Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 5-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Чиныг æмæ Уæрыкк

1 Уæд паддзахы бадæны Бадæджы рахиз къухы æз федтон дыууæрдыгæй дæр фыст чиныг-тыхтон; æхгæд уыдис авд мыхуырæй.

2 Æз федтон тыхджын зæды. Уый хъæрæй бафарста: «Чи у ацы чиныджы мыхуыртæ асæттыны æмæ йæ байгом кæныны аккаг?»

3 Æмæ нæдæр уæларвы, нæдæр зæххыл, нæдæр зæххы бын никæй бон уыди чиныг байгом кæнын æмæ дзы цы фыст ис, уый фенын.

4 Æмæ æз бирæ фæкуыдтон, уыцы чиныг байгом кæныны æмæ дзы цы фыст ис, уый феныны аккаг кæй ничи разынд, ууыл.

5 Уæд мын цыппар æмæ ссæдз хистæрæй иу загъта: «Ма ку, мæнæ фæуæлахиз Домбай Иудæйы хæдзарвæндагæй, Давиды Æвзар. Уый асæтдзæн авд мыхуыры æмæ байгом кæндзæн чиныг».

6 Æз федтон: Хуыцау кæм бады, уыцы бынаты хæдастæу лæууыд Уæрыкк, Йæ алыварс та — цыппар уæларвон удгоймаджы æмæ цыппар æмæ ссæдз хистæры; æдде бакæсгæйæ Уæрыкк уыди, цыма Йæ нывондæн æрхастæуыд, афтæ. Уыдис Ын авд сыкъайы æмæ авд цæсты — æппæт зæхмæ кæй рарвыстæуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.

7 Уæрыкк æрбацыд æмæ паддзахы бадæны Бадæджы рахиз къухæй райста чиныг.

8 Чиныг куы райста, уæд цыппар уæларвон удгоймаджы æмæ цыппар æмæ ссæдз хистæры адæлгом сты Уæрыччы раз. Алкæмæ дæр дзы уыди фæндыр, стæй будæй дзаг сызгъæрин будсудзæнтæ — сыгъдæджыты куывдтытæ.

9 Уыдон зарыдысты ног зарæг: «Ды чиныг райсыны æмæ йын йæ мыхуыртæ асæттыны аккаг дæ, уымæн æмæ Дæу æрхастæуыд нывондæн, æмæ Дæ Тугæй Хуыцауæн балхæдтай адæм алы мыггаджы æмæ æвзаджы, алы адæмы æмæ адæмыхатты æхсæнæй,

10 Скодтай сæ паддзæхтæ, нæ Хуыцауæн лæггадгæнджытæ, æмæ паддзахиуæг кæндзысты зæххыл».

11 Æз акастæн æмæ фехъуыстон, паддзахы бадæны, цыппар уæларвон удгоймаджы æмæ цыппар æмæ ссæдз хистæры алыварс цы бирæ зæдтæ уыди, уыдоны хъæлæс. Уыдон уыдысты æрдзæ-æрдзæтæ, æнæнымæц,

12 Æмæ дзырдтой хъæрæй: «Нывондæн Кæй æрхастæуыд, уыцы Уæрыкк у кады, намысы æмæ арфæйы аккаг; Уый у тыхджын æмæ хъæздыг, зондджын æмæ хъомысджын!»

13 Æз фехъуыстон, Хуыцау кæй сфæлдыста, уыдон сеппæт дæр уæларвы, зæххыл, зæххы бын, денджызы — дун-дунейы чидæриддæр ис, уыдон цы дзырдтой, уый: «Паддзахы бадæны Бадæгæн æмæ Уæрыккæн — арфæ, кад, намыс æмæ æппæт бартæ мыггагæй-мыггагмæ!»

14 Цыппар уæларвон удгоймаджы загътой: «Амен». Цыппар æмæ ссæдз хистæры дæр адæлгом сты æмæ бакуывтой, мыггагмæ Цардæгас Чи у, Уымæн.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.