Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Дæ сæр сæрмæ хæсс —
Де ’взаг зонын дæ хæс.

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг ефесæгтæм. Сæр 6

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Сывæллæттæ æмæ ныййарджытæ

1 Сывæллæттæ, ут уæ ныййарджытæн коммæгæс, уымæн æмæ афтæ раст у.

2 «Нымай дæ фыд æмæ дæ мады» — ахæм у фыццаг фæдзæхст зæрдæвæрдимæ:

3 «Уæд уыдзынæ фæрнджын æмæ дзæвгар фæцæрдзынæ зæххыл».

4 Сымах дæр, ныййарджытæ, ма мæсты кæнут уæ сывæллæтты, фæлæ сæ хъомыл æмæ ахуыр кæнут Хицауы фæдзæхстытæм гæсгæ.

Цагъартæ æмæ сæ хицæуттæ

5 Цагъартæ, цыма Чырыстийы коммæ кæсут, афтæ зæрдиагæй коммæгæс ут уæ зæххон хицæуттæн, тæрсут сæ хъыджы бацæуынæй.

6 Сæ зæрдæ сын балхæнынæн цæстмæкуыст ма кæнут, фæлæ сын кусут, Хуыцауы фæндон æнувыдæй чи æххæст кæны, Чырыстийы уыцы цагъартау.

7 Кусут сын зæрдæрайгæйæ, адæмæн кусæгау нæ, фæлæ Хицауæн цыма лæггад кæнут, афтæ.

8 Уæ зæрдыл дарут: алчидæр, цагъар уа æви сæрибар, Хицауæй райсдзæни хорзæх йæ алы хорз хъуыддаджы тыххæй дæр.

9 Сымах дæр, хицæуттæ, уæ цагъартæм кæсут ахæм цæстæй, ныууадзут уе ’ртхъирæнтæ. Хъулон Чи никæй кæны, сымахæн дæр æмæ уыдонæн дæр уæлæрвты ахæм Хицау кæй ис, уый уæ рох ма уæд.

Хуыцауы хотыхтæ

10 Æппынфæстаг, ме ’фсымæртæ, удвидар кæнут, Хицауимæ кæй стут, уымæй, æмæ Йæ домбай хъаруйæ.

11 Уæхи сифтонг кæнут Хуыцауы хотыхтæй, уæ бон хæйрæджы мæнгард миты ныхмæ лæууын куыд уа, афтæ.

12 Уымæн æмæ нæ тох адæймаджы ныхмæ нæу, фæлæ æнæбуар æлдæртты æмæ барджынты ныхмæ, ацы талынг дунейы хицæутты ныхмæ, уæлдæфы чи ис, уыцы фыдæххæссæг удты ныхмæ.

13 Уый тыххæй уæхи сифтонг кæнут Хуыцауы хотыхтæй, цæмæй фыдбылызы бон куы ралæууа, уæд уæм разына ныхмæ æрлæууыны хъару, фæуæлахиз уат æппæтыл дæр, æмæ ма фæцудат.

14 Уæдæ фидар лæуут, уæ астæутæ æрбалвасут æцæгадæй, уæ уæлæ скæнут рæстады згъæрхæдон.

15 Фидыды уац хъусын кæнынмæ цæттæдзинад уæд уæ къахыдарæс.

16 Кæддæриддæр уæм уæд, хæйрæджы æппæт судзгæ фæттæ кæмæй ахуыссын кæндзыстут, уый уырнынады уарт.

17 Ирвæзындзинад уæд уе згъæрхуд, æмæ райсут Уды лæвæрд цирхъ — Хуыцауы ныхас.

18 Кæддæриддæр кувут æмæ курут Хуыцауы Удæй разæнгардæй. Уый тыххæй ут къæрцхъус æмæ æвæллайгæйæ кувут æппæт сыгъдæджыты тыххæй.

19 Кувут мæн тыххæй дæр, цæмæй мæ дзурын куы бахъæуа, уæд мын Хуыцау ратта æвзаг, æмæ æз ныфсджынæй раргом кæнон фарны уацы сусæгдзинад.

20 Рæхыстæй бастæй дæр æз уыцы фарны уацы минæвар дæн. Кувут, цæмæй йæ фехъусын кæнон ныфсджынæй, куыд мын æмбæлы, афтæ.

Саламтæ

21 Цæмæй сымахæн дæр мæ уавæртæ æмæ мæ хъуыддæгтæ зындгонд уой, уый тыххæй уын æппæт дæр радзурдзæн Тихик, нæ уарзон æфсымæр æмæ Хицауæн иузæрдион кусæг.

22 Æз æй сымахмæ æрвитын, цæмæй базонат мах тыххæй æмæ уæ бауадза ныфс.

23 Æфсымæртæн фарн æмæ уарзт уырнындзинадимæ ФыдХуыцауæй æмæ Хицау Йесо Чырыстийæ.

24 Нæ Хицау Йесо Чырыстийы чи уарзы, уыдон сеппæт дæр хайджын уæнт Хуыцауы хорзæх æмæ æнæмæлгæ цардæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.