Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 9-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

1 Фæндзæм зæд ныууасыд сыкъауадындзæй, æмæ федтон, арвæй зæхмæ цы стъалы æрхауд, уый; уымæ лæвæрд æрцыд дæгъæл дæлдзæхæй.

2 Стъалы байгом кодта дæлдзæхы дуар æмæ, егъау пецæй рацæуæгау, уырдыгæй ракалд фæздæг; дæлдзæхы фæздæгæй ныттар сты хур æмæ уæлдæф.

3 Фæздæгæй зæхмæ рацыдысты мæтыхтæ, æмæ сын лæвæрд æрцыд зæххон скорпионты тых.

4 Уыдонæн бафæдзæхстæуыд знаггад нæ кæнын нæдæр зæххон кæрдæгæн, нæдæр зайæгхалæн, нæдæр бæлæстæн, фæлæ йæ тæрныхыл Хуыцауы мыхуыр æвæрд кæмæн нæй, æрмæст уыцы адæмæн.

5 Мæтыхтæн фæдзæхст уыд адæмы марын нæ, фæлæ сæ фондз мæйы дæргъы удхары бафтауын. Æмæ адæм удхар кæндзысты, скорпион йæ фат куы фæсадзы, уæд адæймаг куыд фæудхар кæны, афтæ.

6 Уыцы бонты адæм сæхæдæг агурдзысты мæлæт, фæлæ йæ не ссардзысты. Бæлдзысты мæлæтмæ, фæлæ йæ нæ фендзысты.

7 Мæтыхтæ уыдысты хæстмæ ифтонг бæхты хуызæн. Сæ сæртыл — сызгъæрин кадыхудты хуызæттæ, сæ цæсгæмттæ — адæймаджы цæсгомы хуызæн,

8 Сæ сæрыхъуынтæ — сылгоймаджы сæрыхъуынты хуызæн, сæ дæндæгтæ — домбайы дæндæгтау.

9 Сæ гуырыл уыди згъæрæфтыды хуызæн, сæ базырты уынæр та уыди, бирæ бæхтæ хæстмæ куы фезгъорынц, уæд сæ уæрдæттæ куыд фæгыбар-гыбур кæнынц, уыйау.

10 Мæтыхты къæдзилтæ уыдысты скорпионты къæдзилтау фæттимæ; æмæ сæм уыд адæмæн фондз мæйы знаггад кæныны тых.

11 Сæ паддзах уыди дæлдзæхы зæд. Дзуттагау йæ ном у Аваддон, бердзенагау та — Аполлион2.

12 Ахицæн иу бæллæх, æмæ ма йæ фæстæ ноджыдæр æрбацæуы дыууæ бæллæхы.

13 Æхсæзæм зæд ныууасыд сыкъауадындзæй, æмæ Хуыцауы раз цы сызгъæрин нывондхæссæн уыди, уый цыппар сыкъайæ мæм райхъуыст хъæлæс.

14 Сыкъауадындз цы æхсæзæм зæдмæ уыди, уымæн уыцы хъæлæс загъта: «Суæгъд кæн, Евфраты стыр цæугæдоны цур баст чи у, уыцы цыппар зæды».

15 Бæлвырд сахат æмæ бонмæ, мæй æмæ азмæ цæттæ цы цыппар зæды уыди, уыдон уæгъдгонд æрцыдысты адæмы æртыццаг хай амарынмæ.

16 Æз фехъуыстон бæхджын æфсады нымæц — уый уыди дыууæсæдæ милуаны.

17 Мæнæн равдыстæуыд бæхты сæ барджытимæ, æмæ сæ федтон ахæмæй: барджытыл уыди зынгхуыз, сапфирау тарцъæх æмæ сондонау бур згъæрæфтыд; бæхты сæртæ уыдысты домбæйтты сæрты хуызæн, сæ комæй калди арт, фæздæг æмæ сондон.

18 Æмæ сæ комæй цы æртæ рыны калди, уыдонæй — арт, фæздæг æмæ сондонæй — амард адæмы æртыццаг хай.

19 Уымæн æмæ бæхтæн сæ тых уыди сæ комы æмæ сæ къæдзилты. Сæ къæдзилтæ та уыдысты кæлмыты хуызæн сæртимæ, æмæ уыдонæй хæцыдысты адæмыл.

20 Ацы рынтæй чи нæ амард, уыцы адæммæ та фæсмон не ’рцыд æмæ нæ ныууагътой дæлимонтæм æмæ, сæхæдæг къухæй кæй скодтой, нæдæр уынгæ, нæдæр хъусгæ, нæдæр цæугæ чи нæ кæны, сæ уыцы сызгъæрин, æвзист, æрхуы, дурын æмæ хъæдын гуымирытæм кувын.

21 Фæсмон нæ фæкодтой, лæгмар, кæлæнгæнджытæ, хæтаг, давæг кæй уыдысты, ууыл.

2 9:11 Бынгæнæг.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.