Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. Дæсæм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Зæд чиныгимæ

1 Æмæ æз федтон æндæр тыхджын зæды уæларвæй æрцæйцæугæ. Йæ дарæс уыдис æврагъæй, йæ сæрмæ — арвырон, йæ цæсгом хуры хуызæн, йæ къæхтæ — судзгæ цæджындзтау.

2 Йæ къухы уыди гыццыл чиныг гомæй. Уыцы зæд йæ рахиз къах æрæвæрдта денджызыл, галиу къах та — зæххыл,

3 Æмæ ныхъхъæр кодта, домбай куыд фембухы, афтæ. Куы ныхъхъæр кодта, уæд дзуапп радтой авд æрвнæрды.

4 Авд æрвнæрды дзуапп куы радтой, уæд хъуамæ бавнæлдтаин фыссынмæ. Фæлæ мæм уæларвæй æрыхъуысти хъæлæс: «Авд æрвнæрды цы загътой, уый басусæг кæн, ма йæ ныффысс».

5 Денджызыл æмæ зæххыл лæугæ кæй федтон, уыцы зæд йæ рахиз къух сдардта уæларвмæ

6 Æмæ расомы кодта, мыггагæй-мыггагмæ Цардæгас Чи у, Уымæй — арв æмæ арвыл цы ис, зæхх æмæ зæххыл цы ис, денджыз æмæ денджызы цы ис, æппæт уыдæттæ Сфæлдисæгæй: «Æрцæуинаг цы у, уый нæ бафæстиат уыдзæн.

7 Æвдæм зæдæн сыкъауадывдзæй уасыны рæстæг куы ралæууа, уæд сæххæст уыдзæн Хуыцауы сусæг фæндон — Йæ цагъар пехуымпартæн зæрдæ куыд бавæрдта, афтæ».

8 Уæларвæй мæм цы хъæлæс æрыхъуыст, уый мын ноджыдæр загъта: «Марадз, денджыз æмæ зæххыл цы зæд лæууы, уый къухæй райс гом чиныг».

9 Æз ацыдтæн зæдмæ æмæ йын загътон: «Æри мын чиныг». Уый мын загъта: «Айс æй æмæ йæ бахæр. Дæ хуылф дын смаст кæндзæн, дæ дзыхы та мыдау адджын уыдзæн».

10 Æз зæды къухæй райстон чиныг æмæ йæ бахордтон. Æмæ мæ дзыхы мыдау уыд адджын; куы йæ бахордтон, уæд та дзы мæ хуылф смаст.

11 Æмæ мын загъдæуыд: «Ды бирæ адæмты, адæмыхæттыты, æвзæгты æмæ паддзæхты тыххæй ногæй пехуымпар ныхас хъуамæ зæгъай».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.