Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 18-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Вавилон бабын

1 Уый фæстæ æз федтон, стыр бартæ кæмæ уыдис, ахæм æндæр зæды уæларвæй æрцæйцæугæ. Зæхх ныррухс йæ намысæй.

2 Уый хъæрæй загъта: «Бабын, бабын стыр Вавилон, сси дæлимонтæн цæрæнуат æмæ алы æнæзæгъинагæн фысымуат, алы чъизи æмæ æлгъаг маргъæн фысымуат. Уымæн æмæ йæ хъахбайдзинады тыххæй баййæфта Хуыцауы фыдæх, æмæ уыцы фыдæхы сæнæй бадардта æппæт адæмтæн.

3 Зæххон паддзæхтæ хæтыдысты йемæ, зæххон сæудæджертæ схъæздыг сты йе стыр исбонæй».

4 Уæларвæй мæм æрыхъуыст æндæр хъæлæс: «Рацæут уырдыгæй, Мæ адæм, йæ тæригъæдтæй хайджын куыд нæ уат æмæ йемæ æфхæрд куыд нæ баййафат, афтæ.

5 Уымæн æмæ йæ тæригъæдтæ схæццæ сты уæларвмæ, Хуыцауæй нæ ферох сты йе ’взæр митæ.

6 Йæхæдæгкуыд æфхæрдта, афтæ йæ бафхæрут. Цытæ кодта, уыдæтты тыххæй йын бафидут дывæрæй. Сæн цы кæхцы цæттæ кодта, уым ын æрцæттæ кæнут дыууæ хатты карздæр сæн.

7 Цас хъал уыд æмæ цас парахатæй царди, уыйас ын бавзарын кæнут хъизæмар æмæ хъыгтæ. Уымæн æмæ хинымæр зæгъы: „Æз ус-паддзахау бадын, идæдз нæ дæн æмæ хъыгтæ нæ бавзардзынæн!“

8 Уый тыххæй йыл иунæг бонмæ æрцæудзысты рынтæ, мæлæт, хъыгтæ, стонг рæстæг; æмæ басудздзæн арты, уымæн æмæ йын тæрхон Чи хæссы, уыцы Хицау Хуыцау тыхджын у».

9 Йемæ чи хæтыд æмæ йемæ бухъцард чи кодта, уыцы зæххон паддзæхтæ йын йæ арты фæздæг куы феной, уæд ыл скæудзысты æмæ ныдздзыназдзысты,

10 Йæ хъизæмæртты тасæй лæудзысты дæрддзæф æмæ дзурдзысты: «Додоййаг фæдæ, додоййаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымæн æмæ дын цы тæрхон рахастæуыд, уый дæ баййæфта иунæг сахатмæ».

11 Кæуынцæмæйылдзыназынц зæххон сæудæджертæ дæр, уымæн æмæ сын ничиуал æлхæны сæ уæййæгтæ:

12 Сызгъæрин æмæ æвзист дзаумæттæ, налхъуыт-налмас, уæздан кæттаг, сырх, сæнтсырх æмæ зæлдаг хъуымæцтæ, алыхуызон хæрздæф хъæдæрмæг æмæ пылыстæгæй, зынаргъ хъæдæй, æрхуыйæ, æфсæйнаг æмæ мраморæй алыхуызон дзаумæттæ,

13 Корицæ, судзагхал, буд æмæ хæрздæфгæнæнтæ, сæн æмæ зети, ссад æмæ мæнæу, стуртæ æмæ фыстæ, бæхтæ æмæ уæрдæттæ, цагъартæ — адæймаджы буæрттæ æмæ удтæ.

14 Дæ зæрдæйæн адджын цы уыд, уый фæлыгъди дæуæй, æнæхай фæдæ деппæт мулк æмæ бæллиццагæй, æмæ сæ нал ссардзынæ.

15 Æппæт уыдæттæй чи сæудæджер кодта, йæ фæрцы чи схъæздыг, уыдон дзы йæ хъизæмæртты тасæй лæудзысты дæрддзæф, кæудзысты æмæ дзыназдзысты:

16 «Додоййаг фæдæ, додоййаг, уæздан кæттагæй, сырх æмæ сæнтсырх хъуымæцтæй дарæс кæуыл ис, сызгъæринæй æмæ налхъуыт-налмасæй фæлыст чи у, уыцы стыр сахар!

17 Уымæн æмæ ахæм мулк фесæфт иунæг сахатмæ!» Науты æппæт хистæртæ æмæ бæлццæттæ иууылдæр, наудзаутæ, денджызыл цæуæг æппæт сæудæджертæ лæууынц дæрддзæф,

18 Уынынц ын йæ арты фæздæг æмæ хъæр кæнынц: «Ацы стыр сахарæн æмбал нæй!»

19 Сæ сæртыл зæрынц рыг, хъæр кæнынц, кæуынц æмæ дзыназынц: «Додоййаг фæдæ, додоййаг, денджызы наутæ кæмæ ис, уыдон иууылдæр кæй исбонæй схъæздыг сты, уыцы стыр сахар! Уымæн æмæ ды иунæг сахатмæ царæфтыд фæдæ».

20 Цин кæнут уый тыххæй, уæларв, сыгъдæджытæ, апостолтæ æмæ пехуымпартæ, уымæн æмæ уын уый цы тæрхон рахаста, ахæм тæрхон ын рахаста Хуыцау.

21 Иу тыхджын зæд райста стыр куыройыфыдыйас дур, нывзылдта йæ денджызмæ æмæ загъта: «Афтæ тагъд дæлæмæ ныххаудзæн Вавилоны стыр сахар æмæ нал уыдзæн.

22 Ды нал фехъусдзынæ фæндыртыл цæгъдджыты æмæ зарæггæнджыты, уадывдзтыл æмæ сыкъауадывдзтыл цæгъдджыты; нал дæм уыдзæн иу æрмгуысты æрмдæсны дæр, нал дæ хъуысдзæн куыройыфыды уынæр;

23 Нал ссудздзысты дæ рухсгæнæнтæ, нал дæ хъуысдзæн сиахсаджы æмæ усаджы хъæлæс. Дæ сæудæджертæ бæсты гуыппырсартæ уыдысты, дæ кæлæнтæй асайдтай æппæт адæмты.

24 Ацы сахары ныккалдæуыд пехуымпарты æмæ сыгъдæджыты, стæй зæххыл кæй амардæуыд, уыдонæн сеппæты туг дæр».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.