Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг дзуттæгтæм. 8-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Ног фидыды Алчер

1 Нæ ныхасы сæр та мæнæ уый у: махæн ис, уæлæрвты Дунедарæджы рахиз фарс Чи сбадт, ахæм Алчер.

2 Уый лæггад кæны æцæг кувæндоны — адæймаг нæ, фæлæ Хуыцау кæй сарæзта, уыцы Сыгъдæг Цатыры.

ЗАлы алчеры дæр сæвæрдæуы хуынтæ æмæ нывондтæ æрхæссынæн. Уымæ гæсгæ хъуыди, цæмæй Уымæ дæр уыдаид, нывондæн цы æрхастаид, уый.

4 Уый зæххыл куы уаид, уæд Алчер дæр нæ уыдаид. Уымæн æмæ Æгъдаумæ гæсгæ нывондтæ чи хæссы, ам, зæххыл, ахæм алчертæ ис.

5 Уыдон лæггад кæнынц, уæларвы цы ис, уымæн æрмæстдæр йæ фæлгонц æмæ йæ аууон чи у, уыцы кувæндоны — Моисей Сыгъдæг Цатыр аразынмæ куы бавнæлдта, уæд ын Хуыцау куыд загъта, афтæ: «Хъусыс, æппæт дæр сараз, хохыл дын куыд равдыстæуыд, уымæ гæсгæ».

6 Фæлæ Йесо цы Алчеры куыст райста, уый уыдоны куыстæй уæлдæр у, уымæн æмæ Йесо хуыздæр фидыды Æхсæнылæг у æмæ уыцы фидыд хуыздæр зæрдæвæрдыл æнцой кæны.

7 Уымæн æмæ фыццаг фидыд куы ницы хъуаг уыдаид, уæд дыккаджы сæр нæ бахъуыдаид.

8 Фæлæ сын Хуыцау уайдзæф кæны: «Мæнæ ралæудзæн рæстæг, зæгъы Хуыцау, æмæ Израилы байзæддагимæ æмæ Иудæйы байзæддагимæ Æз сараздзынæн ног фидыд.

9 Уый нæ уыдзæн, мысыраг зæххæй ракæныны тыххæй сын сæ фыдæлты къухыл куы рахæцыдтæн, уæд уыдонимæ цы фидыд сарæзтон, ахæм. Уымæн æмæ уыдон Мæ уыцы фидыдмæ гæсгæ нæ цардысты, æмæ сæ Æз ныууагътон, зæгъы Хуыцау.

10 Мæнæ, зæгъы Хуыцау, уыцы бонты фæстæ Израилы байзæддагимæ кæй сараздзынæн, уыцы фидыд: сæ зонды сын нывæрдзынæн æмæ сæ зæрдæтыл ныффысдзынæн Ме ’гъдæуттæ, æмæ уыдзынæн сæ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мæ адæм.

11 Уæд алчи йе ’мбæстаджы æмæ йе ’фсымæры нæ ахуыр кæндзæн æмæ йын нæ дзурдзæн: „Базон Хуыцауы“, уымæн æмæ иууылдæр, стырæй-чысылæй, зондзысты Мæн.

12 Уымæн æмæ сын Æз ныббардзынæн сæ галиу митæ, сæ тæригъæдтæ сын нал æрымысдзынæн».

13 Уыцы фидыд ног схонгæйæ, Хуыцау фенын кодта, фыццаг фидыд кæй базæронд, уый. Цы ныххæррæгъ æмæ базæронд уа, уымæн та йе сæфт æрæввахс вæййы.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.