Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

В библиотеке болгарского города Кырджали есть книги на осетинском языке.

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм. Сæр 8

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Мæнгхуыцæуттæн хаст нывондты тыххæй

1 Ныр та мæнгхуыцæуттæн хаст нывондты тыххæй. Мах æмбарæм, неппæтмæ дæр зонынад кæй ис, уый. Фæлæ зонынад адæймаджы хиуыл æрвæссын кæны, уарзондзинад та фидаргæнæг у.

2 Йæхицæн исты зонын æнхъæл чи у, уыцы адæймаг, куыд æмбæлы, афтæ ницыма зоны.

3 Фæлæ Хуыцауы чи уарзы, уыцы адæймаджы Хуыцау нымайы хионыл.

4 Уæдæ мæнгхуыцæуттæн хаст нывондтæй хæрыны тыххæй мах зонæм: мæнгхуыцау дунейы ницы у, иунæг Хуыцауы йеддæмæ æндæр Хуыцау нæй.

5 Кæд арвыл кæнæ зæххыл ис, хуыцæуттæ кæй хуындæуы, ахæмтæ, — уымæн æмæ «хуыцæуттæ» æмæ «хицæуттæ» бирæ сты, —

6 Уæддæр махæн ис, æппæт дæр Чи сфæлдыста æмæ мах Кæмæн цæрæм, уыцы иунæг Фыд-Хуыцау, æмæ æппæт дæр Кæй руаджы сфæлдыстæуыд, æмæ цардæй Кæй фæрцы схайджын стæм, уыцы иунæг Хицау Йесо Чырысти.

7 Фæлæ алкæмæ фаг зонынад нæй: иуæй-иутæ мæнгхуыцæуттыл афтæ сахуыр сты, æмæ уыдонæн хаст нывондтæй куы фæхæрынц, уæд æй абон дæр ма нымайынц мæнгхуыцæуттæн табуйыл. Цы æмбæлы æмæ цы не ’мбæлы, уый раиртасынхъом кæй не сты, уымæ гæсгæ сæ цæсгом фæчъизи вæййы.

8 Хойраг мах Хуыцаумæ нæ хæстæг кæны: куы нæ хæрæм, уæд дæр нæ ницы сæфы; куы хæрæм, уæд дæр ныл ницы æфты.

9 Кæсут уæхимæ, цæмæй уæ уыцы бартæ лæмæгъ уырнджыты ма фæрæдийын кæной.

10 Дæумæ ис зонынад, æмæ дæ исчи муртатты кувæндоны фынгыл бадгæ куы фена, уæд йæхæдæг лæмæгъ кæй у, уымæ гæсгæ йын йе ’фсарм мæнгхуыцæуттæн хаст нывондтæй хæрыны бар нæ ратдзæн, æви?

11 Æмæ дæ зонынадæй бабын уыдзæни лæмæгъ — Чырысти кæй сæраппонд амард, дæ уыцы æфсымæр.

12 Афтæмæй сымах цæут уæ лæмæгъ æфсымæрты тæригъæды, ардаут сæ, се ’фсарм сын тæрхон цæй тыххæй кæны, уыдæттæ аразыныл. Æмæ уымæй цæут Чырыстийы хъыджы.

13 Уæдæ кæд хойраг тæригъæды æфтауы ме ’фсымæры, уæд мыггагмæ дæр дзидзайы хъæстæ мæхи нал фæкæндзынæн, цæмæй тæригъæды ма бафтауон ме ’фсымæры.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.