Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 11-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Дыууæ æвдисæны

1 Радтой мæм хъилы хуызæн барæн лæдзæг æмæ мын загъдæуыд: «Марадз, сбар Хуыцауы Кувæндон æмæ нывондхæссæн, æмæ банымай, чи дзы кувы, уыдоны нымæц.

2 Йе ’ддаг кæрт та ныууадз, ма йæ сбар, уымæн æмæ муртаттæн лæвæрд у: уыдон сыгъдæг сахар ссæнддзысты дыууæ æмæ дыууиссæдз мæйы.

3 Арвитдзынæн Мæ дыууæ æвдисæны, æмæ уыдон хъисын дарæсы пехуымпариуæг кæндзысты мин дыууæсæдæ æхсай боны».

4 Уыдон сты, æппæт зæххы Хицауы раз чи лæууы, уыцы дыууæ зетибæласы æмæ дыууæ цырагъдарæны.

5 Искæй уыдонæн фыдбылыз ракæнын куы бафæнда, уæд сæ комæй рацæудзæн арт æмæ сын се знæгты аныхъуырдзæн. Афтæ амæлдзæн, уыдонæн фыдбылыз ракæнын кæй бафæнда, уый.

6 Уыдонмæ ис арвы дуар сæхгæныны бар, цæмæй сæ пехуымпар ныхасы рæстæг уарын ма уа. Иугæр сæ куы бафæнда, уæд сæм ис дæттæ туг фестын кæныны æмæ зæххыл алы рын бафтауыны тых.

7 Се ’вдисæнад куы фæуой, уæд семæ стох кæндзæн дæлдзæхæй рацæуæг сырд, фæтых сыл уыдзæн æмæ сæ амардзæн.

8 Сæ мæрдтæ баззайдзысты, сæ Хицауы сын кæм байтыгътой, фæсномыгæй Содом æмæ Мысыр чи хуыйны, уыцы стыр сахары уынджы.

9 Сæ мæрдтæм сын æртæ боны æмæ æрдæг кæсдзысты адæмтæй, мыггæгтæй, æвзæгтæй, адæмыхæттытæй бирæтæ, æмæ сын сæ мæрдтæ зæппадзы бавæрын нæ бауадздзысты.

10 Зæххыл цæрджытæн уый уыдзæн цины бæрæгбон, кæрæдзийæн æрвитдзысты лæвæрттæ, уымæн æмæ уыцы дыууæ пехуымпары удхарæй мардтой зæххыл цæрджыты.

11 Фæлæ сæ æртæ боны æмæ æрдæджы фæстæ Хуыцау бауагъта цард, æмæ слæууыдысты сæ къæхтыл. Чи сæ федта, уыдон баисты стыр тасы амæддаг.

12 Сæ дыууæ дæр фехъуыстой, уæларвæй сын хъæрæй цы загъдæуыд, уый: «Ссæут ардæм». Уыдон æврагъы фæцыдысты уæларвмæ, æмæ уый федтой се знæгтæ.

13 Æмæ уайтæккæ зæхх тынг нынкъуысти, сахары дæсæймаг хай ныппырх. Зæххæнкъуысты фæмард авд мин адæймаджы. Иннæты бацыд тас æмæ кад кодтой Уæларвон Хуыцауæн.

14 Дыккаг бæллæх ахицæн. Рæхджы æрбахæццæ уыдзæн æртыккаг бæллæх.

15 Æвдæм зæд ныууасыд сыкъауадындзæй, æмæ уæларвы азæлыдысты ахæм ныхæстæ: «Дуне ныр сси нæ Хицауы æмæ Йæ Чырыстийы Паддзахад, æмæ Уый паддзахиуæг кæндзæн мыггагæй-мыггагмæ».

16 Хуыцауы раз сæ паддзахы бадæнты чи бады, уыцы цыппар æмæ ссæдз хистæры адæлгом сты æмæ бакуывтой Хуыцаумæ:

17 «Ды Дæхимæ æппæт бартæ дæр кæй райстай æмæ Паддзах кæй сдæ, уый тыххæй арфæ кæнæм Дæуæн, Чи ис æмæ Чи уыди, уыцы Дунедарæг Хицау Хуыцау.

18 Муртатты маст рафыхт, æмæ ралæууыд Дæ азар, мæрдтæн тæрхон хæссыны, Дæ цагъар пехуымпартæн, сыгъдæджытæн, Дæуæй тæрсджытæн — хуымæтæгтæн æмæ номдзыдтæн — мызд раттыны, бæстæ сафджыты фесафыны рæстæг».

19 Æмæ уæларвы байгом Хуыцауы Кувæндон, æмæ дзы разынд Йæ фидыды Чырын. Арв нырттывта æмæ райхъуыст æрвнæрды гыбар-гыбур, зæхх нынкъуыст æмæ ныууарыди стыр их.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.