Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 67. Цы сты Мæйы сау тæппытæ

Алчидæр зоны, Мæйыл цавæрдæр сау тæппытæ кæй ис. Мæйы фæлмæн рухс хуры рухсау цæстытæ нæ риссын кæны æмæ уыцы сау тæппытæм адæймаг æнæсымæй бирæ фæкæсы. Бирæ сæм фæкастысты рагон адæм дæр, фæлæ цы сты, уымæн бæлвырд ницы зыдтой, мысыдысты сыл алыхуызон аргъæуттæ. Иуæй-иутæм афтæ зынди, цыма сау тæппытæ сты, мидбылты чи худы, ахæм адæймаджы цæсгом, бирæтæ сæ хуыдтой тæрæзтæ, чи та тæрхъус.

Moon Photo IMG 7136 111111

Ирон адæммæ ис ахæм легендæ, зæгъгæ, Мæйы сау тæппытæ сты адæймаг æмæ куыдз. Куыдз баст у рæхысæй. Уый æдзух æхсыны йæ рæхыс æмæ йæ мæйæ-мæймæ фæцæйлыг кæны. Мыййаг куы раирвæза, уæд адæмы бахæрдзæн, æппæтæй раздæр та куырдты. Фæлæ йæ рæхыс куы фæцæйлыг кæны, уæд та уæларвы куырдалæгон дзæбугæй æртæ хатты хъæсдарæг æртъæпп кæны æмæ та рæхыс дзыхъынног фесты.

Чи зоны ма бирæ ахæм легендæтæ æрымысыдаид адæймаджы фантази, телескоп куы нæ фæзындаид, уæд. Уый уыди 1610 азы. Галилей Мæймæ сарæзта йæхи конд телескоп, æмæ дзы уайтагъд федта хæхтæ. Галилейыл бирæтæ нæ баууæндыдысты, фæлæ телескоптæ куы сарæх сты, æмæ Мæйыл хæхтæ феныны фадат æндæртæн дæр куы фæци, уæд Галилейæн фæзынд бирæ фарслæуджытæ.

Цы хуызæн зыны Мæйы уæлцъар телескопы? Рæстæмбис тых кæмæн ис, ахæм телескопы Мæймæ кæсынæй æхсызгондæр астрономæн ницы вæййы. Хуымæтæджы цæстæй цы сау тæппытæ уынæм, уыдон бæсты телескопы фыццаджыдæр адæймаг фемдзаст вæййы уæрæх сау тæрфытæм. Уыдон хонынц денджызтæ. Афтæ сæ схуыдтой, Мæйыл ма дон æнхъæл куы уыдысты, уæд. Ныр бæлвырд у, Мæйыл дон кæй нæй, уый, фæлæ денджызты кой уæддæр баззади. Денджызтыл сæвæрдтой ахæм нæмттæ: Къæвдайы Денджыз, Райдзасты Денджыз, Кризисты Денджыз æмæ æнд. ахæмтæ. Денджызтæ сты Мæйы иумæйаг уæлцъарæй ныллæгдæр бынæттæ, хуры рухс фæстæмæ уыйбæрц тынг не’ппарынц æмæ уымæ гæсгæ зынынц тардæрæй.

Иуæй-иу денджызтæн сæ фæзуат тынг стыр у. Дзырдæн зæгъæм, Къæвдайы Денджызæн йæ фæзуат Пиренейы æрдæгсакъадахы фæзуатæй стырдæр у.

Денджызты уæлцъарыл амыты-уымыты фенæн ис бирæ кратертæ,— афтæ хонынц, Мæйыл цы къусы хуызæн хæхтæ ис, уыдон. Кратерты иумæйаг бакаст у, мидæмæ уырдыг чи ахаста, ахæм тымбыл мусы хуызæн. Кратеры кæрæттæ хъулагонд сты бæрзонд хæхтæй. Хæхты бæрзæнд алы ран æмиас нæу: ранæй ран бæрзонддæр сты, ранæй-ран та ныллæгдæр; иуæй-иу хæхтæн сæ бæрзæнд æййафы 6—9 км.

Кратеры цъуппмæ куы фæцæйхизай, уæд дæ тынг схæрд кæнын нæ бахъæудзæн, уымæн æмæ йе’ддаг былтæ чысыл къулаив йеддæмæ не сты, фæлæ уæлæмæ куы схизай æмæ кратеры хуылфмæ куы акæсай, уæд дæм афтæ фæзындзæн, цыма дæлджинæджы сæрмæ лæууыс, уымæн æмæ кратеры мидæггаг былтæ сты æмуырдыг. Кратерæн йæ хуылфмæ куы бацæуай, уæд цæудзынæ мидæмæ къулаив, цалынмæ йæ центрмæ нæ бахæццæ уай, уæдмæ. Кратеры центры уыдзæн къаннæг тымбыл хох, мæнæ быдыры обау куыд уа, афтæ. Уыцы къаннæг хохæй дарддæр кратеры хуылфы цы фæз ис, уый кратеры æдде фæзæй ныллæгдæр у.

Мæйы кратертæ тынг уæрæх сты æмæ дзы уый тыххæй бирæты кратерты бæсты хонынц цирктæ. Æппæтæй егъаудæр цирк хонынц Гримальди. Уымæн йæ диаметр у 237 км. Уымæй чысылдæр цирктæ сты Птолемей, Коперник æмæ æнд. Кратертæ уæлдай арæх сты Мæйæн йе’рттиваг бынæтты. Мæнæ зад хуымæй куыд фæдзурынц, зæгъгæ дзы мæкъуыл мæкъуылы æккой бады, афтæ арæх сты Мæйыл дæр кратертæ.

Бæзджын кас куыд фыцы, уымæ куы кæсæм, уæд фендзыстæм, йæ сæр куыд схæмпус вæййы, уый. Уый фæстæ уыцы хæмпустæ аскъуыйынц, сæ тæф рацæуы æмæ сæ астæу мидæмæ бадзыхъ вæййы. Мæйыл цы бирæ къаннæг кратертæ ис, уыдон дæр иу бакастæй афтæ фæзынынц. Кратерты тыххæй цы загътам, уымæй бæрæг у, Мæйы хæхтæ зæххон хæхты хуызæн кæй не сты. Зæххон хæхтæ фылдæр хатт кæрæдзийыл бастæй аххæссынц цалдæр сæдæ километры, мæнæ Кавказы хæхтæ куыд сты, афтæ. Мæйыл ахæм хæхтæ тынг стæм сты. Чи дзы ис, уыдонæн сæ сæйрагдæрты хонынц зæххон хæхты нæмттæй: Альпы хæхтæ, Апенины хæхтæ æмæ æнд.

Мæйы æрттиваг хай талынг хайæ кæм хицæн кæны, ома Хур кæм сцæйкæсы, уым тыхджын телескопты фæрцы фенæн ис, сауæй чи зыны, ахæм фæстытæ. Мæнæ махмæ хæхбæстæйы ралæбырынмæ цы сыджыт хъавы, уый куыд ныффæстытæ вæййы, афтæ фæстытæ у бирæ рæтты Мæйы уæлцъар дæр. Уыцы фæстытæн сæ фæтæн вæййы иу цалдæр километры, сæ дæргъ та æййафы сæдæгай километртæ. Мæйыл ма æцæг денджызтæ æнхъæл куы уыдысты, уæд уыцы фæстыты хуыдтой донвадтæ.

Мæй йæ цалхыдзагæй куы ферттивы, уæд ыл хæрз чысыл телескопы дæр фендæуыдзæн, иуæй-иу кратертæй, хуры тынтау фæйнæрдæм цавæрдæр урс тынтæ кæй ацæуынц. Гигантон телескопты фæрцы куыд бæрæг кæны, афтæмæй уыцы урс тынтæ сты цавæрдæр хъæбæр буаргъæдæй конд, цæугæ цы бынæттыл кæнынц, уыцы бынæттæй сæхи иу чысыл бæрзонддæр дарынц, мæнæ зæронд бæласы уидæгтæ сыджытæй чысылтæ уæлæмæ куыд сзынынц, афтæ. Урс тынты дæргъ вæййы цалдæр сæдæ километры, куы та мин километры дæр. Урс тынтæ æвæццæгæн сты вулканты рæстæджы Мæйы хуылфæй уæлæмæ чи схауди, ахæм къаннæг буæртты æмбырдгæндтæ. Куыд фæстагмæ сыл вулканы æртхутæг æрбадт æмæ сæ фæлурсгомау æвдисы. Цы урс тынты кой кæнæм, уыдонæй æппæтæй рæсугъддæр тынтæ сты, Тихойы кратерæй фæйнæрдæм чи цæуы, уыдон. Тихойы кратер ис Мæйы цалхæн йæ хуссары кæронмæ ’ввахс. Мæйзæронды рæстæджы уыцы кратерæн фенæн ис биноклы.

Тихойы кратер:
Makelessnoise - Mighty Tycho (by)

Бирæ цыргъдзаст адæм æй хуымæтæджы цæстæй дæр хатынц. Куыд фæзындысты Мæйыл алыхуызон кратертæ æмæ хæхтæ? Уырыссаг академик А. П. Павловы хъуыдымæ гæсгæ кратертæ сты, сахайы цъыф кæм ныххус, ахæм дзыхъхъытæ. Кæддæр, Мæй ма мидæгæй тæнæг цъыфы хуызæн куы уыд, уæд-иу вулканты архайдæй йе’ддаг цъар аскъуыд æмæ-иу сахайы цъыф ракалд æддæмæ. Вулкан-иу куы ахуыссыд, уæд сахайы цъыфæн йæ иу хай фæстæмæ æрбадт, кæцæй калд, уым, æмæ-иу афтæмæй сахайы цъыфæн йæ астæу мидæмæ бадзыхъ.

Иуæй-иу ахуыргæндтæ та афтæ зæгъынц, зæгъгæ, дам, Мæйы кратертæ фæзындысты, арвæй йыл дуртæ (метеориттæ) кæй хауы, уый аххосæй. Стыр авиацион бомбæтæ æрхаугæ чи федта, уый зоны, уыдон хъуырдзæвæнтау сыджыт куыд скъахынц, уый. Стыр метеориттæ Зæхмæ куы ’рхауынц, уæд уыдонæй дæр баззайы кратеры хуызæн фæдтæ. Мæйыл атмосферæ кæй нæй, уымæ гæсгæ метеориттæ се стыр тагъдадимæ æвæстиатæй сæмбæлынц йæ уæлцъарыл, иу дзæвгар дзы нынныхсынц мидæмæ, стæй ныггуыпп кæнынц æмæ фæйнæрдæм фæхæссынц дур æмæ сыджыт. Афтæмæй сæвзæрынц Мæйы кратертæ.

Цы дыууæ гипотезæйы кой æркодтам, уыдонæй иу дæр æнæкъæм нæу. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Зæххыл цы вулканон æмæ метеоритон кратертæ ис, уыдон афтæ чысыл сты, æмæ дзы иуæн дæр Мæйы кратертыл абарæн нæй. Зæххыл вулкантæй баззайгæ кратертæй кæй зонæм, уыдонæй æппæты фæтæндæр ис Африкæйы Килиманджаройы хохмæ ’ввахс, Нгоро-Нгоро, зæгъгæ йæ ном. Йæ диаметр у 19,3 км. Метеориттæй чи сырæзт, уыцы кратертæй æппæты фæтæндæр у, АИШ-ы Аризоны æдзæрæг быдыры чи ис, уый. Уыцы кратер сырæзтис гигантон метеориты æрхауынæй. Йæ фæтæн у 1,25 км, йæ арф та 125 м. Йе ’рхаудыл цæуы иу мин азæй фылдæр. Зæххы хъауджыдæр Мæйыл ахæм гигантон кратертæ куыд æгъдауæй фæзынд, уый нырма æххæстæй ничи бамбарын кодта.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.