Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

— Æмæ йæ бирæ уарзыс?
— Бæрзондыл бадæг мæ уыйас бауарза!

Гæдиаты Секъа.
Садуллæ æмæ Манидзæ

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг ромæгтæм. 6-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Тæригъæдæн — мард, Чырыстийæн — удæгас

1 Уæдæ цы зæгъæм? Цæмæй Хуыцауы хорзæхыл бафта, уый тыххæй тæригъæдджынтæй хъуамæ баззайæм? Ницы хуызы!

2 Мах амардыстæм тæригъæдæн, уæд ма тæригъæдимæ куыд хъуамæ цæрæм?

ЗÆви ныл Йесо Чырыстиимæ баиуы охыл куы саргъуыдæуыд, уæд Йемæ кæй амардыстæм, уый нæ зонут?

4 Уæдæ аргъауыны рæстæг мах амардыстæм æмæ ныгæд æрцыдыстæм Йемæ, цæмæй Чырысти Йæ Фыды намысджын хъаруйæ мæрдтæй куыд райгас, афтæ мах дæр райгас уæм æмæ цæрæм ног цардæй.

5 Æмæ кæд мах Чырыстийау амардыстæм æмæ афтæмæй баиу стæм Йемæ, уæд мæрдтæй дæр райгас уыдзыстæм, Уый куыд райгас, афтæ, æмæ баиууыдзыстæм Йемæ.

6 Мах зонæм, раздæр цы уыдыстæм, уыцы адæймаджы Йемæ байтыгъдæуыд нæ тæригъæдджын æрдзыхъæд басæттынæн æмæ тæригъæды цагъарæй фервæзынæн.

7 Уымæн æмæ чи амард, уый ссæрибар тæригъæдæй.

8 Æмæ кæд иугæр Чырыстиимæ амардыстæм, уæд æууæндæм, цæргæ дæр Йемæ кæй кæндзыстæм, ууыл.

9 Мах зонæм, мæрдтæй райгасы фæстæ Чырысти кæй нал амæлдзæн, уый: мæлæты бон Ыл нал цæуы.

10 Уымæн æмæ куы амард, уæд амард тæригъæдæн иу хатт æмæ мыггагмæ. Ныр та удæгас у, æмæ цæры Хуыцауæн.

11 Афтæ сымах дæр тæригъæдæн уæхи нымайут мардыл, Хуыцауæн та удæгасыл, Йесо Чырыстиимæ кæй стут, уый фæрцы.

12 Уæдæ тæригъæд уæ мæлæтон буарæн паддзах ма уæд, цæмæй буары чъизи мондæгты коммæ ма кæсат.

13 Æмæ уæ буары уæнгтæ ма раттут тæригъæдæн — æвзæр хъуыддæгтæ аразыны хотыхæн, фæлæ сымах мæрдтæй кæй райгас стут, уымæ гæсгæ уæхи бакæнут Хуыцауы æвджид æмæ Йын рæстады хотыхæн раттут уæ уæнгтæ.

14 Тæригъæд уын æлдар ма уæд, уымæн æмæ сымах æгъдауы дæлбар не стут, фæлæ Хуыцауы хорзæхы дæлбар.

Тæригъæдæй сæрибар

15 Уæдæ цы кæнæм? Æгъдауы дæлбар нæ, фæлæ Хуыцауы хорзæхы дæлбар кæй стæм, уый тыххæй хъуамæ тæригъæды бафтæм? Ницы хуызы!

16 Цагъарау кæй коммæ бакастыстут, уымæн йæ цагъартæ кæй стут, уый нæ зонут, æви? Тæригъæдæн цагъартæ куы уат, уæд амæлдзыстут, Хуыцауæн коммæгæс цагъартæ куы уат, уæд уæ сраст кæндзæн.

17 Бузныг Хуыцауæй, сымах тæригъæдæн уыдыстут цагъартæ, фæлæ ныр зæрдиагæй коммæгæс стут, уæ зæрдæйы уын цы ахуырад нывæрдæуыд, уымæн.

18 Сымах суæгъд стут тæригъæдæй æмæ систут рæстады цагъартæ.

19 Адæймаджы хуымæтæг æвзагæй пайда кæнын, уымæн æмæ сымах лæмæгъ стут нырма. Уæ буары уæнгтæ тæригъæдæн кæддæр цагъартæ куыд скодтат, цæмæй æнæуаг æмæ чъизи митæ кæнат, афтæ ныр та уæ буары уæнгтæ рæстадæн скæнут цагъартæ, цæмæй цæрат сыгъдæг цардæй.

20 Уымæн æмæ тæригъæды цагъартæ куы уыдыстут, уæд сымахыл рæстады бар нæ цыд.

21 Æмæ уын уый цы æрхаста? Сымах æмхиц уыдыстут, ныртæккæ æфсæрмы кæй тыххæй кæнут, æппынфæстаг мæлæт чи æрхæссы, ахæм митæм.

22 Фæлæ тæригъæдæй суæгъд стут æмæ систут Хуыцауы цагъартæ; ныртæккæ уæ хæрзиуæг у сыгъдæг цард, æппынфæстаг та райсдзыстут мыггагмæйы цард.

23 Уымæн æмæ тæригъæдæн йæ мызд у мæлæт, Хуыцауы лæвар та — мыггагмæйы цард нæ Хицау Йесо Чырыстиимæ удæнгомæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.