Асаты Наталья, Хуыгаты Наталья.

Дзæуджыхъæу, 2011 аз, рауагъдад «Орион». ISBN 978-5-91139-202-4

ДЗЫРДУАТ

ФРАЗЕОЛОГОН ДЗЫРДБÆСТЫТÆ ÆМÆ БАЗЫРДЖЫН НЫХÆСТÆ

СÆ ÆМБАРЫНГÆНÆНТИМÆ

Школьный словарь фразеологических словосочетаний и «крылатых слов» осетинского языка

А

Агъуыд къæбыла — искæй иу ран чи нал фæуадзы, искæй фæстæ чи бафты, уый.

Адæм æддæг-мидæг ауадысты — адæм кæрæдзи нал æмбæрстой.

Адæм ныххæррæтт кодтой — æвиппайды бирæ адæм рацыд (рагуылф кодта).

Адæмæн сæ зæрдæ се ’муд æрцыд — æнæнхъæлæджы æвзæр хабары фæстæ адæм сæ фыццаджы уавæрмæ æрцыдысты.

Адæмæй къух бакæнæн нæ уыд — тынг бирæ адæм æрæмбырд.

Адæмы æвзаг дур халы — фыд æвзаг цыфæнды хъуыддаг дæр фехалдзæн.

Аипп ма уæд — афтæ фæзæгъы, истæмæй бафæрсынмæ кæнæ рог уайдзæф бакæнынмæ чи фæхъавы, уый. Йæ ныхас, кæимæ дзурдзæн, уыдонмæ куыд фæкæсдзæн, уый нæ фæзоны, æмæ йын вæййы хатыркурæджы интонаци. Нысан кæны, ома хъыг уæм ма фæкæсæд, хатыр бакæнут.

Алчи йæ сæр æфснайыны койыл сси — алчи йæхи фыдбылызæй хъахъхъæнынмæ фæци.

Алывыдтæ акалын — искæмæ тынг фæхыл кæнын, фелгъитын.

Арв æмæ йын зæххы ’хсæн æмбæхст ницы ис — дунейы цыдæриддæр ис, уый зоны.

Арв сæ нæрын нæ уæнды — сæхицæй тыхджындæр нæй.

Арс (саг) фæрæтмæ æрцыди — рагæй кæй агуырдтой бафхæрынмæ, уый йæхæдæг æнæнхъæлæджы фæзынд.

Арсимæ кæрдо цæгъдын — дæхицæй тыхджындæр адæймагимæ тыхæвзарæн кæнын.

Арсы хъуыны мæлдзыг — уый бон мæнæн æппындæр ницы у; уымæй мын тас нæу.

Æ

Æвзæр тагъдæй хорз сындæг хуыздæр у — цы кæныс, ууыл лæмбынæг бакус, тагъд-тагъд цы ацаразай, уый дын дыккаг куыст кæнын бахъæудзæн.

Æгас хæдзар ссар — бæлццонæн арфæ (дæ хæдзарыл дзæбæхæй сæмбæл).

Æмбыд цæджындзтыл хæдзар нæ лæууы — алы хъуыддагæн дæр фидар бындур хъæуы, хъуыддаг райдайыны размæ йыл хорз ахъуыды кæнын хъæуы.

Æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы — иу фæндыл лæуд адæм тыхджын сты.

Æргом дзырды къæм нæй — æргом дæ ныхас куы зæгъай, уæд дæ ахастытæ, кæимæ дзурыс, уыимæ уыдзысты сыгъдæг.

Æфсæст стонджы рис нæ зоны — йæхæдæг чи нæ фæрыст, уый искæй рыст нæ бамбардзæн.

Б

Базыртæ йыл базад — цæмæдæр тынг сразæнгард.

Бакъуымæлдзæф и — барасыг и.

Бас кæй басудзы, уый доныл дæр фу кæны — йе ’нæрхъуыдыйæ исты фыдбылыз кæуыл æрцыд, уый йæхи тæссаг цæмæй нæу, уымæй дæр хъахъхъæны.

Бæмбæг у йе ’взаг, сындз та йæ зæрдæ — йæ ныхас куыд фæлмæн у, йæ хъуыдытæ æмæ хъуыддæгтæ афтæ не сты, æууæнк ыл нæй.

Бон цæуы æмæ йемæ фарн хæссы — хуыздæр рæстæг æрцæудзæн.

Бынтæ бахæрын — фыдæлтæй цы баззад, уыдон æнæхъуаджы бахардз кæнын, цæрыны фæрæз нал ныууадзын.

Г

Гаччы абадын — раздæры хуыз райсын.

Д, Дз

Дæ гуырæй райгæ у — дæхи хъахъхъæн, аирвæзæн дын нал ис.

Дæ раны дæ ссардтам — алидзæн кæцæй нæй, ахæм ран искæй баййафын, ома аирвæзæн дын нал ис.

Дæ сæр мæ бахъуыд — де’ ххуыс мæ бахъуыд.

Дæ чъылдыммæ дын кувдзыстæм — афтæ фæкувынц Алардымæ (рыны бардуагмæ): де ’ргом нæм ма раздах....

Дæхицæн удыбæстæ скодтай — тыхст адæймагæн феххуыс кодтай æмæ дæхицæн рагацау дзæнæты бынат скодтай.

Демæ иумæйаг дзыкка не сфыцдзыстæм — иу хъуыдыйыл лæуд не стæм, иумæйаг хъуыддаг саразын нын нæ бантысдзæн.

Донласт хуылыдзæй нал тæрсы — стыр фыдбылыз чи бавзары, уый къаддæр фыдбылызæй нал фæтæрсы.

Дуры хъусы дзурын — кæмæн дзуры, уымæ йæ ныхас нæ хъары (ис ын æндæр хуызы бамбарæн дæр, ома мын мæ ныхас нæ ауæй кæндзæн, кæмæн дзурын, уый æууæнкджын у).

Дыстæ бафистæг кæнын — исты хъуыддагмæ æрæвналын.

Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы — дзырд кæддæриддæр дзырд къахы.

З

Зæрдæ скъахын — зæрдæ фæриссын кæнын (зæрдæхудты бацæуын).

Зæрдæ фæтæнæг — зæрдæ фæфæлмæн.

Зæрдæ фæцъæх — истæмæй тынг сфæлмæцын.

Зæрдæйы судзаг суадзын — искæмæн зæрдæйы мæстытæ фæдзурын.

Зæрдæйы тугтæ кæлынц — искæмæн тынг тæригъæд кæнын.

Зæрдæйы фæдыл цæуын — цыдæриддæр дæ бафæнда, уый кæнын.

Зонды къуыбар — тынг зондджын (цы у, уымæй иууылдæр зонд у).

И, Й

Искæй бастигъыныл дæр разы у — искæмæй исты адавынмæ, байсынмæ цæттæ у.

Исты фос фæкæнын — исты пайда райсын.

Иу хæдон дæр сын уæрæх у — тынг хæларæй цæрынц.

Иуæн дыууæ æфсад — дыууæ адæймаджы иу адæймагæн тых сты.

Йæ адæмыл йæ къух систа — йæ адæм дзы бынтон ферох сты.

Йæ аууоныл ын нывтæ кæрдынц — тынг хæрзконд, хæрзуынд адæймаг у.

Йæ гаччы нæй — хорз уавæры нæй, цæуылдæр тынг тыхсы.

Йæ дæндæгтæй йæм къæрттытæ хауы — мæстæй йæм мæлы.

Йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд — тынг фæтæрсыны фæстæ æрсабыр.

Йæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста — зæрдæ тынг ныгуыпп-гуыпп кодта.

Йæ куыдзы бон нæ зоны — цы ’взæр уавæры ис, уый не ’мбары.

Йæ къæхтæ йæ нал хастой — рацæуын æй нал фæндыд.

Йæ къæхтæ йæ коммæ нал кæсынц — йæ бон цæуын нал у, тынг бафæллад.

Йæ къух сыл ауыгъта — ницыуал сæ рауайдзæн.

Йæ ныхас цырд суадонау згъоры — йæ ныхас лæгъз æмæ рæсугъд у.

Йæхи калмау фæгæмæл кодта — искæуыл йæхи ныццæвынмæ цæттæ у.

Йæ масты къус йæ былтæй акалд — дарддæр йæхи нал бауромдзæн.

Йæ рыджы дæр нæ фæзындзæн — уый раз æппындæр ницы у.

Йæ туг ын цъырдта — фыдмитæ йын кодта.

Йæ тъæнгтæ йын ацагъта — тынг ын фæхъыг и.

Йæ зынг бахуыссыд — амард.

Йæ уæрджытæ йæ быны ныддонзоныг сты — йæ къæхтæ нал æмбары.

Йæ уд ауад — тынг фæтарст.

Йæ уд æрдуйæ нарæгдæр ссис — фыр тыхстæй йæ бон ницыуал у.

Йæ уд хъардта — тынг архайдта, тынг æй фæндыд.

Йæ фыццаг сæ скодта — йæ разæй сæ аскъæрдта, атардта.

Йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд — йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд

Йæхи аивæй айста — куыд ничи йæ фена, афтæ ацыд.

Йæхицæй ныббуц — йæхицæй тынг разыйæ баззад.

Йæ цæсты фиутæ тадысты — хæлæгæй йæм мард.

Йæхимæ азым ницæмæй хæссы — йæхи аххосджын нæ хоны.

К

Кæд нал хæриккам нæ хъиутæ — кæд ацы мæгуыр уавæрæй фервæзиккам.

Кæнджытæй кæсджытæ дæсныдæр сты — уынаффæ кæнын æнцон у.

Кæрæдзийы цæрмæстыгъд бакæнын — бынтон æмхуызон уæвын.

Кæрæдзийæ се сæфт уынын — кæрæдзийæн æнæуынон уæвын.

Кæрæдзийы хъуын-хъис хæрын — нæ фидауын, хылтæ кæнын.

Куыдз æмæ лæдзæджы цард кæнын — æппынæдзух хыл кæнын.

Куыйты хæринагмæ æртæрын — тынг æвзæр уавæртæм æркæнын.

Куырис сыгъд æмæ йыл бæтгæн худти — тæссаг уавæр не ’мбарын.

Къ

Къахгæ дæ кæны — дæ сусæгдзинад базоныны тыххæй дæ рафæрс-бафæрс кæны.

Къæхтæ зæххыл нæ хæцынц1) къæхтæ бырынц, цъыгъгъуытт кæнынц. 2) тынг рог, цæрдæг кафын, тагъд згъорын, лидзын.

Къух ницыуал куыстмæ тасы — кусын нал фæнды (цæуы).

Л

Лæугæ хох, цæугæ мæсыг — стыр ныфсы адæймаг.

М

Мах дæр дзыхъхъы лæуд не стæм — мах дæр искæмæй цауддæр не стæм.

Мæ быгъдуан фæуæд — мæнæй аразгæ фæуæд, мæ бар æй бакæнут.

Мæ армы мын æй фæцавта — рæвдз мын мæ къухы цыдæр авæрдта.

Мæ дзырд — мæ фидар — мæ ныхасæн хицау дæн.

Мæ сæрты каст — мæнæй бирæ бæрзонддæр уыд.

Мæ ком мын истæмæй ахуылыдз кæн — хæринаг кæнæ нуазинаг агурын.

Мæрдтæм бацæудзынæн рухс цæсгомæй — раст адæймагæй фæцардтæн.

Мыггагæн лæгæй рацыдысты — алы мыггагæй дæр иу лæг рацыд.

Мæсыг хи дурæй сæтты — хъуыддаг хион хуыздæр фехалы. Мæ ных уæм æрбатардтон — нæ мын æмбæлы, фæлæ уæм æрбацыдтæн.

Мæ цæст ыл нал æрхæцыдис — нал æй федтон, нал ыл фембæлдтæн.

Мыды къусчы хуызæн хæдзар — алцæмæй æххæст хæдзар (цæрæг хæдзар).

Н

Нæ йын батад — пайдайы бæсты йын зиан æрхаста.

Нæ сæ хъулон кæны — æмхуызон зæрдæ сæм дары.

Нæ хъул сах абадти — нæ хъуыддаг фæрæстмæ и.

Не ’хсæн ницы ис дзырддаг — хъуыддагыл (фæндыл) разы стæм.

Ныууадз мæ мæ адыл — ныууадз мæ мæхи бар.

Ныхасыл дыууæ нæ зæгъы — кæрæдзи æмбарынц.

Р

Ризы æмризæджы — тынг тæрсы, фыр тасæй йæ зыр-зыр цæуы.

С

Саджы фисынтыл амад — тынг хæрзконд лæппу (нæлгоймаг).

Сар сæ къона кодта — æртхъирæн (аирвæзæн сын нал ис).

Сæ уд æрдуйæ нарæгдæр ссис — тынг сфæлмæцыдысты.

Сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд — ууыл хъуыды дæр ннкуы акодтой.

Сæ фæллой доны бакалдтой — сæ фыдæбон фæдзæгъæл.

Сæ фыдтæ иу аджы куы сфыцой, уæддæр сæ бас не схæццæ уыдзæн — æппындæр сæ ныхас иумæ нæ бады, кæрæдзи никуы бамбардзысты.

Сæр дæ бахъуыд — зын уавæры дæ æмæ бафæраз.

Сæрмæ нæ хæссын — цы не ’мбæлы, ахæм хъуыддаг нæ бакæ-нын.

Симды куы бацæуай, уæд дзы симын хъæуы — исты хъуыддаг куы райдайай, уæд æй кæронмæ ахæццæ кæнын хъæуы.

Т

Тагъд дон фурды не ’ййафы — тагъд кæнын иу хъуыддаджы дæр нæ хъæуы

Туджы аргъæй балхæнын — æгæр зынаргъæй исты балхæнын.

Тулæг дурæй къæрттытæ хауы — чи ницы аразы, уымæй ницы сæфы.

Тыппыртæ суадзын — фæкæуын, фæхъæстытæ кæнын.

Тыхгæнæг ын тых не ссардзæн — йæхицæй тыхджындæр никуы ис.

Тыхы дон хæрдмæ ласы — тыхджынæн йæ бон алцыдæр у.

У

Уæззау хъуыддаг рæуæг дзырдтæй нæ рæзы — дзурын æнцон у, хъуыддаг аразын у зын.

Уæрдон суг куы нæ ласа, уæд йæхæдæг суг у — æнæпайда дзаума дарын нæ хъæуы.

Уд гæркъайы хуынчъы ласын — искæй тынг сфæлмæцын кæнын.

Урс уæрыкк дын фестон — нывонд дын фæуон.

Уый дæр ын æртагæй æртхос калы йæ цымыдисыл — йæ цымыдис ма йын ноджы цырын кæны.

Уый мын цы хъом у — ницæмæй дзы тæрсын, уымæй мæнæн ницы тас у.

Уысмæн над кæнын — тынг арæх нæмын.

Ф

Фæллæйттæ доны къусы сæфт фæкодтой — фыдæбон фæдзæгъæлы ис.

Фесафон мæ сæр — мæ кой кæцæй нал райхъуыса, ахæм ранмæ фæцæуон.

Фидиссагæй циу мæ цард — худинаджы цардыл разы нæ дæн.

Фæндыры цинæй уæларвмæ фæцыдис — фыр цинæй хæрдмæ хауди.

Фæнд фæндæй баззади — ныхæстæй дарддæр хъуыддагæй ницы рауад.

Фæндаджы къахыл лæуд — цæуынæввонг.

Фæкъæртт сты зæрдæйы хъæдгæмттæ — йæ мæстытæ иууылдæр йæ зæрдыл æрлæууыдысты.

Фæфос кæнын — пайда скæнын.

Фестырзæрдæ уæвын — раздæрау æнувыд нал уæвын.

Фос цагъды кæнынц — фос бирæгæйттæй мæлынц.

Фырмæстæй тъæппытæ хауын — тынг мæстджын уæвын.

Фырыхъулы хуызæн лæппу — хъæддых, цæрæццаг сывæллон (лæппу).

X

Хайыр фос дын фæуæд — арфæ, йæ фосыл кæмæн бафты, уымæн.

Хæрæгæн йæ сæр фынгмæ хастæуыд, уый та зæхмæ тылд — кад ын кæй кæнынц, уый чи не ’мбары, ахæм адæймагæй афтæ фæзæгъынц.

Хæрынæн адджын, хæссынæн рог — хус, фæлæ хæрзад хæринаг.

Хорз хылæй æвзæр фидыд хуыздæр — хæларæй куы нæ цæрай, уæддæр æнæ хылæй цæр.

Худæгæй бакъæцæл — фыр худтæй йæ бон сдзурын нæу.

Хур йæ был сдардта — хур сындæггай сзынд (скæсынмæ хъавы).

Хуыскъыл аззайын — æнæ ницæмæй (æнæ царды фæрæзтæй) аззайын.

Хи бааууон кæнын — бамбæхсын.

Хи байсын — йæ лæгæй (сæрыхицауæй) ацæуын, ахицæн уæвын (сылгоймагæй фæзæгъынц).

Хи тылиф кæнын — хинæй исты куыстæй хи сайын.

Хи искæй æвджид бакæнын — искæуыл хи бафæдзæхсын.

Хурыл дæр ма къæм абады — хорз адæймагмæ гыццыл фау ссарын.

Хур йæхи зæххыл хафы — тынг тæвд рæстæг у.

Хуыцауæмсæр æм каст хæсгæ мард — нæ рагфыдæлты намысон-этикон фæтк: лæг хъуамæ хæсты быдыры фæмард уа (хæсгæ мард), æрмæст уæд уыд йæ мард кадджын.

ХЪ

Хъæубæстæ хъус-хъус кодтой — сусæгæй кæрæдзийæн дзырдтой.

Хъиутæ хæрын — фыд мæгуыр цард кæнын.

Хъуыддаг алыг кæнын — хъуыддаг саразынæн уынаффæ рахæссын.

Ц

Цавддурау фæци — йæ бон сызмæлын нал у.

Цæсгом нæ хъæцы — цы не ’мбæлы, уый нæ бакæнын.

Цæмæй ныл макæй цæст схæцыдаид — куыд ничи нæ федтаид, афтæ.

Цардмæ иу боны цæстæй кæсын — цардæй, уавæрæй хъал уæвын.

Цард сæм йæ мидбылты худти — цардæй сæ зæрдæ рухс кодта.

Царды денджыз дæм раздæхти — хорз цард дын æрцыди.

Цардæй къæртт æппарын — уæлвонгæй хъал цард кæнын.

Цы боны хорзмæ кæсæм — цæуылнæ исты аразæм.

ЦЪ

Цъиуызмæлæг дæр нал ис — æппындæр дзы ничиуал ис.

У нас есть ещё несколько осетинских словарей!


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.