Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 82. Марс

Хуры фæталынг, кæнæ цалхыдзаг Мæй фендтаг куыннæ сты, фæлæ уæддæр сырх-сырхид Марсмæ кæсгæйæ, адæймаг уыдон ферох кæны æмæ йæ зæрдæйы фæзыны бирæ буц фæндтæ.

Астрономон чингуытæ кæсгæйæ, алы адæймаг дæр дзуапп агуры уыцы иу фарстайæн: «Ис æви нæ цæрджытæ æндæр планетæтыл?» Æмæ кæд искæцы планетæйыл царды нысæнттæ ис, уæд æрмæстдæр Марсыл.

Стъалытау тыбар-тыбур кæй нæ кæны, фæлæ сабыр рухсæй кæй æрттивы, стæй стъалыты ’хсæн йæ бынат тагъд кæй аивы, уымæ гæсгæ Марс хæрз æнцон рахатæн у æнæзмæлгæ стъалытæй. Тугау ын сырх хуыз кæй ис, уый тыххæй йыл рагон ромаг адæм сæвæрдтой хæсты хуыцау — Марсы ном. Рагон адæмы уырныдта, цыма Марс рагагъоммæ алыг кæны хæсты хабар,— базоны, чи фæуæлахиз уыдзæн æмæ састы бынаты чи баззайдзæн.

Марсы орбитæ ис Зæххы орбитæйы æддейæ. Уымæ гæсгæ Марс æдзух Хуры фарсмæ агуринаг нæ вæййы. Æхсæвыгон уымæн фенæн ис канд горизонтмæ ’ввахс нæ, фæлæ арвы æмбисы дæр.

Марсæн ис тынг дæргъæццон орбитæ. Перигелийы уый баввахс вæййы Хурмæ 207 млн. км, афелийы та адард вæййы 249 млн км. Марсы орбитæ Зæххы орбитæйæ 1,5 хатты даргъдæр у, уымæ гæсгæ йæ афæдз дæр мах афæдзæй 1,5 хатты даргъдæр хъуамæ уыдаид, фæлæ Марс йæ орбитæйыл Зæххау тагъд не згъоры; алы секунд дæр уый ацæуы æрмæст 23,5 км. Ахæм тагъдадимæ Хуры алыварс иу зылд æркæнынæн Марсы бахъæуы 687 боны. Хурæй кæсгæйæ, адæймаг фенид, Марс цадæггай йæ бынат кæй ивы æмæ алы бон дæр ныгуылæнæй скæсæны ’рдæм æрдæг градусы бæрц кæй ацæуы.

Зæххы орбитæ æнæхъæнæй дæр Марсы орбитæйы мидæг кæй ис, уымæ гæсгæ мах куы Марсæй Хуры ’хсæн фæвæййæм, куы та Хур бацæуы махæй Марсы ’хсæн. Зæхх Марсæй Хуры ’хсæн куы бацæуы, уæд ахæм фæзынд хонынц оппозици. Оппозицийы дуджы нæм Марс æрбаввахс вæййы æмæ уæд йæ раиртасыны фадæттæ бирæ фæхуыздæр вæййынц. Оппозицийы Марс бацæуы алы 2 азы æмæ 50 боны иу хатт. Фæлæ æппæт оппозицитæ Марсы раиртасынæн æмхуызон дзæбæх нæ вæййынц. Оппозици февралы кæнæ мартъийы куы ’рцæуы, уæд Марс баввахс вæййы йæ афелимæ æмæ нæм 100 миллион километрæй æввахсдæр не ’рбацæуы.

Оппозици августы кæнæ сентябры куы ’рцæуы, уæд махæй Марсы ’хсæн вæййы æрмæст 55 млн. км. Оппозици 28 августмæ цас хæстæгдæр æрцæуа, уыйас нæм Марс æввахсдæр æрбацæудзæн, уымæн æмæ уыцы бон Зæхх вæййы Марсы перигелийы стъæлфмæ æппæтæй æввахсдæр. Ахæм оппозициты хонынц стыр оппозицитæ. Фæстаг хатт стыр оппозици уыди 1988 азы.

Йæ асмæ гæсгæ Марс Хуры системæйы рæбинаг бынат не ’рцахста; 9 стыр планетæйæ, Меркурий’ æмæ Плутонæй фæстæмæ, уымæй къаннæгдæр ничи у. Йæ диаметр чысыл фылдæр у Зæххы радиусæй æмæ æййафы 6890 км. Йæ уæлцъар æдæппæтæй у сурзæххы уæлцъары йас. Гуырахстмæ гæсгæ Марс Зæххæй авд хатты къаддæр у. Тæразыл æрæвæргæйæ, Марсы хуызæн къоритæ Зæхх æрласид аст. Егъау нæу Марсыл химæлвасынады тых дæр. Зæххон адæймаг уырдæм куы бафтид, уæд йæхи æнкъарид тынг рог. Хъандзалон тæразыл сбаргæйæ, 1 кг Марсыл æрласдзæн æрмæст 370 г.

Марс Зæххы æнгæс цы миниуджытæй у, уыдон ’хсæн сæйраг у сæмæнон змæлд. Йæ’ сæмæны алыварс иу зылд æркæнынæн Марсы бахъæуы 24 сахаты æмæ 37 минуты. Зæххы сæмæн йæ орбитæйы фæзоймæ къул кæй у, уый аххосæй азы афонтæ ивынц кæрæдзи. Марсы зилыны сæмæн дæр къул у йæ орбитæйы фæзоймæ 66°30’ æмæ уый аххосæй Марсыл дæр азы афонтæ ивынц кæрæдзи. Фæлæ Марсы афæдз зæххон афæдзæй дыууæ хатты даргъдæр кæй у, уый тыххæй йæ афæдзы афонтæ дæр зæххон афæдзы афонтæй дыууæ хатты даргъдæртæ сты.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Марс Хуры алыварс æмхуызон тагъдадæй кæй не згъоры. Зæххау Марс дæр фæззæг æмæ зымæг тагъддæр згъоры йæ орбитæйыл, уалдзæг æмæ сæрд та сындæгдæр. Уый аххосæй азы афонтæ æмдæргъæн нæ рауайынц. Марсон суткæтæй нымайгæйæ, афæдзы афонтæ ахæссынц: уалдзæг — 191 суткæ, сæрд — 181, фæззæг — 149, зымæг та 147 суткæйы.

1877 азы уыди стыр оппозици. Уыцы аз астроном А. Холл (1829—1907) сфæнд кодта, Марсæн æмбæлццæттæ ис æви нæ, уый базонын. Цæмæй оппозицийы рæстæджы гуырысхо мацæуыл кодтаид, уый тыххæй Холл рагагъоммæ сбæрæг кодта, Марсмæ дæрддзæф цы лæмæгъ стъалытæ уыди, уыдон. Уый фæстæ йæ тыхджын телескопæй иртасын байдыдта, Марсæн йæ хæд фарсмæ цы æрвон облæсттæ уыди, уыдон. 11 августы Холл федта, иу лæмæгъ стъалы Марсы фæстæ куыд цыдис, уый, æмæ йын йæ бынат фæнысан кодта. Холлы фæндыд уыцы стъалымæ лæмбынæг æркæсын, фæлæ арв сасæста æмæ йын кусæн нал уыди. Холл зæрдиагæй æнхъæлмæ каст боныхъæд фæхуыздæрмæ; гуырысходзинад ын йæ зæрдæ риуыгъта: чи зоны, уыцы лæмæгъ стъалы æмбæлццон нæ уыди æмæ йыл æнæхъуаджы цин кæны. 16 августы арв ныйирд ис. Уыцы ’хсæв та Марсы фарсмæ ногæй зындис цавæрдæр лæмæгъ стъалы, кæцы фыццагау цыди планетæйы фæдыл. Холл уайтагъд бамбæрста, уыцы лæмæгъ стъалы Марсы æмбæлццон кæй уыдис, уый. Уый фæстæ ’хсæв Холл федта Марсы фарсмæ ноджы иу лæмæгъ стъалы. Уыцы стъалы-иу Марсæн куы йæ иу фарс фæзындис, куы йæ иннæ фарс.

Холл цы лæмæгъ стъалыты федта, уыдон дыууæ дæр разындысты хæрз чысыл æмбæлццæттæ æмæ сыл сæвæрдта нæмттæ: Фобос æмæ Деймос («тас» æмæ «фыртас»), афтæ хуындысты грекъаг мифологийы хæсты хуыцауы фырттæ. Марсы уæлцъарæй Фобосы онг ис 5900 км, Деймосы онг та 23000 км. Марсы алыварс иу зылд æркæнынæн Фобосы бахъæуы 7 сахаты æмæ 39 минуты, Деймосы та 30 сахаты æмæ 18 минуты.

Стыр диссаг у Фобосы змæлд. Иннæ æрвон буæрттау марсон арвыл уый хурыскæсæнæй не скæсы, фæлæ скæсы ныгуылæны горизонтæй æмæ 5,5 сахаты фæстæ скæсæны аныгуылы; бирæ хатт æхсæв дыууæ хатты дæр скæсы.

Деймос дæр стъалытау скæсы хурыскæсæнæй, фæлæ йæхæдæг дæр скæсæны ’рдæм тынг тагъд кæй згъоры, уымæ гæсгæ йын стъалытимæ æмдзу кæнын не ’нтысы; Марсæй кæсгæйæ, адæймаг фенид, Деймос стъалытæй фондз хатты сындæгдæр кæй цæуы ныгуылæны ’рдæм.

Сæ асмæ гæсгæ уыцы æмбæлццæттæ скойы аккаг дæр не сты. Деймосы диаметр у æрмæст 13 км, Фобосæн та 23 км. Сæ формæ дæр тымбылæджы хуызæн нæу, фæлæ картофау дæргъдымбыл. Мах Мæйау уыцы чысыл мæйтæ марсон æхсæвы тар никуы фесафынц. Мæй Зæхмæ цæйас рухс дæтты, уыйас нæ, фæлæ уымæн йæ сæдæйæм хайæ фылдæр рухс нæ дæттынц Фобос æмæ Деймос Марсмæ. Куыд уынæм, афтæмæй Марсæн йæ дыууæ æмбæлццоны мах иунæг æмбæлццоны бæрц æххуыс дæр не сты.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.