Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 22-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Царды цæугæдон

1 Зæд мын фенын кодта, Хуыцауы æмæ Уæрыччы бадæнæй дзæнхъайау цы æрттивгæ царддæттæг цæугæдон калди, уый.

2 Уый калди сахары уынджы хæдастæуты, йæ иу фарс дæр æмæ йæ иннæ фарс дæр рæзыд, афæдз дыууадæс хатты, æрвылмæй, дыргъ чи дæтты, уыцы царды бæлас. Бæласы сыфтæртæ адæмтæн уыдысты æвдадзыхос.

3 Сахары æлгъыстагæй ницыуал уыдзæн. Уым уыдзæн Хуыцауы æмæ Уæрыччы бадæн, æмæ Йын лæггад кæндзысты Йæ цагъартæ.

4 Фендзысты Йын Йæ цæсгом, æмæ Йæ ном фыст уыдзæн сæ тæрныхтыл.

5 Уым æхсæв нæ уыдзæн, нæ дзы хъæудзæн нæдæр рухсгæнæн, нæдæр хуры рухс, уымæн æмæ сын рухс кæндзæн Хицау Хуыцау; æмæ паддзахиуæг кæндзысты мыггагæймыггагмæ.

6 Зæд мын загъта: «Ацы дзырдтæ æцæг сты æмæ сыл ис æууæндæн. Æмæ пехуымпарты Йæ Удæй разæнгардгæнæг Хицау Хуыцау Йæ зæды рарвыста, рæхджы цы уыдзæн, уый Йæ цагъартæн равдисынмæ».

Йесойы æрцыд

7 «Рæхджы æрцæудзынæн». Ацы чиныджы пехуымпар ныхæстæ кæмæ хъарынц, уый тæхудиаг у.

8 Æз, Иоанн, федтон æмæ фехъуыстон æппæт уыдæттæ. Куы сæ фехъуыстон æмæ сæ куы федтон, уæд бакувынмæ адæлгом дæн, уыдæттæ мын чи æвдыста, уыцы зæды къæхты раз.

9 Фæлæ мын уый загъта: «Афтæ ма бакæн; æз дæуæн, де ’фсымæр пехуымпартæн, стæй ацы чиныджы ныхæстæ кæмæ хъарынц, уыдонæн се ’мкусæг дæн. Хуыцаумæ бакув».

10 Ноджы мын загъта: «Ма басусæг кæн ацы чиныджы пехуымпар ныхæстæ. Уымæн æмæ рæстæг æрæввахс.

11 Æвзæргæнæг дарддæр кæнæд æвзæр митæ. Чъизи адæймаг дарддæр чъизи кæнæд йæхи. Рæстгæнæг дарддæр кæнæд раст хъуыддæгтæ æмæ сыгъдæг дарддæр цæрæд сыгъдæгæй».

12 «Рæхджы æрцæудзынæн, æмæ мызд Мемæ ис — алкæмæн дæр ратдзынæн йæ хъуыддæгтæм гæсгæ.

13 Æз дæн Алфæ æмæ Омегæ, райдиан æмæ кæрон, фыццаг æмæ фæстаг».

14 Йæ дарæс чи æхсы, уыдон тæхудиаг сты — уыдзæн сын царды бæласы дыргъæй бахæрыны æмæ сахармæ дуарыл бацæуыны бар.

15 Куыйтæ æмæ кæлæнгæнджытæ, хæлд адæм æмæ лæгмартæ, мæнгхуыцæуттæн кувджытæ, стæй гæды митыл хæст чи у æмæ сæ чи уарзы, уыдон та баззайдзысты æдде.

16 «Æз, Йесо, Мæ зæды арвыстон æппæт уыдæтты тыххæй сымахæн аргъуанты зæгъынмæ. Æз дæн Давиды Æвзар æмæ Байзæддаг, тæмæнкалгæ Бонвæрнон».

17 Уд æмæ Усаг зæгъынц: «Æрцу!» Чи хъусы, уый дæр зæгъæд: «Æрцу!» Дойны кæмæн у, уый æрцæуæд, æмæ кæй фæнды, уый царды дон айсæд лæвар.

18 Ацы чиныджы пехуымпар ныхæстæ чидæриддæр хъусы, уыдонæн æз зæгъын: исты ма сæм чи бафтауа, ууыл Хуыцау бафтаудзæн, ацы чиныджы кæй тыххæй фыст ис, уыцы рынтæ.

19 Æмæ ацы чиныджы пехуымпар ныхæстæй чи аппара, уый Хуыцау æнæхай фæкæндзæн ацы чиныджы фыст кæй тыххæй ис, уыцы царды бæласæй æмæ сыгъдæг сахарæй.

20 Æппæт уыдæттæн æвдисæн Чи у, Уый зæгъы: «О, рæхджы æрцæудзынæн!» Амен. Æрцу, Хицау Йесо!

21 Нæ Хицау Йесойы хорзæх уæд алкæимæ дæр.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.