Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. 21-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Балц Иерусалиммæ

1 Уыдонæй куы фæхицæн стæм, уæд ацыдыстæм науы æмæ æмрастæй бахæццæ стæм Космæ, дыккаг бон та — Родосмæ, уырдыгæй — Патарæмæ.

2 Уым ссардтам, Финикимæ чи цыдис, уыцы нау, сбадтыстæм дзы æмæ ацыдыстæм.

3 Баввахс стæм Кипрмæ æмæ йæ фæуагътам галиуырдыгæй. Нæ ных сарæзтам Сиримæ, æмæ бацыдыстæм Тирмæ. Ам хъуамæ равдæлон кодтаиккой нау.

4 Ам ссардтам ахуыргæнинæгты æмæ дзы баззадыстæм авд боны. Уыдон, Сыгъдæг Удæй разæнгардæй, дзырдтой Павелæн, цæмæй Иерусалиммæ ма ацæуа.

5 Фæлæ афон куы ралæууыд, уæд мах араст стæм дарддæр. Ахуыргæнинæгтæ се ’ппæт дæр æд устытæ æмæ æд сывæллæттæ рацыдысты немæ фæссахармæ. Денджызы былгæрон æрзоныг стæм æмæ бакуывтам.

6 Кæрæдзийæн хæрзбон зæгъыны фæстæ мах сбадтыстæм науы, уыдон та аздæхтысты сæхимæ.

7 Тирæй æрхæццæ стæм Птолемаидæмæ. Уым фембæлдыстæм æфсымæртимæ æмæ сæм фестæм иу бон.

8 Дыккаг бон араст стæм Кесаримæ. Уым бацыдыстæм, аргъуан цы авд лæджы сæвзæрста, уыдонæй иумæ — фарны уац хъусынгæнæг Филиппы хæдзармæ, æмæ уымæ баззадыстæм.

9 Филиппæн уыди, пехуымпариуæгчи кодта, ахæм цыппар æнæцыд чызджы.

10 Дзæвгар сæм куы фестæм, уæд Иудейæйæ æрцыд иу пехуымпар, йæ ном — Агав.

11 Агав нæм бацыд, райста Павелы рон, сбаста дзы йæ къухтæ, йæ къæхтæ æмæ загъта: «Афтæ зæгъы Сыгъдæг Уд: ацы рон кæй у, уыцы лæджы иудейтæ Иерусалимы мæнæ афтæ сбæтдзысты æмæ йæ ратдзысты муртатты къухтæм».

12 Уый куы фехъуыстам, уæд уым чи уыди, уыдонимæ лæгъстæ кæнын райдыдтам Павелæн, Иерусалиммæ ма ацу, зæгъгæ.

13 Фæлæ Павел дзуапп радта: «Уый цытæ кæнут? Уæ кæуынæй мын мæ зæрдæ цы марут? Æз цæттæ дæн æрмæст ахæстоны сбадынмæ нæ, фæлæ Хицау Йесойы номы сæраппонд Иерусалимы амæлынмæ дæр».

14 Куы нæ йæ басастам, уæд банцадыстæм æмæ загътам: «Хицауы куыд фæнды, афтæ фæуæд!»

15 Уый фæстæ нæхи срæвдз кодтам æмæ араст стæм Иерусалиммæ.

16 Немæ ма рацыдысты кесариаг ахуыргæнинæгтæ цалдæрæй. Уыдон нæ æркодтой зæронддæр ахуыргæнинæгтæй иумæ — кипраг Мнасонмæ, уымæ æрфысым кæнынмæ.

Иаковы уынаффæ Павелæн

17 Иерусалиммæ куы бахæццæ стæм, уæд ныл æфсымæртæ сæмбæлдысты æхсызгонæй.

18 Павел дыккаг бон немæ ацыд Иаковмæ; æрæмбырд сты аргъуаны æппæт хистæртæ дæр.

19 Павел сын салам радта æмæ бæлвырд радзырдта, йæ куысты руаджы Хуыцау муртатты æхсæн цы сарæзта, уый тыххæй.

20 Уыдон æм байхъуыстой, арфæ ракодтой Хуыцауæн æмæ Павелæн загътой: «Æфсымæр, уыныс, цал мин иудейы баууæндыд! Æмæ се ’ппæт дæр æнувыд сты Моисейы Æгъдауыл.

21 Дæу тыххæй сын радзырдтой, зæгъгæ, муртатты æхсæн æппæт цæрæг иудейты ды ахуыр кæныс Моисейы Æгъдау ныууадзыныл, сæ сывæллæттæн сунæт нæ кæныныл æмæ не ’гъдæуттæм гæсгæ нæ цæрыныл.

22 Ныр цы чындæуа? Адæм æнæмæнг [æрæмбырд уыдзысты, уымæн æмæ] фехъусдзысты де ’рцыды тыххæй.

23 Уæдæ байхъус нæ зондмæ. Не ’хсæн ис, Хуыцауæн дзырд чи радта, ахæм цыппар лæджы.

24 Акæн сæ æмæ дæхи ссыгъдæг кæн семæ, сæ хæрдзтæ сын райс дæхимæ. Уыдон адасдзысты сæ сæртæ, æмæ иууылдæр фендзысты, дæу тыххæй цы фехъуыстой, уый раст кæй нæу, ды дæхæдæг дæр Æгъдаумæ гæсгæ кæй цæрыс.

25 Муртаттæй Хицауыл чи баууæндыд, уыдоны тыххæй та рахастам уынаффæ æмæ сæм ныффыстам, мæнгхуыцæуттæн хаст нывондтæ, туг æмæ хæдмæл хæрынæй, стæй хæтынæй сæхи куыд бахизой».

26 Уæд Павел ахуыдта уыцы лæгты æмæ дыккаг бон семæ ссыгъдæг кодта йæхи. Уый фæстæ бацыди Кувæндонмæ æмæ фехъусын кодта, сыгъдæг кæныны бонтæ кæд фæуыдзысты æмæ уыдонæй алкæйы тыххæй дæр нывондтæ кæд æрхастæуыдзæн, уый тыххæй.

Павелы æрцахстой

27 Уыцы авд боны куы фæуд кодтой, уæд асиаг иудейтæ Павелы федтой Кувæндоны, сардыдтой йыл æппæт адæмы æмæ йæ æрцахстой.

28 Хъæр систой: «Израилæгтæ, баххуыс кæнут! Ацы адæймаг алкæй дæр æмæ алы ран дæр ахуыр кæны нæ адæмы, Æгъдауы æмæ ацы бынаты ныхмæ. Суанг ма муртатты дæр бахуыдта Кувæндонмæ æмæ фæчъизи кодта ацы сыгъдæг бынат».

29 Уымæн æмæ уымæй размæ Павелимæ сахары федтой эфесаг Трофимы, æмæ æнхъæлдтой, Павел æй Кувæндонмæ бахуыдта, зæгъгæ.

30 Æппæт сахар дæр базмæлыд, æрæмбырд бирæ адæм. Æрцахстой Павелы, лæгдыхæй йæ ракодтой Кувæндонæй æмæ уайтæккæ сæхгæдтой дуæрттæ.

31 Хъавыдысты йæ амарынмæ, фæлæ æфсæддон хицаумæ бахæццæ, æппæт Иерусалим кæй базмæлыд, уыцы хабар.

32 Уый æфсæддонтамæ, сæдæйыхицæутгимæ æвæстаатæй атындзыдта адæммæ. Уыдон æфсæддонты сæ хицауимæ куы федтой, уæд Павелы нал надтой.

33 Æфсæддон хицау бацыди Павелмæ, æрцахста йæ, радта дыууæ рæхысæй йæ сбæттыны бардзырд æмæ бафарста: «Чи у æмæ цы сарæзта?»

34 Адæмæй иутæ иу хъæр кодтой, иннæтæ та — иннæ. Æфсæддон хицауæн змæсты тыххæй йæ бон бæлвырдæй базонын кæй ницы уыди, уымæ гæсгæ радта Павелы фидармæ акæныны бардзырд.

35 Павел асинмæ куы бахæццæ, уæд æфсæддонтæн фæци хæссинаг, уымæн æмæ йæм адæм лæбурдтой.

36 Йæ фæдыл цыди бирæ адæм хъæргæнгæ: «Маринаг у!»

37 Фидармæ бацæуæны цур Павел æфсæддон хицауæн загъта: «Цыдæр зæгъыны бар мын дæттыс?» Уый дзуапп радта: «Ды бердзенагау зоныс?

38 Æрæджы чи сызмæста æмæ æдзæрæг бæстæмæ цыппар мин сикарийы1 чи акодта, ды уыцы мысыраг нæ дæ?»

39 Павел дзуапп радта: «Æз иудей дæн, киликиаг зывдгонд сахар Тарсы гражданин. Курын дæ, ратт мын адæмимæ ныхас кæныны бар».

40 Бар ын куы радта, уæд Павел, асиныл лæугæйæ, адæмæн йæ къухæй бацамыдта, æмæ куы æрсабыр сты, уæд райдыдта дзурын дзуттагау:


1 21:38 Сикарийтæ — ромæгты, стæй ромæгтимæ æмдзæхдон дзуттæгты ныхмæ тохгæнæг дзутгаг фыркарз националисттæ. Се знæгты арæх мардтой хъамайæ (латинагау «сика») — сæ ном дæр ардыгæй рацыд.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.