Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 5-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Анани æмæ Сапфирæ

1 Уæд иу лæг, йæ ном — Анани, йæ ус Сапфирæимæ ауæй кодтой сæ мулк.

2 Анани æхцатæй иуцасдæр ныууагъта йæхицæн, иннæты та æрхаста æмæ сæ радта апостолтæм. Кæй дзы басусæг кодта, уый зыдта йæ ус дæр.

3 Петр ын загъта: «Анани, хæйрæджы дæ зæрдæмæ цæмæн бауагътай — Сыгъдæг Удæн мæнг цæмæн загътай æмæ, дæ зæххæй цы æхцатæ райстай, уыдонæй цæмæн басусæг кодтай?

4 Мыййаг, дæ мулк дæхи нæ уыд, зæхх ауæй кæнынæй цы райстай, ууыл дæ бар нæ цыди? Цæмæн дæм фæзынд асайыны хъуыды? Ды асайдтай адæмы нæ, фæлæ Хуыцауы».

5 Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, Анани дзыхъмард фæци æмæ адæргъ и зæххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны бацыд стыр тас.

6 Бацыдысты лæппутæ, æрцæттæ йæ кодтой баныгæнынмæ, стæй йæ рахастой æмæ баныгæдтой.

7 Æртæ сахаты фæстæ æрхæццæ йæ ус дæр, ныр цы æрцыди, уый та нæ зыдта.

8 Петр æй бафарста: «Зæгъ-ма мын, ахæм аргъыл ауæй кодтат уæ зæхх?» Уый дзуапп радта: «О, ахæм аргъыл».

9 Петр ын загъта: «Цæмæн сфæнд кодтат Хицауы Уды ракъахын? Дæ мойы дын чи баныгæдта, уыдон мæнæ æрбахизынц дуарыл æмæ дæу дæр ахæсдзысты».

10 Сапфирæ æваст æрхауд Петры къæхты цурмæ æмæ йæ уд систа. Лæппутæ куы бацыдысты, уæд æй баййæфтой мардæй, рахастой йæ æмæ йæ баныгæдтой йæ мойы фарсмæ.

11 Æмæ стыр тас бацыд æгас аргъуаны, стæй уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны дæр.

Æвдисæйнæгтæ æмæ диссæгтæ

12 Апостолты фæрцы адæмæн æвдыст цыди бирæ æвдисæйнæгтæ æмæ диссæгтæ. Æппæт уырнджытæ-иу æмзæрдæйæ æрæмбырд сты Соломоны тыргъы.

13 Семæ баиумæ æддагазттæй йæ ныфс ничи хаста, фæлæ сын адæм кад кодтой.

14 Æмæ фылдæрæй-фылдæр кодтой Хицауыл æууæндджытæ — сæ нымæцыл æфтыд бирæ нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ.

15 Адæм сæ рынчынты хастой уынгтæм, æвæрдтой сæ хуыссæнтыл æмæ сынтытыл, искæуыл дзы сæ рæзты цæуæг Петры аууон уæд та куыд андзæва, афтæ.

16 Иерусалиммæ цыди бирæ адæм хæстæг сахартæй дæр. Уыдон-иу æркодтой рынчынты, стæй æнæзæгъинæгтæ кæй хъыгдардтой, ахæмты, æмæ-иу се ’ппæтдæр сдзæбæх сты.

Æфхæрынц апостолты

17 Алчер æмæ йемæ чидæриддæр уыд, уыдон (ома, саддукейты къорд) хæлæджы бын фесты.

18 Æрцахстой апостолты æмæ сæ баппæрстой сахары ахæстоны.

19 Фæлæ Хицауы зæд æхсæвы байгом кодта ахæстоны дуæрттæ, æддæмæ сæ рахуыдта æмæ загъта:

20 «Ацæут Кувæндонмæ æмæ адæмæн дзурут ацы ног царды æппæт дзырдтæ».

21 Уыдон æм байхъуыстой, сæумæйæ бацыдысты Кувæндонмæ æмæ ахуыр кодтой адæмы. Алчер йе ’мбæлццæттимæ куы æрбацыдис, уæд æрæмбырд кодтой синедрион, ома, Израилы адæмы æппæт хистæрты, æмæ арвыстой ахæстонмæ апостолты æрбакæнынмæ.

22 Кувæндон хъахъхъæнджытæ æрцыдысты ахæстонмæ, фæлæ апостолты уым не ссардтой. Уæд раздæхтысты æмæ загътой:

23 «Ахæстон баййæфтам, куыд æмбæлы, афтæ æхгæдæй, хъахъхъæнджытæ лæууыдысты дуæртты цур. Фæлæ дуæрттæ куы байгом кодтам, уæд дзы никæй ссардтам».

24 Кувæндон хъахъхъæнджыты хицау æмæ алчертæ уыцы ныхæстæ куы фехъуыстой, уæд фæджих сты — цы æрцыд, уымæн ницы æмбæрстой.

25 Фæлæ æрцыд иучидæр æмæ сын загъта: «Сымах ахæстоны кæй бакодтат, уыцы лæгтæ ныртæккæ сты Кувæндоны æмæ амонынц адæмæн».

26 Уæд хъахъхъæнджыты хицау йæ дæлбартимæ ацыд æмæ сæ æрбакодтой æнæ схуыстытæй, уымæн æмæ тарстысты, адæм сыл апостолты тыххæй дурадзагъдæй куы ралæууой, уымæй.

27 Æрбакодтой апостолты æмæ сæ æрлæууын кодтой синедрионы раз. Алчер сæ бафарста:

28 «Мах уын фидарæй нæ загътам, æви, уыцы Адæймаджы номыл адæмы мауал ахуыр кæнут, зæгъгæ? Сымах та Иерусалимы ахæлиу кодтат уæ ахуырад, æмæ уыцы Адæймаджы мæлæт махыл сæвæринаг стут».

29 Петр æмæ иннæ апостолтæ дзуапп радтой: «Адæмы коммæ нæ, фæлæ Хуыцауы коммæ хъуамæ кæсæм.

30 Нæ фыдæлты Хуыцау райгас кодта, хъæдыл Кæй æрцауыгътат1 æмæ амардтат, уыцы Йесойы.

31 Хуыцау Æй сбадын кодта Йæ рахиз фарс, скодта Йæ Фæтæг æмæ Ирвæзынгæнæг, цæмæй Израилæн рардæуа фæсмон æмæ йын ныббарстæуа йæ тæригъæдтæ.

32 Æппæт уыдæттæн æвдисæнтæ стæм мах, стæй Хуыцау Йæ коммæгæстæн кæй радта, уыцы Сыгъдæг Уд дæр».

33 Синедрионы чи уыди, уыдон уый куы фехъуыстой, уæд сæ маст рафыхт æмæ сæм уыд апостолты амарыны фæнд.

34 Фæлæ фарисейтæй иу, Гамалиил, динамонæг, адæмы æхсæн дзырддзæугæ лæг, сыстад æмæ радта цыбыр рæстæгмæ апостолты æддæмæ рарвитыны бардзырд.

35 Стæй синедрионы уæнгтæн загъта: «Израилæгтæ, хорз ахъуыды кæнут, ацы адæмимæ уын цы гæнгæ у, ууыл.

36 Æрæджы фæзынд Февдæ, йæхицæй цыдæр арæзта, æмæ йемæ баиу цыппарсæдæ адæймаджы бæрц. Фæлæ йæ амардæуыд, æмæ йæ фæдыл чи цыди, уыдон иууылдæр ныххæлиу сты — ууыл ахицæн хъуыддаг.

37 Уый фæстæ, адæмы сфысты рæстæг, фæзынди галилейаг Иудæ æмæ йæ фæдыл асайдта дзæвгар адæм. Фæлæ йæ амардтой, æмæ йæм чи хъуыста, уыдон ныххæлиу сты.

38 Ныр дæр, зæгъын уын, ма хъыгдарут ацы адæмы. Кæд сæ хъуыддаг адæймагæй аразгæ у, уæд дзы ницы рауайдзæн.

39 Кæд Хуыцауæй у, уæд та уæ бон нæ бауыдзæн сæ бауромын. Кæсут уæхимæ, цæмæй ма суат Хуыцауы ныхмæ тохгæнджытæ».

40 Иууылдæр бакастысты Гамалиилы коммæ, фæдзырдтой апостолтæм æмæ сæ фæнæмын кодтой. Уый фæстæ сын карз бафæдзæхстой Йесойы номыл нал дзурын, æмæ сæ рауагътой.

41 Апостолтæ рацыдысты синедрионæй æмæ цин кодтой, Йесойы номы сæраппонд ахæм æфхæрды аккаг кæй разындысты, ууыл.

42 Алы бон дæр Кувæвдоны æмæ хæдзари-хæдзар иудадзыг амыдтой адæмæн æмæ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы фарны уац.


1 5:30 Петр ам зæрдыл лæууын кæны бынат Рагон Фæдзæхстæй (Дык. Æгъд. 21:23): «Хъæдыл кæйдæриддæр æрцауыгътой, уый æлгъысту» (кæс ноджыдæр Гал. 3:13).

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.