Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 3-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Фыстæг Сардисы аргъуанмæ

1 Сардисы аргъуаны зæдмæ дæр ныффысс: «Хуыцауы авд уды æмæ авд стъалыйы Кæмæ сты, Уый афтæ зæгъы: зонын дын дæ хъуыддæгтæ; ды хæссыс удæгасы ном, фæлæ мард дæ.

2 Райхъал у æмæ фидар кæн, сæфты къахыл дæм цы лæууы, уый. Уымæн æмæ зонын, дæ хъуыддæгтæ Мæ Хуыцауы цæсты æнаипп кæй не сты, уый.

3 Уæдæ дæ цæуыл сахуыр кодтой æмæ цы фехъуыстай, уый æрымыс, цæр уымæ гæсгæ æмæ æрфæсмон кæн. Куы нæ райхъал уай, уæд дæм Æз æрцæудзынæн хуыснæгау, æмæ кæд æрцæудзынæн, уый нæ базондзынæ.

4 Уæвгæ дын Сардисы ис, йæ дарæс чи нæ фæчъизи кодта, ахæм цалдæр адæймаджы. Уыдон урс-урсид дарæсы цæудзысты Мемæ, уымæн æмæ сты уый аккаг.

5 Уæлахиздзау уыдонау скæндзæн урс-урсид дарæс, æмæ йын йæ ном царды чиныджы нæ ахахх кæндзынæн. Мæ Фыды æмæ Йæ зæдты раз æй Æз банымайдзынæн мæхионыл.

6 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд, Уд аргъуантæн цы зæгъы, уымæ».


Фыстæг Филаделфийы аргъуанмæ

7 Æмæ Филаделфийы аргъуаны зæдмæ дæр ныффысс: «Давиды дæгъæл Кæмæ ис, куыд мачи сæхгæна, афтæ Чи гом кæны æмæ куыд мачи байгом кæна, афтæ Чи æхгæны, уыцы Сыгъдæг æмæ Æцæг зæгъы:

8 Зонын дын дæ хъуыддæгтæ. Мæнæ дын Æз байгом кодтон дуар æмæ йæ сæхгæнын никæй бон бауыдзæн. Дæумæ бирæ тых нæй, уæддæр хъуыстай Мæ ныхасмæ æмæ Мыл дæхи нæ атигъ кодтай.

9 Хæйрæджы синагогæйы чи ис, йæхи иудей чи хоны, уæвгæ та иудей нæ, фæлæ фæливæг чи у, уыдонæн Æз бакæндзынæн афтæ: æрцæудзысты æмæ æрхаудзысты дæ къæхтæм æмæ базондзысты, Æз дæ кæй бауарзтон, уый.

10 Ды Мæ фæдзæхстмæ гæсгæ фæразон кæй разындтæ, уый тыххæй дæ Æз бахиздзынæн, зæххон цæрджыты бафæлварынæн æппæт дунейы цы фыдæвзарæны рæстæг уыдзæн, уымæй.

11 Æз рæхджы æрцæудзынæн. Цы дæм ис, ууыл хæц, цæмæй дын дæ хæрзиуæг мачи байса.

12 Уæлахиздзауы скæндзынæн Мæ Хуыцауы Кувæндоны цæджындз, æмæ дзы никуал рацæудзæн. Ныффысдзынæн ыл Мæ Хуыцауы ном, уæларвæй, Мæ Хуыцауæй, чи æрцæудзæн, Мæ Хуыцауы уыцы ног Иерусалимы сахары ном æмæ Мæ ног ном.

13 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд, Уд аргъуантæн цы зæгъы, уымæ».


Фыстæг Лаодикийы аргъуанмæ

14 Лаодикийы аргъуаны зæдмæ дæр ныффысс: «Афтæ зæгъы Амен, иузæрдион æмæ æцæг æвдисæн, Хуыцауы сфæлдысты сæрæвæрæн:

15 Зонын дын дæ хъуыддæгтæ. Ды нæдæр уазал дæ, нæдæр тæвд. О, фæлтау уазал кæнæ тæвд куы уаис!

16 Тæвд дæр æмæ уазал дæр нæ, фæлæ хъæрмуст кæй дæ, уый тыххæй дæ сæппардзынæн Мæ дзыхæй.

17 Ды зæгъыс: æз хъæздыг дæн, бирæ мæм ис æмæ ницы хъуаг æййафын. Фæлæ нæ зоныс, ды мæгуыр, кæуинаг, гæвзыкк, куырм æмæ бæгънæг кæй дæ, уый.

18 Уынаффæ дын кæнын: арты чи ссыгъдæг, Мæнæй ахæм сызгъæрин балхæн æмæ схъæздыг уай; стæй балхæн урс дарæс, скæн æй дæ уæлæ æмæ дæ бæгънæг буары худинæгтæ мауал зыной. Цæмæй уынай, уый тыххæй дæр Мæнæй балхæн хос æмæ дзы байсæрд дæ цæстытæ.

19 Æз кæй уарзын, уыдоны багæды кæнын æмæ бафхæрын. Уæдæ у æнувыд æмæ æрфæсмон кæн.

20 Мæнæ лæууын дуармæ æмæ хойын.Мæ хъæлæс чи фехъуса æмæ дуар чи байгом кæна, уымæ бацæудзынæн æмæ цæл кæндзынæн йемæ, уый та — Мемæ.

21 Уæлахиздзауы Мемæ сбадын кæндзынæн Мæ бадæны, Æз куыд фæуæлахиз дæн æмæ Мæ Фыдимæ Йæ бадæны куыд сбадтæн, афтæ.

22 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд, Уд аргъуантæн цы зæгъы, уымæ».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.