Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 8-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Савл æфхæры уырнджыты

1 Стефаны кæй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонæй фæстæмæ тынг æфхæрын райдыдтой Иерусалимы аргъуаны уæнгты. Æмæ апостолтæй фæстæмæ се ’ппæт дæр ныххæлиу сты Иудейæ æмæ Самарийы алы къуымты.

2 Стефаны та баныгæдтой Хуыцауыл æнувыд лæгтæ æмæ йыл тынг фæкуыдтой.

3 Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмæ, цыдис хæдзари-хæдзар, ахста уырнæг нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгты æмæ-иу сæ радта ахæстонмæ.

4 Чи ныххæлиу, уыцы уырнджытæ уæдмæ цыдысты æмæ хъусын кодтой фарны уац.

Филипп æрцыд Самаримæ

5 Афтæ Филипп æрцыд самариаг сахармæ æмæ адæмæн дзырдта Чырыстийы тыххæй.

6 Филипп цы диссæгтæ кодта, уыдонмæ касти бирæ адæм æмæ йæм хъуыстой лæмбынæг.

7 Бирæ хæйрæджджынтæй æнæзæгъинæгтæ рацыдысты хъæргæнгæ, бирæ уæнгмæрдтæ æмæ цæнкуылтæ сæнæниз сты.

8 Æмæ сахары цæрджыты цинæн кæрон нал уыд.

9 Сахары царди иу кæлæнгæнæг адæймаг, йæ ном — Симон. Уый рагæй йæ кæлæнтæй дисы æфтыдта самариæгты; йæхицæй стыр цыдæр арæзта.

10 Хъуыстой йæм стырæй-чысылмæ æмæ дзырдтой: «Ацы адæймагмæ ис, Стыр кæй хуындæуы, Хуыцауы уыцы тых».

11 Хъусгæ та йæм уымæн кодтой, æмæ сæ бирæ рæстæджы дæргъы дисы æфтыдта йæ кæлæнтæй.

12 Фæлæ сын Филипп Хуыцауы Паддзахады æмæ Йесо Чырыстийы номы тыххæй уац куы фехъусын кодта, уæд ыл баууæндыдысты, æмæ саргъуыдæуыд нæлгоймæгтыл дæр æмæ сылгоймæгтыл дæр.

13 Баууæндыд Симон йæхæдæг дæр, райста аргъуыд æмæ иудадзыг уыд Филиппимæ; дис кодта, цы стыр æвдисæйнæгтæ æмæ диссæгтæ федта, уыдоныл.

14 Апостолтæ Иерусалимы куы фехъуыстой, самариæгтæ Хуыцауы ныхасыл баууæндыдысты, зæгъгæ, уæд сæм арвыстой Петр æмæ Иоанны.

15 Петр æмæ сæм Иоанн куы æрцыдысты, уæд бакуывтой, цæмæй самариæгтæ схайджын уой Сыгъдæг Удæй.

16 Уымæн æмæ дзы иу дæр нæма схайджын Сыгъдæг Удæй — æрмæстдæр сыл саргъуыдæуыд Хицау Йесойы номыл.

17 Петр æмæ Иоанн сыл æрæвæрдтой сæ къухтæ æмæ уыдон схайджын сты Сыгъдæг Удæй.

18 Апостолты къухты æрæвæрдæй адæм Сыгъдæг Удæй кæй схайджын сты, уый Симон куы федта, уæд апостолтæн æрбахаста æхца,

19 Æмæ загъта: «Раттут мæнæн дæр тых, цæмæй-иу æз дæр мæ къухтæ кæуыл æрæвæрон, уый схайджын уа Сыгъдæг Удæй».

20 Петр ын дзуапп радта: «Де ’хца демæ фесæфæд, уымæн æмæ афтæ банхъæлдтай, Хуыцауы хорзæхæн æхцайæ балхæнæн ис, зæгъгæ.

21 Ахæм куысты бацæуыны аккаг нæ дæ, уымæн æмæ Хуыцауы раз дæ зæрдæ раст нæу.

22 Уæдæ æрфæсмон кæн дæ ацы тæригъæдыл, кув Хицаумæ æмæ дын дæ зæрдæйы фыдвæнд, чи зоны, æмæ ныххатыр кæна.

23 Уымæн æмæ æз уынын: ды маргæй дзаг дæ, бахаудтæ тæригъæды уацары».

24 Уæд Симон дзуапп радта: «Бакувут мæн тыххæй Хицаумæ, æмæ цы загътат, ахæмæй мыл мацы æрцæуа».

25 Петр æмæ Иоанн уым Йесойы тыххæй куы фæдзырдтой æмæ Хицауы ныхас куы фæцамыдтой, уæд фæстæмæ ацыдысты Иерусалиммæ. Сæ фæндагыл бирæ самариаг хъæуты хъусын кодтой фарны уац.

Филипп æмæ евнух

26 Филиппæн та Хуыцауы зæд загъта: «Бавдæл æмæ ацу хуссармæ, Иерусалимæй Газæмæ цы фæндаг цæуы, уымæ». (Уыцы фæндаг æдзæрæг у.)

27 Æмæ Филипп араст. Уыцы рæстæг сæхимæ здæхти кандакийы, ома, эфиопаг ус-паддзахы, евнух1, стыр хицау — йæ хæзнадар. Хуыцаумæ бакувыны тыххæй уыд Иерусалимы.

28 Бадти йæ къареты æмæ касти Исай-пехуымпары чиныджы.

29 Сыгъдæг Уд Филиппæн загъта: «Баййаф уыцы къарет æмæ цу йæ фарсмæ».

30 Филипп базгъордта къареты цурмæ æмæ, Исайы чиныджы эфиопаг куыд касти, уый куы фехъуыста, уæд æй бафарста: «Цы кæсыс, уый æмбарыс?»

31 Уый дзуапп радта: «Исчи мын æй куы нæ бацамона, уæд æй куыд хъуамæ бамбарон?» Æмæ æрхатыди Филиппмæ, цæмæй схиза къаретмæ æмæ сбада йæ фарсмæ.

32 Сыгъдæг Фысты эфиопаг касти мæнæ уыцы бынат: «Фысау Æй акодтой æргæвдынмæ, æмæ уæрыччы куы фелвынынц, уæд куыд ныссабыр вæййы, афтæ Дзы иу сыбыртт дæр нæ райхъуыст.

33 Бафхæрдтой Йæ, раст тæрхон Ын нæ рахастой. Йæ байзæддæгты тыххæй Йын ничи ницы зоны, уымæн æмæ Йæ цард зæххыл фæци».

34 Евнух бафарста Филиппы: «Курын дæ, æмæ мын зæгъ: пехуымпар афтæ кæй тыххæй зæгъы? Йæхи тыххæй æви æндæр искæй тыххæй?»

35 Филипп бавнæлдта амонынмæ. Райдыдта Сыгъдæг Фысты уыцы бынатæй æмæ йын дзырдта фарны уац Йесойы тыххæй.

36 Сæ фæндаг даргæйæ, æрбахæццæ сты донмæ. Евнух загъта: «Мæнæ дон, саргъауынæн мæ цы къуылымпы кæны?»

37 [Филипп ын дзуапп радта: «Кæд зæрдиагæй æууæндыс, уæд дыл саргъауæн ис». Евнух загъта: «Æууæвдын, Йесо Чырысти Хуыцауы Фырт кæй у, ууыл».]

38 Евнух радта къарет бауромыны бардзырд. Сæ дыууæ дæр, Филипп æмæ евнух, ныххызтысты донмæ æмæ йыл Филипп саргъуыдта.

39 Донæй куы рахызтысты, уæд Филиппы фелвæста Хуыцауы Уд, æмæ йæ евнух нал федта. Зæрдæрухсæй дарддæр цыд йæ фæндагыл.

40 Филипп та февзæрд Азоты. Ацыд дарддæр, æмæ йæ фæндагыл æппæт сахарты хъусын кодта фарны уац, цалынмæ Кесаримæ бахæццæ, уæдмæ.


1 8:27 Евнух — æрдызт; ахæм лæгтæн рагзаманы иуæй-иу бæстæты лæвæрдтой бæрнон паддзахадон куыст. Моисейы Æгъдау дзуттæгтæн нæ лæвæрдта адæймаджы æрдузыны бар.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.