Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Гутиев К. Ц. Осетинские пословицы и поговорки. 1976.

Ирон æмбисæндтæ

Ирон æмбисæндтæ. Æрæмбырд сæ кодта ’мæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъ. Орджоникидзе, «Ир», 1976.

УАРЗТ ÆМÆ ФЫДÆХ

Уарзондзинад, æргуыбыр кæн æмæ йæ сис, уымæй нæу.

Йæ хæрдыл дæр ын не ’ууæндыд æмæ йæ нозтыл дæр — афтæ буц æй дардта.

Йæ комы комдзæгтæй йæ фæхаста.

Æрхъæцмæ йыл нæ хъæцы.

Йæ цард ын æнæ уый ад нæ кæны.

Алчи йæхи хуызæны уарзы.

Мæ риуы йæ ’гънæгæн бахуыдтон.

Мæ хъуыры йæ ’гънæгæн дарын.

Мæ былы цъæрттæ хæрын йæ фенынмæ.

Зулдзыхæй дæр æм никуы сдзырдтон.

Цæсты зулæй дæр æм нæ бакаст.

Тæхуды, цæрынæй бафсæд демæ!

Мæ уд дзы баззад.

Уый уымæн йæ уд, йæ дзæцц у.

Мæ рахиз цæст!

Мæ зæрдæ!

Мæ зæрдæйы уидаг.

Мæ зæрдæнцой.

Мæ зæрдæйы лæууæн.

Мæ удыгага.

Мæ удæнцой.

Мæ хур акæнай!

Мæ хур!

Мæ хуры хай.

Мæ хуры цæст.

Мæ къона!

Мæ бæдул!

Урс уæрыкк дын уон!

Дæ сæрыл хаст фæуон!

Дæ нывонд фон!

Дæ уды фæхъхъау фæуон!

Мæ уд дæр ма дæ фæхъхъау!

Дæ рынтæ мæ гуыбыны ацæуæнт!

Дæ рынтæ дын ахæрон!

Мæ фæрстæ дын фехæлой!

Цард дын фестон!

Галиу къух зæрдæмæ хæстæгдæр у.

Балтæ ’мæ дам хъæдындзтæ.

Батæ ’мæ дам хъæбыстæ. (Зарæджы ныхæстæй).

Царв æмæ мыдау фидауынц.

Сой æмæ мыдау фидауынц.

Сойæнгом æмæ мыдæвзагæй фæцæр! *

Лæджы цард чи нæ уарзы, уый зын базонæн у.

Де ’нæуарзæджы цæмæй базонай, уый, тыххæй йын йæ хуыммæ дæ куыдзы бауадз.

Дæу чи нæ уарзы, уый дын дæ рынтæ бахæрæд!

Хур дæр алкæмæн адджын нæу.

Хъулон уарзт.

Мæ уды монды ма бацу.

Мæ зæрдæ дзы фæцъæх.

Мæ зæрдæйыл æхсынцъыйы нæмыгау лæууы.

Уалдзæг адæджы иумæ чи фæцыд æмæ фæззæг хъиуыл йæхи чи скъуырдта, уый æмбисонд дыл æрцæуæд!

Саг йæ родæй куыд фæлидза, уый лыгъд мæ фæкодта.

Не ’мгæрæтты дæр нал цæуы.

Цæсты зул — зæрды зул.

Зул цæстæй чи кæсы, уый, зон æмæ, зулзæрдæ дары.

Зулцæстæйгæсæг зул зæрдæ дары.

Кæй нæ уарзай, уымæн йæ хæрын — цъæм-цъæм, йæ цæуын — сæпп-сæпп.

Чи дæ нæ уарза, уымæн дæ фосы конд дæр хъыг у.

Ды мæн куыд уарзыс, хуыцау дæр дæ афтæ бауарзæд!:

Уый адæмæн — сих, мæнæн та — их.

Рувасау мæ мæ царммæ сурут.

Мæ цармы бабырыд.

Мæ цармы дæ батыхтæуæд!

Уый мæнæн бирæ хъыцъыдæттæ бадардта.

Уисгæрдæгау хæты æдзух мæ фæдыл.

Хомæй мæ бахæрдзæн.

Дæ марæгон, ыстæй дæ хисты фыдуарæгон.

Куыдз æмæ лæдзæджы цардæй цæрынц.

Уый уымæн йæ цæсты сындз у.

Адæм æй сæ сындз, сæ бындз ыскодтой.

Ме сæфты хай дзы федтон.

Мæ удхæссæг дзы федтон.

Мæ мæрдты удхæссæг дзы федтон.

Уæнгæлы фæллад.

Йæ уынд дæр мын тых кæны.

Райгæ дзы у йæ фароны фистимæ!

Мæ фæндиаг куы фæуид, уæд иу бон дæр нал ахæссид.

Дæ фæндиаг вдæ хуыцау ма фæкæнæд!

Кæрæдзийы фæндиаг фæут!

Мæ цæст ыл ыскасти.

Гъеуый йын фена мæ цæст!

Сæ кæрæдзимæ мады уазал æмæ фыды хæрам дардтой.

Туджджыны цæстæй мæм кæсы.

Кард æмæ фыд.

Кæрæдзийы кард æмæ фыдау агурынц.

Туджджын æмæ тугагур.

Туджджын æмæ тугагурæй цæрынц.

Топпы кæсæнæй йæм кæсы.

Кæрæдзийæн уæнгæл фестадысты: топпы кæсæнæй кæсы сæ иу иннæмæ.

Бирæгъ æмæ фыс иикуы фидауынц.

Дæ фыдæхыл цалынмæ дæхæдæг ахъуыды кæнай, уæдмæ дæ маст уромын фæраз.

Фыдæхæй фыдæмпъызт хуыздæр у.

Чи дæ уарзы, уый фæндиаг у.

Адæмы чи уарзы, уый адæм дæр уарзынц.

Адæмы цард уарзондзинадыл баст у.

Дæхи куыд уарзыс, искæй дæр афтæ уарз,

Дзыхæй ма уарз, фæлæ зæрдæйæ.

Фыдæх хæссынæй фыдæлгъыст хуыздæр у.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.