Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 24-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Зылын кæнынц Павелы

1 Фондз боны фæстæ алчер Анани æрцыд адæмы хистæртимæ, стæй тæрхоны дæсны Тертуллимæ. Уыдон бæстæйы хицаумæ бахастой сæ хъаст Павелыл.

2 Павелы куы бакодтой, уæд æй Тертулл райдыдта зылын кæнын:

3 «Дæ фæрцы нæ бæстæ у æнцад; царды æппæт къабæзты алы ран дæр дæ арæхстджын разамындæй цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдон сты ацы адæмы хорзæхæн. Уыдæтты тыххæй бузныг стæм дæуæй, кадджын Феликс.

4 Фæлæ дæ цæмæй ма фæлмæцын кæнон, уый тыххæй дæ курын: дæ хорзæхæй, иучысыл нæм байхъус.

5 Мах куыд базыдтам, афтæмæй ацы лæг у рын, æппæт дунейы иудейты змæнтæг æмæ назаретаг мæнгдины фæтæг.

6 Суанг архайдта Кувæндон фæчъизи кæныныл, æмæ йæ мах æрцахстам. [Нæ зæрды уыди нæхи Æгъдаумæ гæсгæ йын тæрхон кæнын;

7 Фæлæ æрцыд æфсæддон хицау Лисий, лæгдыхæй нын æй байста нæ къухтæй,

8 Æмæ йæ зылын чи кодта, уыдонæн бафæдзæхстадæумæ фæцæуын.] Ацы лæджы хъуыддаг дæхæдæг куы равзарай, уæд ын йæхицæй фехъусдзынæ, мах æй цæмæй зылын кæнæм, æппæт уыдæттæ».

9 Иудейтæ разы уыдысты Тертуллы ныхæстимæ, æмæ дзырдтой, æппæт дæр афтæ уыди, зæгъгæ.

Павел раст кæны йæхи

10 Бæстæйы хицау æм куы ацамыдта, уæд Павел загъта: «Æз зонын, ды ацы адæмæн бирæ азты дæргъы тæрхонгæнæг кæй дæ, уый, æмæ райгондæй раст кæндзынæн мæхи.

11 Дæ бон у базонын, æз Иерусалиммæ бакувынмæ куы æрцыдтæн, ууыл кæй нæ рацыди дыууадæс бонæй фылдæр.

12 Нæдæр Кувæвдоны, нæдæр синагогæты, нæдæр сахары æвдæр ран мæн нæ фендæуыд искæимæ быцæугæнгæ кæнæ адæмы змæнтгæйæ.

13 Æмæ ныр мæн цæмæй зылын кæнынц, уый тыххæй дæумæ цы бавдисой, уый сæм нæй.

14 Фæлæ дæуæн сæттын ууыл, æмæ уыдон мæнгдин кæй хонынц, уыцы ахуырадмæ гæсгæ кусын нæ фыдæлты Хуыцауæн; æууæндын, Æгъдаумæ гæсгæ цы у æмæ пехуымпартæм цы фыст ис, æппæт уыдæттыл.

15 Мæ зылынгæнджытæ сæхæдæг сæ зæрдæ куыд дарынц, афтæ æз дæр мæ зæрдæ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рæстытæ дæр æмæ тæригъæдджынтæ дæр.

16 Уымæ гæсгæ æз архайын Хуыцауы æмæ адæмы раз кæддæриддæр сыгъдæг цæсгомимæ цæрыныл.

17 Æз Иерусалиммæ æрбаздæхтæн бирæ азты фæстæ мæ адæмы мæгуыртæн баххуыс кæныны æмæ нывондтæ æрхæссыны сæраппонд.

18 Æгъдаумæ гæсгæ мæхи куы ссыгъдæг кодтон, уæд мæ баййæфтой Кувæндоны; нæдæр дзы бирæ адæм уыди, нæдæр змæст.

19 Фæлæ дзы уыдысты цавæрдæр асиаг иудейтæ; мæ ныхмæ сæм исты куы уыдаид, уæд дæ разы хъуамæ лæууиккой æмæ мæн зылын кæниккой.

20 Кæнæ ам чи ис, уыдон зæгъæнт, синедрионы раз куы лæууыдтæн, уæд мæм цы азым ссардтой, уый.

21 Æрмæст иу фыдракæнд сарæзтон — сæ разы куы лæууыдтæн, уæд хъæлæсыдзагæй загътон: „Абон мын тæрхон кæнут, мæрдты райгасыл мæ зæрдæ кæй дарын, уый тыххæй“».

22 Феликс бæстон зыдта Хицауы фæндаджы тыххæй, æмæ хъуыддаг аргъæвта фæстæдæрмæ: «Æфсæддон хицау Лисий куы æрцæуа, уæд уын æркæсдзынæн уæ хъуыддагмæ».

23 Феликс сæдæйыхицауæн радта Павелы хъахъхъæныны бардзырд, фæлæ дам ын хъуамæ иуцасдæр фезмæлæн дæр уа, йæ хæлæрттæ йын куы лæггад кæной, уæд сæ хъыгдарæг куыд нæ уа, афтæ.

24 Цалдæр боны фæстæ Феликс æрцыд йæ ус Друзиллæимæ (уыди дзуттаг). Феликс арвыста Павелы æрбакæнынмæ, æмæ хъуыста, Павел Йесо Чырыстийыл æууæндыны тыххæй цы дзырдта, уымæ.

25 Павел рæстæй цæрыны, хиуыл хæцыны æмæ фидæны тæрхоны тыххæй куы дзырдта, уæд Феликсы бацыди тас æмæ загъта: «Ныр ацу, рæстæг мын куы фæуа, уæд та дæм фæдзурдзынæн».

26 Уыимæ ма Феликс йæ зæрдæ дардта, Павел ын ратдзæн æхца, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ-иу арæх арвыста йе ’рбакæнынмæ, æмæ-иу ныхас кодта йемæ.

27 Фæлæ дыууæ азы фæстæ Феликсы раивта Порций Фест. Иудейты зæрдæ балхæныны тыххæй Феликс Павелы ныууагъта ахæстоны.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.