Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 25-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Павел æмæ Фест

1 Фест бæстæйы хицауы бынат куы бацахста, уæд æртæ боны фæстæ Кесарийæ ацыд Иерусалиммæ.

2 Иерусалимы йæм Павелыл хъаст кодтой алчертæ æмæ иудейаг хицæуттæ.

3 Хатыдысты йæм, цæмæй сын ахæм хорзæх ракæна, æмæ Павелы арвита Иерусалиммæ; сæхæдæг та баныхас кодтой фæндагыл Павелы амарыныл.

4 Фæлæ сын Фест дзуапп радта: «Павел Кесарийы ахæстоны ис, стæй рæхджы мæхæдæг дæр уырдæм ацæудзынæн.

5 Æмæ уæ кæй бон у, уыдон рацæуæнт мемæ, æмæ кæд уыцы лæг æвзæрæй исты ракодта, уæд-иу æй базылын кæнæнт».

6 Фест сæм баззад аст-дæс боны, æмæ æрбаздæхт Кесаримæ. Дыккаг бон æрбадти тæрхонгæнæджы бынаты æмæ радта Павелы æрбакæныны бардзырд.

7 Павел куы æрбацыди, уæд Иерусалимæй æрцæуæг иудейтæ æрлæууыдысты йæ алыварс, йæ ныхмæ йын æвæрдтой бирæ уæззау фыдракæндтæ, фæлæ сæм æвдисæйнæгтæ нæ уыд.

8 Павел йæхи раст кæнынæн загъта: «Æз иу тæригъæд дæр нæ ракодтон нæдæр иудейаг Æгъдауы ныхмæ, нæдæр Кувæндоны ныхмæ, нæдæр кесæры ныхмæ».

9 Фесты фæндыд иудейты зæрдæ балхæнын, æмæ Павелы бафарста: «Фæнды дæ Иерусалиммæ ацæуын, цæмæй дæ ныхмæ цы æвæрынц, уыдæтты тыххæй дын уым рахæссон тæрхон?»

10 Павел загъта: «Æз кесæры тæрхоны раз лæууын, æмæ мын ам хъуамæ тæрхон кæной. Ды дæр хорз зоныс: æз иудейты хъыджы ницæмæй бацыдтæн.

11 Кæд æз ахæмæй исты ракодтон, æмæ амарыны аккаг дæн, уæд цæттæ дæн мæлæтмæ. Фæлæ мæ ныхмæ цы æвæрынц, кæд æппæт уыдæттæ æрымысгæ сты, уæд мæн сæ къухмæ раттын никæй бон у. Æз домын кесæры тæрхон».

12 Уæд Фест аныхас кодта йæ æххуысгæнджытимæ æмæ дзуапп радта: «Ды æрдомдтай кесæры тæрхон, æмæ ацæудзынæ кесæрмæ».

Павел æмæ Агриппа

13 Цалдæр боны фæстæ паддзах Агриппа æмæ Вереникæ Фестæн æгасцуай зæгъынмæ æрцыдысты Кесаримæ.

14 Уым фесты дзæвгар рæстæг. Фест паддзахæн радзырдта Павелы хъуыддаджы тыххæй æмæ йын загъта: «Ам ис, Феликс ахæстоны кæй ныууагъта, ахæм адæймаг.

15 Æз Иерусалимы куы уыдтæн, уæд ыл хъаст кодтой алчертæ æмæ иудейты хистæртæ — куырдтой тæрхон ын рахæссын.

16 Æз сын дзуапп радтон, зæгъгæ, зылынгонд чи цæуы, уыцы адæймаг цалынмæ йæ зылынгæнджытимæ лæгæй-лæгмæ фембæла æмæ йын йæхи раст кæныны фадат уа, уæдмæ ромаг æгъдау бафхæрынмæ никæй дæтты.

17 Уыдон æрцыдысты ардæм, æмæ æз æвæстиатæй дыккаг бон æрбадтæн тæрхонгæнæджы бынаты æмæ радтон уыцы лæджы æрбакæныны бардзырд.

18 Зылынгæнджытæ сыстадысты йæ ныхмæ, æмæ æз æнхъæл цы фыдракæндтæй уыдтæн, уыдонæй йæ иуæй дæр нæ базылын кодтой.

19 Фæлæ сын йемæ уыди цæйдæр быцæутæ сæ дины æмæ, Чи амард, уыцы цавæрдæр Йесойы тыххæй — Павел дзырдта, удæгас у, зæгъгæ.

20 Ахæм фарстатæ куыд лыггæнгæ сты, уый кæй не ’мбæрстон, уымæ гæсгæ Павелы бафарстон, нæ йæ фæнды, мыййаг, Иерусалиммæ ацæуын æмæ уым тæрхоны раз æрлæууын?

21 Фæлæ Павел æрдомдта, цæмæй йæ ныууадзой ахæстоны, цалынмæ кесæр уынаффæ рахæсса, уæдмæ. Уæд æз радтон, цалынмæ йæ кесæрмæ арвитон, уæдмæ йæ ахæстоны дарыны бардзырд».

22 Агриппа загъта Фестæн: «Фæнды мæ уыцы адæймагмæ байхъусын». Фест дзуапп радта: «Тæккæ райсом æм байхъусдзынæ».

23 Дыккаг бон, хъæздыг арæзтæй æмæ сæрбæрзондæй, æрцыдысты Агриппа æмæ Вереникæ; æфсæддон хицæуттимæ æмæ сахары уæздæттимæ бацыдысты æмбырды уатмæ. Фесты бардзырдмæ гæсгæ æрбакодтой Павелы.

24 Фест загъта: «Паддзах Агриппа æмæ ам немæ чи ис, уыцы хорз адæм! Сымах уынут, Иерусалимы дæр æмæ ам дæр иудейтæ иууылдæр мæнмæ сæ хъаст кæуыл хастой æмæ йын удæгасæй ныууадзæн нæй, зæгъгæ, кæй тыххæй хъæр кодтой, уыцы лæджы.

25 Фæлæ куыд федтон, афтæмæй йæ цæй тыххæй амардæуа, ахæмæй ницы сарæзта. Гъе æрмæст йæхæдæг кесæры тæрхон кæй æрдомдта, уымæ гæсгæ йæ сфæнд кодтон уымæ арвитын.

26 Кесæрмæ ацы лæджы тыххæй бæлвырдæй цы ныффыссон, ахæмæй мæм ницы ис. Æмæ йæ уымæ гæсгæ æрлæууын кодтон уæ разы, уæлдайдæр та дæ разы, паддзах Агриппа, цæмæй хъуыддагмæ æркæсыны фæстæ зонон, цы ныффыссын хъæуы, уый.

27 Уымæн æмæ, ахст адæймаг зылынгонд цæмæй цæуы, уый ма бавдис, афтæмæй йæ арвит, уый æз æнæсæрфатыл нымайын».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.