Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны æргомады чиныг. 1-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Цæуыл дзурæг у ацы чиныг

1 Ам цы фыст ис, уый Хуыцау бафæдзæхста Йесо Чырыстийæн, рæхджы цы уыдзæн, уый Йын Йæ цагъартæн куыд раргом кæна, афтæ. Æппæт уыдæттæ Йесо равдыста Йæ цагъар Иоаннæн, кæй йæм арвыста, Йæ уыцы зæды фæрцы.

2 Æмæ Иоанн фехъусын кодта, цы федта, æппæт уыдæттæ; афтæмæй æвдисæн ныллæууыд Хуыцауы ныхасæн æмæ радзырдта Йесо Чырыстийы тыххæй.

3 Ацы пехуымпар ныхæстæ чи кæсы æмæ сæм чи хъусы, цы фыст дзы ис, уыдæттæ кæмæ хъарынц, уыдон тæхудиаг сты, уымæн æмæ рæстæг æрæввахс.

Саламтæ аргъуантæн

4 Иоаннæй Асийы авд аргъуанмæ: хорзæх æмæ уын фарн, Чи ис, Чи уыд æмæ Чи æрцæудзæн, Уымæй æмæ, Йæ бадæны раз чи ис, уыцы авд удæй,

5 Æмæ иузæрдион Æвдисæн Йесо Чырыстийæ — мæрдтæй фыццаг Чи райгас æмæ зæххон паддзæхты Паддзах Чи у, Уымæй. Уый мах уарзы æмæ нæ Йæ Туджы руаджы ссæрибар кодта нæ тæригъæдтæй,

6 Скодта нæ паддзæхтæ, Йæ Хуыцауæн æмæ Фыдæн лæггадгæнджытæ. Кад æмæ Йын Паддзахад уæд мыггагæй-мыггагмæ! Амен.

7 Мæнæ Уый æрцæуы æврæгътимæ, æмæ Йæ алчидæр фендзæн, чи Йæ барæхуыста, уыдон дæр. Æмæ Йæ разы ныдздзыназдзысты æппæт зæххон адæмтæ. Бæгуыдæр, афтæ уыдзæн! Амен.

8 «Æз дæн Алфæ æмæ Омегæ1, [райдиан æмæ кæрон]», — зæгъы Хицау Хуыцау, Чи ис, Чи уыд æмæ Чи æрцæудзæн, уыцы Дунедарæг. Иоанн Патмосы сакъадахыл

9 Йесойы тыххæй уемæ фæразонæй тухæнтæ чи æвзары, сымахимæ Йæ Паддзахады хай чи райсдзæн, æз уæ уыцы æфсымæр Иоанн дæн. Хуыцауы ныхас кæй амыдтон æмæ Йесойæн æвдисæн кæй лæууыдтæн, уый тыххæй æз хаст уыдтæн, Патмос чи хуыйны, уыцы сакъадахмæ.

10 Хуыцаубоны æз уыдтæн Сыгъдæг Удæй разæнгард æмæ мæ чъылдыммæ фехъуыстон сыкъауадындзы зæлыны хуызæн домбай хъæлæс: «[Æз дæн Алфæ æмæ Омегæ, Фыццаг æмæ Фæстаг.]

11 Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс æмæ йæ арвит Асийы авд аргъуанмæ: Эфесмæ, Смирнæмæ, Пергаммæ, Фиатирæмæ, Сардисмæ, Филаделфи æмæ Лаодикимæ».

12 Æз акастæн фæстæмæ, чи мæм дзырдта, уый феныны тыххæй.Æмæ куы акастæн, уæд федтон авд сызгъæрин цырагъдарæны,

13 Æмæцырагъдарæнты æхсæн — адæймаджы фырты Халдихы, Йæ уæлæ даргъ дарæс, Йæ риуыл баст уыди сызгъæрин рон.

14 Йæ сæрыхъуынтæ уыдысты миты хуызæн урс-урсид къуымбилау, Йæ цæстытæ — пиллон артау.

15 Йæ къæхтæ æрттывтой, пецы чи сзынг, ахæм æрхуыйау, Йæ хъæлæс та нæрыд стыр æхсæрдзæнау.

16 Йæ рахиз къухы — авд стъалыйы, Йæ дзыхæй æддæмæ зынди цыргъ дыком цирхъ, Йæ цæсгом уыди æмбисбоны тæмæнкалгæ хуры хуызæн.

17 Æмæ Йæ æз куы федтон, уæд мардау æрхаудтæн Йæ къæхты цурмæ. Уæд мыл Уый æрæвæрдта Йæ рахиз къух æмæ мын загъта: «Ма тæрс. Æз дæн Фыццаг æмæ Фæстаг,

18 Дæн удæгас. Æз уыдтæн мард, ныр цæрдзынæн мыггагæй-мыггагмæ. Мæнмæ сты мæрдтыбæстæйы æмæ мæлæты дæгъæлтæ.

19 Уæдæ ныффысс, цы федтай, цытæ цæуы æмæ фæстæдæр цытæ æрцæудзæн, уый тыххæй.

20 Мæ рахиз къухы кæй уыныс, уыцы авд стъалыйы, стæй авд сызгъæрин цырагъдарæны сусæгдзинад ахæм у: авд стъалыйы сты авд аргъуанæн сæ зæдтæ, авд цырагъдарæны та сты авд аргъуаны.

1 1:8 Алфæ æмæ Омегæ — бердзенаг алфавиты фыццаг æмæ фæстаг дамгъæтæ.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.