Газет «Рæстдзинад», 2012 азы 7 июнь
Зæгъойты Алан:
«Уæлахиз? Алцыдæр нæхицæй аразгæ у!»
8 июны, майрæмбоны, райдайдзæн Европæйы чемпионат футболæй. Уыцы бон Уæрæсейы иугонд командæ фембæлдзæн Чехиимæ, къорды иннæ хъæзтытæ та акæндзæн Польшæйы æмæ Грецийы командæтимæ.
Куыд уыдзæн нæ паддзахады командæйы хъысмæт, бантысдзæн ын æви нæ уый размæйау майдантыл стох кæнын? Специалисттæ æмдзыхæй дзурынц — бирæ аразгæ уыдзæн командæйы раздзæуæг, Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг Зæгъойты Аланы архайдæй. Зæгъæм, газет «Спорт-экспресс»-ы эксперт Юрий Иванов афтæ фыссы: «Комбинацион, артисты миниуджытимæ хъазджытæ фæсарæнтæм куы алидзой, уымæй нæ футболæн тас нæу — чи алидза, уый нæм нæй. Бирæ клубтæ æмæ иугонд командæ дæр архайынц «сфæлдыстадон интеллигенцийы» ирд минæвары ссарыныл. Кусæг кълас — хорз ахуыр, кæрæй-кæронмæ йæ хид калынмæ цæттæ коммæгæс æрдæгхъахъхъæнджытæ тренертæм бирæ ис. Æцæг нывгæнджытæ, иунæг фезмæлдæй дæр ныббырстытæн аккаг кæрон сæвæрын чи зона, ахæмтæй та кадавар стæм. Нæ ныфс у Зæгъойы-фырт. Куыд фæзæгъынц, æрыгон, фæлæ куыстхъом. Æдзух рæзы, бирæ хъæзтытæ акодта æфсæддонты æмæ паддзахады сæйраг командæйы рæнхъыты æмæ сси раздзæуæг, хъазт куы нæ рæстмæ кæна, уæддæр йе ’мбæлтты размæ чи кæны, ахæм. Уыдис ахæм хъæзтытæ, æрмæстдæр Аланы удуæлдай архайды руаджы чи фæрæстмæ».
Лæппу йæхæдæг дæр цæттæ у стыр æнтыстытæм, æмæ уый тыххæй радзырдта газет «Спорт-экспресс»-ы уацхæссæг Борис Левинæн.
— Алан, дыууæ мæйы размæ дæ къухы æнгуылдз куы асаст, уæд, фыццаджыдæр, цæуыл ахъуыды кодтай?
— Европæйы чемпионатмæ ацæуыны гæнæн ма мын фæуыдзæн æви нæ, ууыл. Хуыцауæй разы, афоныл сдзæбæх дæн. Фæндыд мæ ЦСКА-йæн «Рубин»-имæ фæстаг хъазты дæр баххуыс кæнын, фæлæ мæхи хорз не ’нкъардтон, æмæ мын Леонид Слуцкий, дохтыртимæ аныхас кæнгæйæ, загъта, цæмæй мæхиуыл фæцауæрдон, Европæйы чемпионатмæ цæттæ кæнон. Раст уыди — мæй æмæ ’рдæг нæ хъазыдтæн æмæ уадиссагæй, æвæццæгæн, ницы равдыстаин.
— Дыууæ мæйы кæй нæ хъазыдтæ, уымæ гæсгæ дын Адвокаты командæмæ ма бахауынæй тæссаг нæ уыд?
— Нæ уыд. Ме ’нæниздзинад куы амона, уæд Европæйы чемпионатмæ ацæудзынæн, уый æмбæрстон. Иугонд командæйы тренер Апександр Бородюкимæ куы ныхас кодтон, уæд мын загъта, 20 маймæ Дикы се ’ппæты дæр кæй фæнды куыстхъомæй уынын. Æмæ бацархайдтон уæдмæ бацæттæ уæвыныл.
— Уыимæ дæ Уругваимæ фембæлды фæзмæ æппындæр нæ рауагътой. Хъыг дын нæ уыд?
— Уыд, фæлæ йæ фæстæдæр бамбæрстон, афтæ растдæр кæй у — тренировкæтæ дæс боны йеддæмæ нæма кодтон. Уый фæстæ ахъазыдтæн Литваимæ хъазты æмбис æмæ фæрæвдз дæн.
— Уый хорз, фæлæ Марат Измаилов æрбацыд, æмæ дæу бынат байсыныл архайдзæн.
— Конкуренци никуы никæй бахъыгдардта. Уæвгæ та алцыдæр мæхи хъазтæй аразгæ уыдзæн.
— Ныры онг, стæй Италиимæ хъазты, ды иугонд командæйы уыдтæ рахиз æрдæгхъахъхъæнæг. Дæхицæн кæм хуыздæр у?
— Рахиз æрдæгхъахъхъæнæджы бынаты.
— Æмæ дæ иууылдæр астæуккаг æрдæгхъахъхъæнæгæй куы зонынц!
— Хи дуары цур хъазын бирæ бахъæуы, æз та размæ бырсын уарзын (худы). Уæвгæ та иугонд командæйы цыфæнды бынаты хъазыныл дæр разы дæн, суанг дуаргæсæй дæр!
— Акинфеев æмæ Малафеевимæ стохгæнинаг дæ?
— Раст зæгъыс — уыдоны нæ амбулдзынæн.
— Литваимæ хъазт бынтон æгъуыз рауад, фæлæ дæуæй специалисттæ раппæлыдысты.
— Æнæхъæн командæ нæ арæхсы, иу хъазæг та тынг хорз уа, уымæн гæнæн нæй. Æз разыйæ нæ баззадтæн нæдæр хъазтæй, нæдæр мæхи архайдæй. Фæлæ уыцы фембæлд ныр ницыуал давы.
— Уæлдайдæр, Италиимæ хъазты фæстæ...
— О, уыцы хъазт хорз рауад командæйæн æмæ мæнæн дæр, уымæн æмæ фæзы фыццаг минутæй фæстæмæ уыдтæн.
— Дæхи архайдæй разы дæ?
— Фыццаджыдæр, разы дæн командæйы архайдæй. Мæхи хъазтæй та фæлтау тренеры бафæрсут.
— 8 июны фæзмæ фыццаг минуттæй рацæудзынæ, уый бæлвырд у?
— Уый тренерæй аразгæ у. Æз та, цасфæнды куы ахъазон, уæддæр мæхиуыл нæ бацауæрддзынæн. Мæ футболон царды ахæм бæрзонд æмвæзады турнир нæма уыд. Æнæхъæн бæстæ нæм кæсдзæн, уый дæр мæ рох нæу.
— Европæйы чемпионаты фæстæ иугонд командæ уайтагъд ферыгондæр уыдзæн æви сындæггай?
— Цы нын бантыса, уымæ гæсгæ, стæй, Дикы бæсты чи ’рбацæуа, уымæй дæр аразгæ уыдзæн.
— Дæу йæ бынаты уынын фæнды Гæззаты Валерийы.
— Уый афтæ у.
— Уый нæ нымайгæйæ та кæй равзарис — уæрæсейаг æви фæсарæйнаг специалисты?
— Æвзарын мæнмæ нæ хауы, æз архайдзынæн, цыфæнды тренеры зæрдæмæ дæр куыд цæуон, афтæ кусыныл.
— Мæскуымæ дæ уæлахиздзауæй сыздæхын фæнды?
— Æнæмæнг!
— Уæлахиздзауыл, зæгъæм, æртыккаг призеры дæр нымайыс?
— Уæлахиздзау — уый æппæты тыхджындæр командæ у.
— Æмæ уын цæмæй бантыса, уымæн цы хъæуы?
— Командæйы цы 23 хъазæджы ис, уыдонæй иу дæр йæхиуыл ма ауæрдæд.
— Ацы чемпионат Зæгъойты Аланы чемпионат суыдзæн?
— Бæрæг уыдзæн (худы).
— Стыр пълантæ дæм ис?
— Æнæ стыр нысантæй дын спорты æмæ царды дæр ницы бантысдзæн.
— Варшавæмæ дæ хиуæттæ æмæ хæстæджытæй бирæйæ æрцæудзысты?
— Мæ ныййарджытæ, ме ’фсымæр йæ бинойнагимæ, мæ фыды ’рдхорд, мæ хæлæрттæ. Се ’рбацыд мын тынг æхсызгон уыдзæн. Трибунæтыл сæрмагондæй дæуыл тыхсæг адæм ис, уый куы зонай, уæд дæ хъарутыл æфтгæ кæны. Мæ фидæны цардæмбал дæр ма куы ’рбацыдаид, бынтон хорз уæд уыдаид...
— Æмæ не ’рбацæудзæн?
— Куыстæй йын гæнæн нæй.
— Отпуск райстаид!
— Отпуск фæстæдæр — чындзæхсæв кæнын хъæуы, уый фæстæ иумæ балцы цæуæм.
— Гъемæ æнæнизæй, амондимæ дæ чындзæхсæвмæ Европæйы чемпионаты майдан дæ къухы бафтæд!
— Бузныг!
Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта
ТЪЕХТЫ Тамерлан