Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

— Æмæ йæ бирæ уарзыс?
— Бæрзондыл бадæг мæ уыйас бауарза!

Гæдиаты Секъа.
Садуллæ æмæ Манидзæ

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 8-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Хъотырджын сдзæбæх

1 Йесо хохæй куы æрхызт, уæд Йæ фæдыл ацыди бирæ адæм.

2 Æрбацыд Æм хъотырджын, æрзоныгыл Йæ разы æмæ Йын загъта: «Хицау, кæд Дæ фæнды, уæд Дæ бон у, æмæ мæ ссыгъдæг кæнай».

3 Йесо радардта Йæ къух, бандзæвыд ыл æмæ загъта: «Фæнды Мæ, ссыгъдæг у». Æмæ уыйадыл ссыгъдæг йæ хъотырæй.

4 Йесо йын загъта: «Хъусыс, макæмæн æй зæгъ, фæлæ ацу, дæхи фенын кæн сауджынæн, æмæ Моисей куыд бафæдзæхста, афтæ æрхæсс нывонд — кæй сдзæбæх дæ, уымæн æвдисæйнагæн».

Сæдæйыхицауы фæсдзæуин сдзæбæх

5 Йесо Капернауммæ куы бацыд, уæд Æм æрбацыди сæдæйыхицау æмæ Дзы куырдта:

6 «Хицау, мæ фæсдзæуин хæдзары хуыссы уæнгмардæй æмæ тынг удхар кæны».

7 Йесо йын загъта: «Æз бацæудзынæн æмæ йæ сдзæбæх кæндзынæн».

8 Сæдæйыхицау Ын зæгъы: «Хицау, æз уый аккаг нæ дæн, æмæ Ды мæ хæдзармæ бацæуай. Фæлæ æрмæст Дæ дзыхæй ныхас рацæуæд, æмæ мæ фæсдзæуин сдзæбæх уыдзæн.

9 Уымæн æмæ æз мæхæдæг дæр дæлбар лæг дæн, æмæ мæ дæлбар дæр ис æфсæддонтæ. Иуæн дзы фæзæгъын: „Ацу уырдæм“, æмæ ацæуы; иннæмæн: „Ардæм рацу“, æмæ æрбацæуы; мæ цагъарæн фæзæгъын: „Уый бакæн“, æмæ йæ бакæны».

10 Йесо уый куы фехъуыста, уæд дисы бафтыд æмæ Йæ фæдыл цæуджытæн загъта: «Æцæг уын зæгъын: ахæм уырнындзинад Израилы Æз никæмæ федтон.

11 Зæгъын уын: бирæтæ æрцæудзысты скæсæн æмæ ныгуылæнæй, æмæ Уæларвон Паддзахады фынгыл æрбаддзысты Авраамимæ, Исаакимæ æмæ Иаковимæ.

12 Паддзахад нысангонд кæмæн уыди, уыдон та æппæрст æрцæудзысты æддæмæ, талынгмæ; уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс».

13 Йесо сæдæйыхицауæн загъта: «Ацу, æмæ дæ уырнындзинадмæ гæсгæ сæххæст уæд дæ фæндон». Æмæ уайтæккæ йæ фæсдзæуин сдзæбæх.

Йесо сдзæбæх кодта Петры усы мады æмæ иннæты

14 Йесо Петры хæдзармæ куы бацыди, уæд ын йæ усы мады федта тæвднизæй сæйгæйæ.

15 Йесо йын бавнæлдта йæ къухмæ, æмæ йæ тæвд æрхауд; сылгоймаг сыстад æмæ Йын райдыдта кæстæриуæг кæнын.

16 Куы баизæр, уæд Æм æрхуыдтой бирæ хæйрæджджынты, æмæ Йесо Йæ ныхасæй фæсырдта æнæзæгъинæгты æмæ сдзæбæх кодта æппæт рынчынты дæр.

17 Афтæмæй хъуамæ сæххæст уыдаид, Исайпехуымпары дзыхæй цы загъдæуыд, уый: «Айста нын нæ рынтæ æмæ ахаста нæ низтæ».

Куыд цæугæ у Йесойы фæдыл

18 Йесо Йæ алыварс бирæ адæм куы федта, уæд загъта Йæ ахуыргæнинæгтæн, цæмæй Йемæ ахизой денджызы фаллаг фарсмæ.

19 Уæд Æм бацыд иу динамонæг æмæ Йын загъта: «Ахуыргæнæг, Ды кæдæм цæуай, уырдæм æз дæр ацæудзынæн Дæ фæдыл».

20 Йесо йын дзуапп радта: «Рувæстæн ис хуыккæмттæ, уæларвон мæргътæн — ахстæттæ. Адæймаджы Фыртæн та, Йæ сæр кæм æркъул кæна, уый дæр нæй».

21 Йæ ахуыргæнинæгтæй Йын æндæр загъта: «Хицау, мæ фыды баныгæнынмæ уал мæ ауадз».

22 Фæлæ йын Йесо дзуапп радта: «Мæ фæдыл рацу, мæрдтæ сæхæдæг баныгæнæнт сæ мæрдты».

Уад байхъуыста Йесомæ

23 Æмæ Йесо бæлæгъмæ куы бахызт, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæ дæр бахызтысты Йæ фæдыл.

24 Уалынмæ денджыз афтæ тынг сабухта, æмæ уылæнтæ калдысты бæлæгъы сæрты; Йесо та фынæй уыди.

25 Уæд Æм Йæ ахуыргæнинæгтæ бацыдысты, райхъал Æй кодтой æмæ Йын загътой: «Хицау, фервæзын нæ кæн, сæфæм!»

26 Йесо дзуапп радта: «Афтæ тæппуд цæмæн стут, лæмæгъ уырнджытæ?» Æмæ сыстади, уад æмæ денджызæн радта бардзырд, æмæ бæстæ ныссабыр.

27 Иууылдæр дисы бафтыдысты, æмæ дзырдтой: «Уый Чи уа, уад æмæ денджыз Кæй коммæ кæсынц?»

Йесо сдзæбæх кодта хæйрæджджынты

28 Йесо денджызы иннæ фарсмæ, Гадарæйы бæстæмæ, куы бахæццæ, уæд зæппæдзтæй Йæ размæ рацыди дыууæ хæйрæджджыны. Уыдон афтæ знæт уыдысты, æмæ уыцы фæндагыл рацæуынмæ йæ ныфс ничи хаста.

29 Хæйрæджджынтæ хъæр систой: «Цы Дæ хъæуы махæй, Хуыцауы Фырт? Æмгъуыдæй раздæр нæ ардæм хъизæмарæй марынмæ æрцыдтæ?»

30 Уыдонæй дæрддзæф ран хызти хуыты стыр дзуг,

31 Æмæ дæлимонтæ куырдтой Йесойæ: «Кæд нæ сургæ кæныс, уæд нæ хуыты дзуджы бауадз».

32 Йесо сын загъта: «Цæугæ ут». Уыдон рацыдысты уыцы дыууæ адæймагæй, æмæ бацыдысты хуыты. Æмæ хуыты дзуг æгасæй дæр къардиуæй денджызмæ аппæрста йæхи, æмæ фесæфт доны.

33 Хуыгæстæ азгъордтой, бацыдысты сахармæ æмæ радзырдтой алцæй тыххæй дæр, уыимæ, хæйрæджджынтыл цы æрцыд, уый тыххæй дæр.

34 Сахары æппæт цæрджытæ рацыдысты Йесойы размæ, æмæ Йæ куы федтой, уæд Дзы куырдтой, цæмæй ацæуа сæ зæххæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.