Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостолты хъуыддæгтæ. Дыккаг сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Сыгъдæг Уды æрцыд

1 Хорысæры бæрæгбон куы ралæууыд, уæд се ’ппæт дæр уыдысты иумæ.

2 Æмæ æвиппайды, цыма тыхджын дымгæ сыстад, уыйау арвæй æрцыд уынæр, æмæ уынæрæй байдзаг, кæм уыдысты, уыцы хæдзар.

3 Æмæ сæм фæзынди арты æвзæгты хуызæн æвзæгтæ; уыцы æвзæгтæ фæхицæн сты кæрæдзийæ, æмæ дзы алкæуыл дæр æрæнцад иу.

4 Уæд се ’ппæт дæр схайджын сты Сыгъдæг Удæй æмæ райдыдтой дзурын æндæр æвзæгтыл, Уд сæ куыд арæзта, афтæ.

5 Уыцы рæстæг Иерусалимы уыдысты, дунейы алы адæмты æхсæн чи цард, уыцы дингæнæг иудейтæ.

6 Уынæр куы райхъуыст, уæд бирæтæ æрæмбырд сты æмæ хорзау нал фесты: дзурджыты алчидæр хъуыста йæхи æвзагыл дзургæ.

7 Уый сæ бафтыдта дисы æмæ дзырдтой: «Чи дзуры, уыдон иууылдæр галилейæгтæ не сты, æви?

8 Махæй сæ алчвдæр йæ мадæлон æвзагыл дзургæ куыд хъусы?

9 Мах — парфиæгтæ, мвдиæгтæ æмæ эламæгтæ, Месопотамийы, Иудейæйы æмæ Каппадокийы, Понт æмæ Асийы,

10 Фриги æмæ Памфилийы, Мысыры æмæ, Киринимæ хæстæг чи у, Ливийы уыцы бынæтты цæрджытæ, Ромæй æрцæуджытæ, иудейтæ æмæ Хуыцауыл баууæндæг муртаттæ,

11 Критæгтæ æмæ аравиæгтæ — неппæт дæр сæ хъусæм Хуыцауы стыр хъуыддæгты тыххæй нæхи æвзæгтыл дзургæ».

12 Цытæ цæуы, уый не ’мбаргæйæ се ’ппæт дæр кæрæдзийæн дисгæнгæ дзырдтой: «Ай цы уа?»

13 Иннæтæ та сыл худтысты: «Адджын сæнæй сæхимæ æгæр фæкастысты».

Петры ныхас

14 Уæд Петр слæууыд иуæндæс апостолимæ æмæ райдыдта адæмæн хъæрæй дзурын: «Иудейаг лæгтæ æмæ Иерусалимы æппæт цæрджытæ! Лæмбынæг байхъусут мæ ныхæстæм æмæ уын зындгонд уæд:

15 Сымах куыд æнхъæл стут, хъуыддаг афтæ нæу: адон расыг не сты — ныр боны æртыккæгæм сахат1 у.

16 Фæлæ сæххæст, Иоил-пехуымпар рагагъоммæ цы загъта, уый:

17 „Æмæ рæстæджы кæрон, зæгъы Хуыцау, Мæ Удæй бахай кæндзынæн алы адæймагæн дæр. Пехуымпариуæг кæндзысты уæ фырттæ æмæ уæ чызджытæ; уæ лæппугæ уывдзысты, цы сын раргом кæнон, уыдæттæ; уæ зæрæдтæ та уындзысты Мæнæй лæвæрд фынтæ.

18 Уыцы бонты Мæ нæлгоймаг æмæ сылгоймаг цагъартæн бахай кæндзынæн Мæ Удæй, æмæ кæндзысты пехуымпариуæг.

19 Равдисдзынæн диссæгтæ уæлейæ, арвыл, æмæ æвдисæйнæггæ бынæй, зæххыл: туг, арт æмæ фæздæджы къуыбылæйттæ.

20 Хур баталынг уыдзæн, æмæ мæй фестдзæн туджы хуызæн, цалынмæ Хицауы стыр æмæ намысджын бон ралæууа, уæдмæ.

21 Æмæ уыдзæн афтæ: Хицауы ном чидæриддæр ссара, уый фервæздзæн“.

22 Израилæгтæ, байхъусут ацы ныхæстæм: Назаретаг Йесойы уын Хуыцау равдыста стыр хъуыддæгтæй, диссæгтæй æмæ æвдисæйнæгтæй. Æппæт уыдæттæ уыцы Лæджы фæрцы Хуыцау скодта уе ’хсæн, уæхæдæг куыд зонут, афтæ.

23 Хуыцау рагацау куыд бауынаффæ æмæ снысан кодта, афтæ Йесо лæвæрд æрцыд сымахмæ, æмæ Йæ муртатты къухтæй бахуыдтат дзуармæ æмæ Йæ амардтат.

24 Фæлæ Хуыцау арæдывта мæлæты рæхыс æмæ Йæ райгас кодта, уымæн æмæ адзалы бон Йæ бауромын нæ уыд.

25 Давид Йесойы тыххæй афтæ зæгъы: „Хицау кæддæриддæр мæ цæстыты раз уыд; мæ рахиз фарс ис, цæмæй æз ма фæцудон.

26 Уымæ гæсгæ райы мæ зæрдæ, ме ’взагыл бадынц цины ныхæстæ; суанг мæ буар дæр зæрдæдаргæйæ æрæнцайдзæн,

27 Уымæн æмæ мын Ды мæ уды нæ ныууадздзынæ мæрдтыбæстæйы, Дæ сыгъдæджы нæ бамбийын кæндзынæ ингæны.

28 Ды мын бацамыдтай фæндаг цардмæ; уыдзынæн Демæ, æмæ мын мæ зæрдæ бафсаддзынæ цинæй“.

29 Ме ’фсымæртæ, мæ ныфс хæссын сымахæн нæ рагфыдæл Давиды тыххæй зæгъынмæ: уый амард, æрцыди ныгæд æмæ йæ зæппадз абон дæр махмæ ис.

30 Давид пехуымпар уыд æмæ зыдта: Хуыцау ын расомы кодта, йæ паддзахад ын йæ байзæддæгтæй иуæн кæй ратдзæн, уый тыххæй.

31 Давид уыдта фидæн, æмæ загъта Чырыстийы райгасы тыххæй, зæгъгæ, Йæ нæ ныууагъдæуыд мæрдтыбæстæйы æмæ Йæ буар нæ бамбыд.

32 Уыцы Йесойы Хуыцау райгас кодта, æмæ уымæн мах неппæт дæр стæм æвдисæнтæ.

33 Йесойы систæуыд Хуыцауы рахиз фарсмæ, æмæ Йæ Фыдæй райста, зæрдæ Йын Кæмæй бавæрдæуыд, уыцы Сыгъдæг Уды, æмæ дзы схайджын кодта адæмы, сымах ныртæккæ куыд уынут æмæ хъусут, афтæ.

34 Уымæн æмæ Давид уæларвмæ не ссыди, фæлæ зæгъы: „Хуыцау загъта мæ Хицауæн: сбад Мæ рахиз фарс,

35 Цалынмæ Дын Де знæгты Дæ къæхты бын æрæвæрон, уæдмæ“.

36 Уæдæ æппæт израилаг адæм фидарæй зонæнт: сымах Кæй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Хицау æмæ Чырысти».

Фыццаг аргъуан

37 Адæм уый куы фехъуыстой, уæд зæрдæдзæф фесты, æмæ фарстой Петры æмæ иннæ апостолты: «Цы гæнгæ нын у, не ’фсымæртæ?»

38 Петр сын дзуапп радта: «Æрфæсмон кæнут, æмæ уæ алчидæр Йесо Чырыстийы номыл райсæд аргъуыд, цæмæй уын хатыргонд уой уæ тæригъæдтæ; æмæ райсдзыстут лæвар — схайджын уыдзыстут Сыгъдæг Удæй.

39 Уымæн æмæ Хуыцау зæрдæ бавæрдта сымахæн æмæ уæ сывæллæттæн, стæй дард чи у, уыдонæн — нæ Хицау Хуыцау кæй æрхондзæн, æппæт уыцы адæмæн».

40 Петр сын дзырдта бирæ æндæр ныхæстæ æмæ сæм свдти: «Уæхи бахизут ацы хæлд фæлтæримæ фесæфынæй».

41 Æмæ йын йæ ныхасыл чи баууæндыд, уыдоныл саргъуыдæуыд, æмæ уыцы бон уырнджытыл бафтыд æртæ мин адæймаджы бæрц.

Уырнджыты цард

42 Уыдон æнувыдæй хæцыдысты апостолты ахуырадыл, æмудæмвæндæй арæзтой дзулсаст æмæ куывтой.

43 Апостолты фæрцы-иу сарæзтæуыд бирæ диссæгтæ æмæ æвдисæйнæгтæ, æмæ алы адæймаг дæр тарсти Хуыцауæй.

44 Уырнджытæ се ’ппæт дæр уыдысты æмуд-æмвæнд, сæ исбон дæр иумæйаг уыд.

45 Уæй кодтой сæ мулк æмæ æхца уæрстой æппæтыл дæр, чи цас хъуаг æййæфта, уымæ гæсгæ.

46 Алы бон дæр-иу æмзæрдæйæ æрæмбырд сты Кувæндоны; хæдзари-хæдзар та арæзтой дзулсаст æмæ сæ хойраг хордтой хъæлдзæгæй æмæ сыгъдæг зæрдæйæ.

47 Кад кодтой Хуыцауæн æмæ æппæт адæмæн уыдысты уарзон; Хицау та сын сæ нымæцыл æрвылбон æфтыдта, кæй ирвæзын кодта, уыдоны.


1 2:15 Сахæттæ амынд сты рагон нымадæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.