Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

— Æмæ йæ бирæ уарзыс?
— Бæрзондыл бадæг мæ уыйас бауарза!

Гæдиаты Секъа.
Садуллæ æмæ Манидзæ

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 9-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Уæнгмард сдзæбæх

1 Уæд Йесо бахызти бæлæгъмæ, ахызт иннæ фарсмæ æмæ æрцыди Йæ сахармæ.

2 Хуыссæныл Æм æрбахастой уæнгмарды. Йесо сын федта сæ уырнындзинад æмæ уæнгмардæн загъта: «Ма тæрс, Мæ хъæбул, хатыр дын сты дæ тæригъæдтæ».

3 Уæд динамонджытæй чидæртæ хинымæр загътой: «Уый Хуыцауы фауы».

4 Йесо сын зыдта сæ хъуыдытæ, æмæ загъта: «Ахæм æвзæр хъуыдытæ уæм цæмæн сæвзæрд?

5 Цы æнцондæр у — зæгъын: „Хатыр дын сты дæ тæригъæдтæ“, æви: „Рабад æмæ райдай цæуын?“

6 Фæлæ сымах хъуамæ зонат, Адæймаджы Фыртæн кæй ис зæххыл тæригъæдтæ хатыр кæныны бар». Æмæ загъта уæнгмардæн: «Рабад, сис дæ хуыссæн æмæ цу дæ хæдзармæ».

7 Уæнгмард рабадт æмæ ацыд йæ хæдзармæ.

8 Адæм уый куы федтой, уæд сæ тас бацыд, æмæ скад кодтой ахæм хъару адæмæн раттæг Хуыцауæн.

Матфей ацыди Йесоимæ

9 Йесо уырдыгæй куы фæцæйцыди, уæд хъалонисæн бынаты бадгæ федта иу лæджы, йæ ном — Матфей, æмæ йын загъта: «Рацу Мæ фæдыл». Уый сыстад æмæ ацыд Йæ фæдыл.

10 Йесо Матфейы хæдзары фынгыл куы бадти, уæд æрцыди бирæ хъалонисджытæ æмæ тæригъæдджынтæ, æмæ æрбадтысты Йесоимæ æмæ Йæ ахуыргæнинæгтимæ.

11 Фарисейтæ уый куы федтой, уæд Ын Йæ ахуыргæнинæгтæн дзырдтой: «Уæ Ахуыргæнæг хъалонисджытæ æмæ тæригъæдджынтимæ цæмæн хæры [æмæ нуазы]?»

12 Йесо уый куы фехъуыста, уæд сын загъта: «Дохтыр æнæнизты нæ, фæлæ рынчынты хъæуы.

13 Ацæут æмæ базонут, ацы ныхæстæ цы амонынц, уый: „Нывонд Мæ нæ хъæуы, фæлæ уарзæгой зæрдæ“. Æз æрцыдтæн рæстыты нæ, фæлæ тæригъæдджынты æрхонынмæ».

Ком дарыны тыххæй

14 Уæд Æм æрцыдысты Иоанны ахуыргæнинæгтæ æмæ Йын загътой: «Мах æмæ фарисейтæ бирæ ком куы дарæм, уæд Дæ ахуыргæнинæгтæ цæуылнæ дарынц ком?»

15 Йесо сын загъта: «Чындзхæсджытимæ сиахсаг цалынмæ вæййы, уæдмæ æнкъард фæкæнынц, мыййаг? Фæлæ ралæудзæни, сиахсаджы сын куы байсой, уыцы афон, æмæ уæд дардзысты ком.

16 Ног хъуымацæй зæронд дарæсыл ничи æвæры æмпъузæн, уымæн æмæ æмпъузæн ратондзæн дарæсæй, æмæ скъуыд фестырдæр уыдзæн.

17 Ногдыгъд сæн дæр зæронд лалымты нæ ныккæнынц, науæд лалымтæ аскъуыйынц, æмæ сæн дæр акæлы, лалымтæ дæр фесæфынц. Ногдыгъд сæн ныккæнынц ног лалымты, æмæ уæд дыууæ дæр баззайынц æнæхъæнæй».

Чызг райгас, сылгоймаг сдзæбæх

18 Йесо сын уыцы ныхæстæ куы кодта, уæд Æм æрбацыди хицæуттæй иу, æрзоныгыл Йæ разы æмæ Йын загъта: «Ныртæккæ амарди мæ чызг, фæлæ æрцу, Дæ къух ыл æрæвæр, æмæ райгас уыдзæн».

19 Йесо сыстад, æмæ Йæ ахуыргæнинæгтимæ ацыд йæ фæдыл.

20 Иу сылгоймагæн дыууадæс азы дæргъы йæ туг цæуынæй не ’нцад. Уый чъылдымырдыгæй бацыд Йесомæ æмæ Йын бандзæвыд Йæ пæлæзы коцорайыл.

21 Уымæн æмæ хинымæр дзырдта: «Æрмæст Йæ дарæсыл Ын куы бандзæвон, уæд дæр сдзæбæх уыдзынæн».

22 Йесо акаст фæстæмæ, федта йæ æмæ загъта: «Ма тæрс, Мæ чызг, дæ уырнындзинад дæ фервæзын кодта». Æмæ сылгоймаг уайтæккæ сæнæниз.

23 Йесо уыцы хицауы хæдзармæ куы æрцыд, уадындзæй цæгъдджытыæмæадæмы тыхстæй куы федта,

24 Уæд загъта: «Ацæут ардыгæй; чызг мард нæу, фынæй у». Æмæ Йыл худтысты.

25 Адæмы æддæмæ куы рарвыстæуыд, уæд Йесо бацыд, ныххæцыди чызджы къухыл, æмæ чызг рабадт.

26 Хабар айхъуыст æппæт уыцы бæстæйыл.

Дыууæ куырмы цæстæй ракастысты

27 Йесо уырдыгæй куы араст, уæд дыууæ куырмы цыдысты Йæ фæдыл æмæ хъæр кодтой: «Батæригъæд нын кæн, Давиды Фырт!»

28 Хæдзармæ куы бацыд, уæд Æм æрбацыдысты куырмытæ. Йесо сæ бафарста: «Мæ бон афтæ саразын кæй у, уый уæ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!»

29 Уæд сын бавнæлдта сæ цæстытæм æмæ загъта: «Уæдæ уын уæ уырнындзинадмæ гæсгæ рардæуæд».

30 Æмæ ракастысты сæ цæстытæй. Йесо сын карзæй бафæдзæхста: «Хъусут, уый тыххæй мачи хъуамæ базона».

31 Уыдон та ацыдысты, æмæ Йын æппæт уыцы бæстæйыл айхъуысын кодтой Йæ кой.

Æгомыг хæйрæджджын сдзæбæх

32 Уыдон куы рацæйцыдысты, уæд Йесомæ æрбакодтой æгомыг хæйрæджджыны.

33 Æмæ Йесо дæлимоны куы фæсырдта, уæд æгомыг дзурын райдыдта. Адæм дисы бафтыдысты æмæ дзырдтой: «Ахæм хъуыддаг Израилы никуы æрцыди».

34 Фарисейтæ та дзырдтой: «Уый дæлимонты суры дæлимонты æлдары хъаруйæ».

Æнæфыййау фыстæ

35 Йесо зылди æппæт сахартæ æмæ хъæутыл, адæмæн амыдта синагогæты, хаста фарны уац Уæларвон Паддзахады тыххæй, дзæбæх кодта æппæт рынчынты æмæ æнæфæразонты.

36 Адæмы куы федта, уæд сын фæтæригъæд кодта, æнæфыййау фыстау фæлмæцыд æмæ æвæгæсæг кæй уыдысты, уый тыххæй.

37 Уæд Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: «Кæрдинаг — бирæ, фæлæ хуымгæрдджытæ нæ фаг кæны.

38 Уæдæ курут хуымы Хицауæй, цæмæй рарвита хуымгæрдджытæ Йæ хуым кæрдынмæ».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.