Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 10 мартъи

Уырыссаг абанайы диссæгтæ

Æнæниздзинады хъомыс

Уырыссаг абанайы алы рæстæджыты дæр хуымæтæджы нæ хонынц адæмон дзæбæхгæнæг. Æцæгдæр, доны æмæ тæфы процедурæтæ алывæрсыг æххуыс кæнынц адæймаджы организмæн. Фыццаджыдæр, тæфгæнæны дон æмæ хъарм бандавынц нæ царм. Уый та у нæ буары хъахъхъæнæн æцæг уарт. Æдзухдæр нæ бахизы микробтæй, нæ алыварсы æддагон тæссаг æндæвдадæй, куыд хъæуы, афтæ хъахъхъæны нæ мидæггаг оргæнтæ дæр.

Цæвиттон, адæймаджы царм кæны улæфгæ. Ардыгæй æвзалытуагад æмæ хид рацæуынц. Уыдон та сты организмы цардархайды хауæццæгтæ. Æндæр ныхæстæй куы зæгъæм, уæд царм уыргтæн, рæуджытæн æххуыс кæны уæлдай донæй, хауæццæгтæй, зианхæссæг буаргъæдтæй асыгъдæг кæнынæн. Нæ царм та æххæстæй фæкусы, æрмæстдæр уый сыгъдæг куы вæййы, уæд. Фæлæ цардархайды рæстæг уый чъизи фæкæны нарды хъарæнтæй, рыг æмæ, чи дзы амæлы, ахæм хæйттæ ныббадынц, æмæ алыхуызон микробтæн уым хорз цæрæн уавæртæ фæвæййы. Ахæм заман цармыл низтæ æмæ хæфдзæстытæ фæзынынц. Уымæ гæсгæ æнæниз уæвыны тыххæй ахсджиаг у сыгъдæг æмæ æрыгон царм.

Ахæм царм та адæймагæн вæййы, иудадзыг уырыссаг абанайæ куы фæпайда кæны, уæд. Уымæн æмæ абанайы тæвд æвæджиауы профилактикон фæрæз у царммæ зилынæн. Æнæниз, кæрдæджыты хæрздæф кæм ахъардта, уыцы тæф цыфæнды косметикон фæрæзтæй дæр хуыздæр асыгъдæг кæндзæн чъизи, цармы хуынчъытæ та дзы фегом вæййынц. Фæсарæйнаг лосьонтæй царм хус кæныны æмæ йыл мæргтæ пырх кæныны бæсты, уымæн абанайы процедурæтæ дзæвгар хуыздæр пайда хæссынц, кæй йæ фæногдæр кæнынц, уый тыххæй.

Уымæй уæлдай абана æмбæлгæ уавæртæ аразы зæронд чырæгтæй суæгъд уæвынæн, ногтæ равзæрынæн, буаргъæдты ивддзинад та дзы фæтагъддæр вæййы. Сыгъдæг царм æрыгондæр кæны, йæ архайды хъомыс фæхуыздæр вæййы, алыхуызон бактеритæ хъахъхъæныны куыст рæвдздæр фæцæуы. Иу ныхасæй, сыгъдæг царм у не ’нæниздзинады ахъаззаджы хъомыс. Кæд искæй нæ фæнды æмгъуыдæй раздæр базæронд уæвын, фæнды йæ, карджынæй дæр уæнгрог цæмæй уа, уый, уæд хъуамæ архайа йæ буары сыгъдæгдзинадыл. Уырыссаг абана та у æппæт ацы хорздзинæдтæ рæдауæй дæттæг фæрæз. Æнæ уæлдай хæрдзтæ бакæнгæйæ, æнæ хинтæ æмæ кæлæнтæ аразгæйæ, адæймагæн стыр æххуыс у йæ царды азтæ фæфылдæр кæнынæн.

Уæлдай уæз

Æнæнхъæлæджы нард чи свæййы, уыцы нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ æдзухдæр фæхъуыды кæнынц сæ уæзæй иучысыл уæддæр аппарыныл. Арæх уый тыххæй балæууынц хосгæнæг цæстфæлдахджытæм, хъизæмар фæкæнынц дызæрдыггаг диетæтæй. Суанг ма, мæллæгдæр цæмæй фæуой, уый тыххæй операцитæ дæр скæнынц.

Æппæт ацы архайд махæй нæ алкæмæн дæр æнæзонгæ нæу. Хæрзхуызты миокарды инфаркт арæхдæр бахъыгдары, тæссаг сын вæййы гипертонийæ, сæкæрнизæй, уыргты низтæ æмæ æндæртæй.

Хъыгагæн, хæрзхуызтæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæ вæййы, сæ уæлдай уæз аппарыны сусæгдзинæдтæ æппæтæй дæр сæ фарсмæ уырыссаг абанайы кæй сты, уый. Хъуыддаг афтæ у, æмæ тæвд тæфуадзæны æххуысæй туаггæнæн фæзындтытæ сарæх вæййынц адæймаджы организмы, буаргъæдты ивддзинад тыхджындæр кæнын райдайы, нæрдтæ тагъддæр «фæтайынц».

Раст куы зæгъæм, уæд абанайы тæвд тæрхæгыл бирæ рæстæг уæвæн нæй. Уый æвзæрæрдæм зыны æнæниздзинадыл. Тæвдгæнæны фæуын æмбæлы 6–8 минуты. Уый фæстæ хъæуы разабанайы баулæфын. Фæлæ ацы рæстæг хъæуы хъарм халаты, кæнæ стыр хисæрфæны дæхи стухын æмæ хорз рахид кæнын. Нуазæн та нæй. Баулæфыны æмæ хорз фæхид кæныны фæстæ ногæй цæуын хъæуы тæвдгæнæнмæ.

Ахæм цыбырæмгъуыдон процедурæтæ тынг пайда сты, æнæниздзинадæн зиан не ’рхæсгæйæ, уæлдай уæз аппарынæн. Уыимæ хæлцад хъуамæ уа æххæст, фылдæр дзы дыргътæ æмæ халсарты хæринæгтæ куыд уа, афтæ. Уырыссаг абанамæ æнæсцухæй цæуын, æмбæлгæ хæлцадæй пайда кæнын æмæ физикон фæлтæрæнты руаджы ис уæз банывыл кæнæн.

Рæуджыты низтæ

Уæллаг улæфæн фæндæгты бронхиттæ, ангинæтæ, катартæ тæссаг уымæн сты, æмæ сæ фæстæ расайынц ноджы уæззаудæр низтæ, куыд плеврит, нефрит, ревматизм, рæуджыты судзаг æмæ æндæртæ. Уырыссаг абана та ахъаззаджы профилактикон фæрæз у уазал бацыды низты ныхмæ.

Зæгъæм, фитонцидтæ (эфиры зетитæ) æмæ дзæбæхгæнæн кæрдæджыты хæццæ тæвд уæлдæф тынг хорз фæзыны рæуджыты куыстыл, улæфæн фæндæгтæ фæуæрæхдæр кæны, улæфты гуырахст æмæ арф фæфылдæр вæййынц. Уымæ гæсгæ нæ фыдæлтæ уазал бацыды низтæ дзæбæх кодтой ингаляцитæй. Нæ ныхас куы фæбæлвырддæр кæнæм, уæд-иу уыдон хосгæнæн кæрдæджыты хæрздæф бауагътой тæвдгæнæны иучысыл уатмæ. Пайда кодтой картофы фых цъæрттæй, битъынайæ, кæнæ сусхъæды дидинджытимæ хæццæйæ, æндæр хуымæтæг мадзæлттæй дæр. Тæфуадзæны ингаляцион архайд та хорзæрдæм зыны хроникон бронхиттыл, катартæ æмæ уазал бацыды æндæр низтыл.

Уыргтæн — æххуыс

Абанайы процедурæты рæстæг хид кæй фемæхсы, уый æххуыс кæны уыргты низтæй рынчынтæн.

Уымæн, æмæ иу ахæм сеансы рæстæг адæймаджы организмæй рацæуы 500-йæ 1500 мл онг хид. Хауæццæгтæ æмæ зианхæссæг буаргъæдтæ кæй рацæуынц, уый руаджы та уыргты архайд фæрогдæр вæййы.

Сæкæрнизæн — хос

Ацы низы рæстæг рынчын йæхи æвзæр фенкъары, æвзалыгуыры ивддзинæдтæ æххæстæй йæ организмты кæй нæ фæцæуынц, уый тыххæй. Уырыссаг абана та йын йæ ахаст æнцондæр кæны.

Хъуыддаг афтæ у, æмæ абанайы тæвд у ивддзинæдты фæзындтытæ тыхджындæргæнæг фæрæз. Рынчын тынг хид кæнын райдайы. Хауæццæгтæ организмæй кæй рацæуынц, уый цырендæр кæны царды сæйраг фæзындтытæ, уæлдайдæр буаргъæдты ивддзинæдтæ. Нæ организмы та æппæт дæр æмбаст у: абана рогдæр кæны уыргты куыст, фæхуыздæр æмæ фæнывылдæр вæййы адæймаджы царм. Æппæт уыдæттæ æркæнынц организмы ивддзинæдты фæзындтытæм, æмæ сæкæрнизæй рынчынты уавæр фæхуыздæр вæййы. Фæлæ уырыссаг абанамæ цæуыны агъоммæ уыдон хъуамæ райсой дзæбæхгæнæг дохтыры амынддзинæдтæ.

Дохтыры бафæрс

Раст куы зæгъæм, уæд уырыссаг абана терапевтон æнæниздзинад хæссæг алыхуызон архайд дæр кæны, иудадзыг æм куы цæуай, уæд.

Уырыссаг абана стыр æххуыс кæны зæрдæйы-тугдадзинты системæйы тренировкæ кæнынæн дæр. Уымæн, æмæ туджы зилдух бæлвырд фæтагъддæр вæййы. Фæлæ ахæм мадзалæй пайда кæныны тыххæй дзæбæхгæнæг дохтырæй æппынæдзух дæр исын хъæуы консультацитæ. Уый хъуамæ рынчынæн бацамона, абанайы процедурæтæ кæнын уымæн бæззы, æви нæ.

Куыд зонæм, афтæмæй адæймагмæ бирæ низтæ сты æмхиц. Уырыссаг абана та сæ фылдæры дзæбæх кæны. Зæгъæм, æнцонæй фæсуры хæцъæфты рыст. Тæфуадзæны тæфæй фæлидзынц ахæм низтæ, куыд радикулит, неврит, æндæртæ дæр. Уымæй уæлдай, цæххытæ ратæры фæтасæнтæй, æргъиутæ æмæ нуæрттæй дæр. Уырыссаг абана æххуыс у, адæймаг масты куы бахауы, уæд уыцы тыхст уавæр фæрогдæр кæнынæн æмæ йæ фæллад фæсурынæн дæр. Уыимæ фæкъаддæр вæййы ахсæны доны туагад, хойрагтайындзинад фæтыхджындæр кæны, хæрын нæм тынгдæр æрцæуы. Фæлæ абанайы фæстæ нæдæр сихоры, нæдæр æхсæвæры бирæ хæрæн нæй. Хъæуы æрмæстдæр цай цымын æмæ иучысыл акомдзаг кæнын дæр.

Иу ныхасæй, уырыссаг абана алæмæты фæрæз у адæймаджы буары æмæ уды æнæниздзинад фидар кæнынæн. Фыдæлты дзæбæхгæнæн-æнæниздзинад хæссæг лæварæй та хъуамæ пайда кæнæм арæхстджынæй.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ТОХСЫРТЫ Къоста


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.