Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг дзуттæгтæм. 12-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Хуыцау — нæ хъомылгæнæг

1 Уæдæ йæ уырнывдзинад чи равдыста, ахæм æвдисæнтæ нæ алыварс уыйас бирæ кæм сты, уым мах дæр ныууадзæм, фæстæмæ ныл цы хæцы, æппæт уыдæттæ, стæй нæ æнцонæй чи æрцахсы, уыцы тæригъæд æмæ, нæ размæ цы фæндаг ис, ууыл тындзæм фæразонæй,

2 Уырнындзинад Чи дæтты æмæ йæ алцæмæй дæр æххæст Чи кæны, уыцы Йесомæ кæсгæйæ: цы цины аккаг уыд, уый бæсты фæразонæй фæхъизæмар кодта, æгад ницæмæ æрдаргæйæ, амард дзуарыл, æмæ ныр бады Хуыцауы рахиз фарс.

3 Ахъуыды кæнут тæригъæдджынтæй ахæм æфхæрд Бавзарæгыл, цæмæй ма сæдых æмæ ма слæмæгъ уат удæй.

4 Тæригъæды ныхмæ сымах нырма мæлæтдзаг тох нæма кодтат,

5 Æмæ уын, хъæбултау, уæ зæрдæ фæфидар кæнынæн цы загъд уыди, уый уæ ферох: «Мæ хъæбул, Хуыцауы æфхæрдмæ ницæмæ йæ дарыны цæстæй ма кæс, æмæ дын куы бауайдзæф кæны, уæд дæ ныфс ма сæттæд.

6 Уымæн æмæ Хуыцау кæй уарзы, уыцы адæймаджы бафхæры;

нæмгæ та кæны, Йæхицæн фырт кæй скæны, уыдонæй алкæй дæр».

7 Уæ хъомыл кæныны сæраппонд быхсут æфхæрдæн — уымæй Хуыцау æвдисы, хъæбулты цæстæй уæм кæй кæсы, уый. Ахæм фырт ис, мыййаг, фыд кæй нæ бафхæры?

8 Æппæт хъæбулты куыд бафхæрдæуы, кæд ахæм æфхæрд не ’ййафут, уæд сымах æцæг хъæбултæ нæ, фæлæ дзæгъæлзад сывæллæттæ стут.

9 Нæ зæххон ныййарджытæ нæ æфхæрдтой, æмæ сæ мах куы нымадтам, уæд мыггагмæйы царды сæраппонд куыннæ хъуамæ кæсæм нæ Уæларвон Фыды коммæ!

10 Ныййарджытæ нæ цыбыр рæстæджы дæргъы æфхæрдтой, куыд сæм хуыздæр касти, афтæ; Хуыцау та нæ нæхи пайдайæн бафхæры, цæмæй уæм Йæ сыгъдæгдзинадæй хайджын.

11 Алы æфхæрд дæр нын фыццаг æхсызгон нæ вæййы — хъыг нæм фæкæсы. Фæлæ нæ фæстæдæр уыцы æфхæрд куы сахуыр кæны, уæд нæ цард свæййы фæрнджын æмæ раст.


Зондамонæн ныхæстæ

12 Уæдæ сфидар кæнут уæ мæрдхуыст цæнгтæ æмæ, чи слæмæгъ, уæ уыцы уæрджытæ,

13 Æмæ цæут раст фæндагыл уæ къæхтæй, цæмæй къуылых къах тынгдæр ма фæкъæдз уа, фæлæ сдзæбæх уа.

14 Архайут алкæимæ дæр фидыдæй цæрыныл; тырнут уæхи сыгъдæгæй дарынмæ, уымæн æмæ æнæ уымæй Хицауы ничи фендзæн.

15 Кæсут уæхимæ, цæмæй уæ Хуыцауы хорзæхæй æнæхай мачи фæуа, цæмæй уе ’хсæн маргджын зайæгойау мачи сырæза æмæ ма фæхъæстæ кæна бирæты,

16 Цæмæй уæм ма уа хæтаг, кæнæ æнæхуыцау, Исавау хистæр фырты бартæ иу хъæрмхуыппы къусыл чи баивта.

17 Сымах куыд зонут, афтæмæй Исавы фæстæдæр æрхъуыд йæ фыды арфæ, фæлæ дзы æнæхай фæци, уымæн æмæ, кæд кæугæйæ куырдта, уæддæр фыды фæнд аивын йæ бон нал уыд.

18 Уырзæй басгарæн кæмæн ис æмæ арт кæуыл судзы, сымах ахæм хохмæ не ’рцыдыстут, не ’рцыдыстут талынгмæ, саудалынг æмæ уадмæ,

19 Сыкъауадындзы уастмæ æмæ Хуыцауы хъæлæсмæ. Адæм æй куы фехъуыстой, уæд куырдтой, цæмæй сын мацыуал дзура.

20 Уымæн æмæ адæмы бон нæ уыд, цы сын фæдзæхстæуыди, уымæ хъусын: «Хохыл суанг сырд куы бандзæва, уæд уый дæр мард æрцæуæд дуртæй».

21 Æмæ цы федтой, уый сæ ахæм тас бауагъта, æмæ Моисей загъта: «Ризæг мыл бахæцыд фыртæссæй».

22 Сымах та æрцыдыстут Сионы хохмæ æмæ цардæгас Хуыцауы сахармæ — уæларвон Иерусалиммæ, æнæнымæц зæдты цины æмбырдмæ,

23 Уæлæрвты кæй нæмттæ фыст сты, уыцы фыццаггуырд хъæбулты Аргъуанмæ, алкæмæн дæр Тæрхонгæнæг Хуыцаумæ, алцæмæй дæр æнаипп чи сси, уыцы рæстгæнджыты удтæм,

24 Ног фидыды Æхсæнылæг Йесомæ æмæ, мах чи ссыгъдæг кодта, Йæ уыцы Тугмæ — Авелы тугæй уыцы Туг хуыздæрыл дзуры.

25 Кæсут, дзургæ Чи кæны, Уымæ æнæбайхъусгæ ма фæут. Зæххыл Чи дзырдта, Уымæ цы адæм нæ байхъуыстой, кæд уыдон æнæфхæрдæй нæ аирвæзтысты, уæд махæн та æнæфхæрдæй баззайæн уæвгæ дæр нæй, уæлæрвтæй Чи дзуры, Уымæй не ’ргом куы аздахæм, уæд.

26 Уæды заманы Йæ хъæлæсæй нынкъуыста зæхх, æмæ та ныр дæр дзырд радта: «Ноджы ма иу хатт нынкъусдзынæн канд зæхх нæ, фæлæ арв дæр».

27 Ныхæстæ «ноджы маиухатт» æвдисынц, цы сфæлдыстæуыд, уый кæй нынкъуысдзæн æмæ йæ кæй аивдæуыдзæн, цæмæй мыггагмæ баззайа, æнæфæцудгæ цы у, уый.

28 Уæдæ, æнæфæцудгæ Паддзахадмæ цæугæйæ, хъуамæ уæм бузныг, æмæ Йын æхцон куыд уа, афтæ хъуамæ кусæм Хуыцауæн, аргъ Ын кæнгæйæ æмæ Дзы тæрсгæйæ.

29 Уымæн æмæ нæ Хуыцау у æппæт ныхъуырæг арт.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.