Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 7-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Стефаны ныхас

1 Уæд æй алчер бафарста: «Цы дæ зæгъынц, уый раст у?»

2 Фæлæ Стефан загъта: «Ме ’фсымæртæ æмæ фыдæлтæ! Байхъусут мæм. Нæ фыдæл Авраам Харраны нæма æрцард, афтæ йæм Месопотамийы фæзынди намысы Хуыцау

3 Æмæ йын загъта: „Ныууадз дæ бæстæ æмæ дæ хæстæджыты, æмæ ацу, Æз дын кæй бацамонон, уыцы бæстæмæ“.

4 Уæд Авраам ныууагъта халдейаг зæхх æмæ æрцарди Харраны. Йæ фыды мæлæты фæстæ йæ Хуыцау æрцæрын кодта, ныр сымах кæм цæрут, уыцы зæххыл.

5 Æмæ Хуыцау Авраамæн иунæг фады бæрц дæр зæхх нæ радта. Фæлæ зæрдæ бавæрдта уыцы зæхх ын йæхицæн æмæ, йæ фæстæ чи уыдзæн, уыцы байзæддæгтæн раттынæй, кæд Авраамæн зæнæг нæма уыд, уæддæр.

6 Хуыцау ын загъта: „Дæ байзæддæгтæ цыппарсæдæ азы кæйдæр зæххыл уыдзысты æцæгæлæттæ æмæ цагъартæ, æмæ сæ ссæнддзысты“.

7 „Фæлæ Æз бафхæрыны тæрхон рахæсдзынæн, цагъары æфсондзы сæ чи сифтындза, уыцы адæмæн, загъта Хуыцау, — уый фæстæ рацæудзысты æмæ Мын кувдзысты ацы ран“.

8 Хуыцау Авраамимæ сарæзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунæт кæнын. Æмæ Авраамæй Исаак куы райгуырд, уæд ын æстæм бон скодта сунæт; Исаак сунæт скодта Иаковæн, Иаков — йæ дыууадæс фыртæн, нæ рагфыдæлтæн.

9 Уыцы рагфыдæлтæ сæ хæлæгæй Иосифы ауæй кодтой Мысырмæ. Фæлæ Хуыцау йемæ уыд,

10 Æмæ йын æххуыс кодта æппæт зынты. Радта йын зонд, стæй, Мысыры æмæ йеппæт галуаны сæргъы йæ чи сæвæрдта, уыцы мысыраг паддзахы хорзæх.

11 Уый фæстæ æппæт Мысыры æмæ Ханааны зæххыл скодта стонг рæстæг, адæм хъизæмары бафтыдысты, нæ фыдæлтæн хойраг нал уыди.

12 Мысыры хор кæй ис, уый фехъусгæйæ, Иаков нæ фыдæлты уырдæм арвыста фыццаг хатт.

13 Дыккаг хатт куы æрцыдысты, уæд Иосиф йæхи раргом кодта йе ’фсымæртæн, æмæ фараон базыдта Иосифы хиуæтты тыххæй.

14 Иосиф арвыста хонæг йæ фыд Иаковмæ æмæ æппæт хиуæттæм — фынддæс æмæ æртиссæдз адæймагмæ.

15 Иаков æрцыди Мысырмæ, æмæ уым амардысты йæхæдæг дæр æмæ нæ фыдæлтæ дæр.

16 Сæ мæрдтæ сын рахастой Сихеммæ æмæ, Авраам Емморы байзæддæгтæй æвзистæй цы зæппадз балхæдта, уым сæ бавæрдтой.

17 Хуыцау Авраамæн, сомы йын ракæнгæйæ, зæрдæ цæмæй бавæрдта, уымæн йе ’рцыд куыд хæстæгдæр кодта, афтæ Мысыры фылдæрæй-фылдæр æфтыд нæ адæмы нымæцыл.

18 Афтæ уыди, Иосифы тыххæй чи нæ зыдта, ахæм æндæр паддзах бæстæйы сæргъы цалынмæ æрлæууыд, уæдмæ.

19 Уый нæ адæмыл цыди хинæй, ссæста нын нæ фыдæлты, æппарын сын кодта сæ сывæллæтты, цæмæй удæгасæй ма баззайой.

20 Уыцы рæстæг райгуырд Моисей; уыди рæсугъд æмæ Хуыцауæн фæндиаг сывæллон. Фыццаг æртæ мæйы йæ хастой йæ фыды хæдзары.

21 Куы йæ аппæрстой, уæд æй ссардта фараоны чызг, æмæ йæ схаста йæхи фыртау.

22 Моисей сахуыр кодта, мысыраг зондджынтæ цы зыдтой, æппæт уыдæттæ, уыди тыхджын ныхасæй дæр æмæ хъуыддагæй дæр.

23 Дыууиссæдз азы йыл куы цыди, уæд æм фæзынд йе ’фсымæрты, Израилы адæмы, бабæрæг кæныны фæнд.

24 Моисей федта, иу мысыраг дзуттаджы куыд æфхæрдта, уый. Уæд ралæууыд дзуттаджы фарс, амардта мысыраджы æмæ афтæмæй райста дзуттаджы маст.

25 Æнхъæл уыд, Хуыцау сæ йæ фæрцы цагъарадæй кæй ирвæзын кæны, уый бамбардзысты йе ’фсымæртæ, зæгъгæ. Фæлæ йæ уыдон нæ бамбæрстой.

26 Дыккаг бон дзуттæгты кæрæдзийы нæмгæ куы федта, уæд сæм бацыд æмæ сæ фидауын кодта: „Хорз лæгтæ, æфсымæртæ куы стут, кæрæдзийы хъыджы цæмæн цæут?“

27 Фæлæ хионы æфхæрæг фесхуыста Моисейы æмæ йын загъта: „Махæн дæ хицау æмæ тæрхонгæнæгæй чи сæвæрдта?

28 Знон мысыраджы куыд амардтай, мæн дæр афтæ амарынмæ хъавыс, æви?“

29 Моисей уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд алыгъд æмæ æрцард æцæгæлон мадиамаг бæстæйы. Ам ын райгуырд дыууæ фырты.

30 Дыууиссæдз азы фæстæ йæм Синайы хохмæ хæстæг æдзæрæг бæстæйы, судзгæ сывдзкъутæры арты æвзæгты, фæзынди зæд.

31 Моисей йæ куы федта, уæд дисы бафтыд. Æмæ йæм хуыздæр æй фенынмæ куы фæцæйцыд, уæд ын Хуыцау загъта:

32 „Æз дæн дæ фыдæлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы æмæ Иаковы Хуыцау“. Моисей фыртæссæй скæсын нæ уæндыди.

33 Хуыцау ын загъта: „Ралас дæ къæхтæй дæ дзабыртæ, уымæн æмæ ды кæм лæууыс, уый сыгъдæг зæхх у.

34 Æз федтон, Мæ адæмы Мын Мысыры куыд ссæндынц, уый, фехъуыстон сын сæ хъæрзын æмæ æрцыдтæн се ссæрибар кæнынмæ. Уæдæ ацу, Æз дæ Мысырмæ æрвитын“.

35 „Дæу хицауæй æмæ тæрхонгæнæгæй чи сæвæрдта?“ — ахæм ныхæстимæ цы Моисейыл сæхи атигъ кодтой, уый Хуыцау арвыста хицауæй æмæ сæрибаргæнæгæй, сындзкъутæрæй йæм цы зæд раргом, уый фæрцы.

36 Уыцы Моисей адæмы ракодтаМысырæй; Мысыры, Сырхденджызы æмæ æдзæрæг бæстæйы дыууиссæдз азы дæргъы арæзта диссæгтæ æмæ æвдисæйнæгтæ.

37 Уыцы Моисей загъта Израилы адæмæн: „Хуыцау мæн куыд сæвæрдта, афтæ уын уе ’фсымæртæй иуы скæндзæни Пехуымпар“.

38 Уыцы Моисей уыди æдзæрæг бæстæйы, Израилы адæм кæм æрæмбырд сты, уым. Уыди, Синайы хохыл йемæ цы зæд дзырдта, уыимæ æмæ нæ фыдæлтимæ, æмæ райста цардæгас ныхæстæ, цæмæй сæ æрхæсса махмæ.

39 Фæлæ нæ фыдæлты нæ бафæндыди Моисейы коммæ кæсын, сæхи йыл атигъ кодтой æмæ бæллыдысты Мысырмæ аздæхынмæ.

40 Æмæ Ааронæн зæгътой: „Нæ разæй чи цæуа, ахæм хуыцæуттæ нын сараз, уымæн æмæ нæ Мысырæй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы æрцыд, уый нæ зонæм“.

41 Æмæ уæд сарæзтой сызгъæрин род, уыцы гуымирыйæн æрхастой нывонд æмæ, сæхи къухтæй кæй сарæзтой, уый кадæн скодтой бæрæгбон.

42 Хуыцау сæ Йе ’ргом аздæхта æмæ сæ ныууагъта, цæмæй кувой, арвыл цы ис, уыдонæн, пехуымпартæм куыд фыст у, афтæ: „Израилы адæм, æдзæрæг бæстæйы дыууиссæдз азы дæргъы фос Мæнæн æргæвстат æмæ нывондтæ Мæнæн хастат, æви?

43 Сымах уемæ хастат хуыцау Молохы цатыр æмæ уæ хуыцау Рефаны стъалы — кæмæн куват, уый тыххæй кæй сарæзтат, уыцы фæлгонцтæ. Уымæ гæсгæ уæ Æз ахæсдзынæн Вавилонæй дæр дарддæр“.

44 Нæ фыдæлтæм æдзæрæг бæстæйы уыди, Хуыцауы намыс кæм уыд, уыцы Цатыр. Хуыцау уый саразын бафæдзæхста Моисейæн, куыд саразгæ у, уый дæр ын равдыста.

45 Нæ фыдæлтæ йæ райстой æмæ йæ Нуны фырт Йесоимæ бахастой, нæ фыдæлты цурæй Хуыцау кæй фæсырдта, уыцы адæмы бæстæмæ. Æмæ уыди уым Давиды заманы онг.

46 Давид ссардта Хуыцауы хорзæх æмæ Дзы куырдта Иаковы Хуыцауæн хæдзар самал кæныны бар.

47 Хæдзар та Йын Соломон сарæзта.

48 Фæлæ Дунедарæг лæджыкъухæйконд хæдзæртты нæ цæры, пехуымпар куыд зæгъы, афтæ:

49 „Арв у Мæ бадæн, зæхх — Мæ къæхты æнцой. Сымах Мын цавæр хæдзар сараздзыстут, кæнæ цавæр бынат æрæнцойæн? — зæгъы Хицау. —

50 Æппæт уыдæттæ Мæхи къухæй не сфæлдыстон, æви?“

51 Хивæнд адæм! Сымахæн уæ буар сунæт у, уæ зæрдæтæ æмæ уæ хъустæ та сунæтгонд не сты. Сымах уæ фыдæлты хуызæн стут — кæддæриддæр Сыгъдæг Уды ныхмæ лæуут.

52 Уæ фыдæлтæ пехуымпартæй кæцыйы не ’фхæрдтой? Уыдон амардтой, Рæстгæнæджы æрцыды тыххæй рагагъоммæ чи загъта, уыцы лæгты. Сымах та ныр ацы Рæстгæнæгæн Йæхиуыл рацыдыстут гадзрахатæй æмæ Йæ амардтат.

53 Æгъдау райстат зæдты фæрцы, æмæ йæ нæ сæххæст кодтат».

Стефаны мæлæт

54 Уыдæттæ хъусгæйæ, синедрионы уæнгтæ мæстæй тъæппытæ хаудтой æмæ йæм сæ дæндæгты хъыс-хъыс цыдис.

55 Стефан та, Сыгъдæг Удæй хайджынæй, скаст уæларвмæ, федта Хуыцауы намыс æмæ Йесойы Хуыцауы рахиз фарс лæугæйæ,

56 Æмæ загъта: «Мæнæ уынын арвы дуар гомæй æмæ Адæймаджы Фырты Хуыцауы рахиз фарс лæугæ».

57 Уæд уыдон сæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодтой, æхгæдтой сæ хъустæ, стæй йыл æмхуызонæй сæхи ныццавтой.

58 Ракодтой йæ фæссахармæ æмæ йыл дурадзагъдæй ралæууыдысты. Æвдисæнтæ та сæ пæлæзтæ ныууагътой, йæ ном Савл кæмæн уыд, уыцы лæппуимæ.

59 Стефаныл цавтой дуртæ, уый та куывта: «Хицау Йесо, айс мын мæ уд».

60 Стæй æрхауд йæ зонгуытыл æмæ хъæрæй ныууынæргъыдта: «Хицау, ацы тæригъæд сын ныббар». Уыцы ныхæстимæ Стефан амард.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.