Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм. Сæр 2

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Павел хъусын кæны дзуарыл тыгъд Чырыстийы тыххæй

1 Æмæ уæм æз дæр, æфсымæртæ, куы æрцыдтæн Хуыцауы сусæгдзинад фехъусын кæнынмæ, уæд æй рæсугъд ныхæсты æмæ адæймаджы зонды руаджы нæ хъусын кодтон.

2 Уымæн æмæ мæ уынаффæ уыди, цалынмæ сымахмæ дæн, уæдмæ Йесо Чырыстийы йеддæмæ, уыимæ дзуарыл тыгъд Йесо Чырыстийы йеддæмæ, ницы зонын.

ЗÆз сымахмæ уыдтæн лæмæгъæй, æнцой нæ зыдтон, аккаг куы нæ разынон, уымæй тæрсгæйæ,

4 Æмæ фарны уац хъусын кодтон зондджын зæрдæлхæнæн ныхæстæй нæ, фæлæ мæ ныхас фидаргонд уыди Сыгъдæг Уды хъаруйæ,

5 Цæмæй уæ уырнывдзинад аразгæ уа адæймаджы зондæй нæ, фæлæ Хуыцауы хъаруйæ.

Хуыцауы уæлзонд

6 Зондыл та ахуыр кæнæм алцæмæй дæр цæттæ уырнджыты, æрмæст ацы дунейы зондыл, стæй сæ кæрон кæмæн æрцæуы, а дунейы уыцы æлдариуæггæнджыты зондыл нæ,

7 Фæлæ мах дзурæм Хуыцауы сусæг, æмбæхст уæлзондыл — махæн намыс раттыны сæраппонд дуне сфæлдисыны агъоммæ кæй рахаста, Йæ уыцы уынаффæйыл.

8 Уыцы уæлзонд а дунейы æлдариуæггæнджытæй иу дæр нæ базыдта. Куы йæ базыдтаиккой, уæд намысджын Хицауы дзуарыл нæ байтыгътаиккой.

9 Сыгъдæг Фыст дæр афтæ зæгъы: «Цæст нæ федта, хъус нæ фехъуыста æмæ йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн уыд, чи Йæ уарзы, уыдонæн Хуыцау цы æрцæттæ кодта, уый».

10 Махæн та йæ Хуыцау раргом кодта Йæ Уды руаджы; Уд та æххæссы алцæмæ дæр, суанг Хуыцаумæ æмбæхст цы ис, уымæ дæр.

11 Адæймагмæ цы ис, уый адæмæй чи зоны, адæймаджы мидæг чи цæры, уыцы уды йеддæмæ? Афтæ Хуыцаумæ цы ис, уый дæр Хуыцауы Уды йеддæмæ ничи зоны.

12 Мах та схайджын стæм ацы дунейы удæй нæ, фæлæ Хуыцауæй лæвæрд Удæй, цæмæй зонæм, Хуыцау нын цы ралæвар кодта, уый.

13 Æмæ ууыл мах дзурæм, адæймаджы зонд нæ цы ныхæстыл сахуыр кодта, уыдонæй нæ, фæлæ нын Сыгъдæг Уд цы ныхæстæ бацамыдта, уыдонæй. Удæй цы у, уый æмбарын кæнæм Удæй хайджынтæн.

14 Хуыцауы Удæй хайджын цы адæймаг нæу, уымæ та, Хуыцауы Удæй цы у, уый нæ хъары — æнæзондыл æй нымайы, æмæ йæ бамбарын нæ фæразы, уымæн æмæ уыдæттæн Уды руаджы аргъ кæнын хъæуы.

15 Фæлæ Хуыцауы Удæй хайджын чи у, уый аргъ кæны алцæмæн дæр, уымæн аргъ кæнын та никæй бон у.

16 Уымæн æмæ «Хицауы зонд афтæ чи базыдта, æмæ Йын амонæг уа?» Махмæ та Чырыстийы зонд ис.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.