Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 14-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Ног зарæг Сионы хохыл

1 Æз федтон: мæнæ Сионы хохыл лæууы Уæрыкк; Йемæ сты, Йæ ном æмæ Йæ Фыды ном кæй тæрныхтыл фыст ис, уыцы сæдæ цыппор цыппар мины.

2 Уæларвæй мæм æрыхъуысти, стыр æхсæрдзæны уынæрау æмæ тыхджын æрвнæрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахæм хъæлæс. Æз цы хъæлæс фехъуыстон, уый уыди, фæндырдзæгъдджытæ цыма сæ фæндыртыл цагътой, ахæм.

3 Уыдон паддзахы бадæны раз, цыппар уæларвон удгоймаджы æмæ цыппар æмæ ссæдз хистæры раз зарынц ног зарæг. Зæххон адæмы æхсæнæй цы сæдæ цыппор цыппар мины балхæдæуыд, уыдоны йеддæмæ уыцы зарæг сахуыр кæнын никæй бон уыд.

4 Уыдон сæхи нæ фæчъизи кодтой сылгоймæгтæй, уымæн æмæ сылгоймаджы хъæстæ нæ фесты. Уæрыкк кæдæм цæуы, уыдон дæр уырдæм цæуынц Йæ фæдыл. Уыдоны балхæдæуыд адæмы æхсæнæй, æмæ сæ Хуыцауæн æмæ Уæрыккæн снывондчындæуыд хорысæрау.

5 Сæ дзыхæй мæнгныхас нæ рацыд, сты æнæфау.

Æртæ зæды

6 Уый фæстæ æз федтон æндæр зæды уæлиæутты тæхгæ. Уыдис æм мыггагмæйы фарны уац зæххон цæрджытæн — алы адæмыхатт æмæ мыггагæн, алы æвзаг æмæ адæмæн æй хъусын кæныны тыххæй.

7 Зæд хъæрæй дзырдта: «Тæрсут Хуыцауæй æмæ Йын кад скæнут, уымæн æмæ ралæууыд Йæ тæрхоны рæстæг. Бакувут арв æмæ зæхх, денджыз æмæ суадæттæ Сфæлдисæгмæ».

8 Фыццаг зæды фæстæ фæзынд æндæр зæд æмæ дзырдта: «Бабын, бабын стыр Вавилон; йæ хъахбайдзинады тыххæй йæ баййæфта Хуыцауы фыдæх, æмæ уыцы фыдæхы сæнæй бадардта æппæт адæмтæн».

9 Дыууæ зæды фæстæ фæзынд æртыккаг зæд дæр æмæ хъæрæй дзырдта: «Сырдмæ æмæ сырды сурæтмæ чи кувы æмæ йæ тæрныхыл кæнæ йæ къухыл нысан чи сæвæрдта,

10 Уый Хуыцауы азары кæхцæй нуаздзæн, æндæр истæимæ хæццæ чи нæу, Йæ уыцы фыдæхы сæнæй, сыгъдæг зæдты æмæ Уæрыччы раз хъизæмар кæвдзæн сондонæй арты.

11 Сырдмæ æмæ сырды сурæтмæ чи кувы æмæ йын йæ номы нысан чи сæвæрдта, уыдоны хъизæмарæй марæг арты фæздæг цæудзæн мыггагæй-мыггагмæ, æхсæвæй-бонæй æнцой нæ зондзысты».

12 Уый афтæ амоны: Хуыцауы фæдзæхстытæм гæсгæ чи цæры æмæ Йесойыл иузæрдион чи у, уыцы сыгъдæджытæ фæразон хъуамæ уой.

13 Уæларвæй мæм æрыхъуыст хъæлæс æмæ мын загъта: «Ныффысс:

нырæй фæстæмæ Хицауыл æууæндгæйæ чи мæлы, уыдон тæхудиаг сты». «О, уыдон æрæнцайдзысты сæ фыдæбæттæй, — зæгъы Уд, — уымæн æмæ сæ хъуыддæгтæ цæуынц сæфæдыл».

Хуымгæрдæн

14 Æз федтон урс æврагъ æмæ æврагъыл адæймаджы фырты Халдихы бадгæ, Йæ сæрыл — сызгъæрин кадыхуд, Йæ къухы — цыргъ æхсырф.

15 Æндæр зæд рацыд Кувæндонæй æмæ æврагъыл Бадæгæн хъæрæй загъта: «Рауадз Де ’хсырф æмæ æркæрд хуым, уымæн æмæ ралæууыд хуымгæрдæн — зæххыл хуымтæ сцæттæ сты».

16 Уæд æврагъыл Бадæг Йе ’хсырф рауагъта зæххыл æмæ ныккарста зæхх.

17 Уæларвон Кувæвдонæй рацыд æндæр зæд; уымæ дæр уыди цыргъ æхсырф.

18 Нывондхæссæны цурæй рацыд, артыл кæй бар цæуы, уыцы зæд æмæ цыргъ æхсырф цы зæдмæ уыди, уымæн хъæрæй загъта: «Рауадз дæ цыргъ æхсырф æмæ зæххыл бафснай сæнæфсир, уымæн æмæ йæ гагатæ срæгъæд сты».

19 Зæд йе ’хсырф рауагъта зæххыл, ралыг кодта сæнæфсиры пуцæлттæ æмæ сæ ныппæрста Хуыцауы фыдæхы стыр сæндуцæны.

20 Æмæ сæнæфсир лæмæрст æрцыд фæссахар сæндуцæны; ракалди сæндуцæнæй туг æмæ схæццæ суанг бæхы рохтæм æмæ анхъæвзта мин æхсæзсæдæ стадийы4.

4 14:20 1600 стадийы — 300 километры бæрц.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.