Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 8-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Æвдæм мыхуыр

1 Уæрыкк æвдæм мыхуыр куы асаста, уæд сахаты æрдæджы бæрц уæларвы иу сыбыртг дæр нал хъуыст.

2 Æмæ æз федтон Хуыцауы раз лæууæг авд зæды; уыдонмæ лæвæрд æрцыд авд сыкъауадындзы.

3 Æрбацыд æндæр зæд сызгъæрин будсудзæнимæ æмæ æрлæууыд нывондхæссæны раз. Лæвæрд æм æрцыд бирæ буд, цæмæй йæ æппæт сыгъдæджыты куывдимæ æрæвæра, паддзахы бадæны раз цы сызгъæрин нывондхæссæн уыди, ууыл.

4 Буды фæздæг сыгъдæджыты куывдимæ зæды къухæй фæцыд хæрдмæ, Хуыцаумæ.

5 Зæд райста будсудзæн, байдзаг æй кодта нывондхæссæны цæхæрæй æмæ йæ фехста зæхмæ. Райхъуыст æрвнæрды гыбар-гыбур, арв нырттывта æмæ зæхх нынкъуыст.

Зæдтæ уасынц сыкъауадындзтæй

6 Уæд авд сыкъауадындзы кæмæ уыди, уыцы авд зæды сæхи æрцæттæ кодтой сыкъауадындзтæй уасынмæ.

7 Фыццаг зæд ныууасыд сыкъауадындзæй, æмæ зæххыл ныууарыд их æмæ арт тугæмхæццæйæ. Басыгъд зæххы æртыццаг хай, басыгъд бæлæсты æртыццаг хай, басыгъд цъæх кæрдæг æгасæй дæр.

8 Дыккаг зæд ныууасыд сыкъауадындзæй, æмæ стыр хохы хуызæн цыдæр, пиллон арт уадзгæйæ, ныххаудта денджызы æмæ денджызы æртыццаг хай фестад туг.

9 Денджызы удæгасæй цы уыд, уыдонæн амард се ’ртыццаг хай, бабын науты æртыццаг хай.

10 Æртыккаг зæд ныууасыд сыкъауадындзæй, æмæ арвæй судзгæ цырагъау рахауди стыр стъалы, æмæ ныххаудта цæугæдæтты æртыццаг хайы æмæ суадæтты.

11 Уыцы стъалыйы ном у Скъæлдзой. Дæтты æртыццаг хай скъæлдзойау смаст, æмæ уыцы маст донæй фæцагъды бирæ адæм.

12 Цыппæрæм зæд ныууасыд сыкъауадындзæй, æмæ хуры æртыццаг хай, мæйы æртыццаг хай, стъалыты æртыццаг хай фæсахъат. Сæ рухс афтæ бамынæг, æмæ боны æмæ æхсæвы æртыццаг хай дæр уыди талынг.

13 Æз федтон иу цæргæсы уæлиæутты тæхгæ, æмæ фехъуыстон, хъæрæй цы дзырдта, уый: «Сыкъауадындзтæй ма цы æртæ зæды уасдзысты, уыдоны уастæй бæллæх, бæллæх, бæллæх æрцæудзæн зæххон цæрджытыл!»

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.