Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

ХЪУСОЙ

Сугъарты хæдзармæ Хъусой æрбафтыди хæрз чысылæй, æвæццæгæн ыл иу мæйæ фылдæр нæ цыдаид. Къæбыла йæ ном дæр æрхаста йемæ: йæ хъусты кæрæттæ разындысты лыг, æмæ йыл Сугъарты сывæллæттæ уайтагъд авæрдтой ном «Хъусой».

Хъусой уыди лæгъзхъуын, стæй хæрзуынд æмæ йæ бинонтæ тынг бауарзтой, тынгдæр та дыууæ лæппуйы — дæсазыккон Гаппо æмæ астазыккон Сослан. Лæппутæ къæбыламæ зылдысты, æхсырæй йæ хастой, хъазыдысты йемæ. Чысыл куы фæхъомыл ис Хъусой, æдæрсгæ разгъор-базгъор кæнын куы байдыдта, уæд та йæ æппын уæгъд нал уагътой дыууæ лæппуйы. Куыддæр-иу скъолайæ æрцыдысты, афтæ кæс, æмæ та уæртæ кæртмæ фæуайынц — Хъусоймæ. Уый дæр сыл сахуыр æмæ-иу къæдзил тилгæйæ сæ размæ фæци.

Зæрдæхъæлдзæгæй рæзыди Хъусой. Куыд тагъд рæзыди, ууыл та дис кодтой Сугъартæ дæр, сыхæгтæ дæр.

Байрæзыди Хъусой, стыр куыдз сси, хъæбатыр æмæ тыхджын куыдз. Куыйтæ кæртæй къордæй куы рагæпп кæной, уæд сын хъæбатыр цы хъæуы, фæлæ-иу Хъусой та иунæгæй рагæпп кодта æмæ-иу сыхæгты куыйты фæйнæрдæм фæтардта.

Сугъартæ цардысты горæты кæрон, æмæ сæ хæдзарæн хорз гæс кæй фæзынди, уый сын æхсызгон уыди. Гаппо æмæ Сослан та тынгдæр ууыл цин кодтой, хъазæг æмбал сын кæй фæзынди.

Акодтой-иу дыууæ лæппуйы Хъусойы семæ быдырмæ. Уым-иу разгъор-базгъор кодтой куыдзимæ, ноджы йæ ахуыр кодтой фæстаг къæхтыл лæууын, исты дзауматæ хæссын. Тынг æмбаргæ разынди Хъусой æмæ алцæуыл дæр æнцонæй ахуыр кодта.

Уыди хæдзары чысыл сывæллон дæр, дæсмæйдзыд. Уый дæр фæцахуыр Хъусойыл, йæ разы-иу йæ цыппæртыл рабыр-бабыр кодта. Куыдз дæр, къæдзил тилгæйæ, хъыллистытæ кодта, ницæмæй хъыгдардта сывæллоны. Сывæллон-иу йæ гыццыл къухæй куыдзы нæмын куы райдыдта, уæддæр-иу уый цины хъыллистытæ кодта, æндæр ницы. Афтæ зынди, цыма Хъусой зыдта, сывæллон æнæмбаргæ кæй у, æмæ йæм мæстыгæнæн кæй нæ ис.

Хъæлдзæг уыди Хъусойы цард. Над, æфхæрд ыл нæ цыди бинонтæй. Хæринагæй хъуаг не ’ййæфта — бинонты уæлдæйттæ — къæбæртæ, стджытæ кæддæриддæр йæ разы фаг. Фæлæ æрцыди ахæм бон дæр, æмæ æфсин Госæма æнæхъæн фых карк дæр бахæрын кодта Хъусойæн.

Хъуыддаг æрцыди афтæ. Иу изæр Госæма лæууыди уаты рудзынджы раз æмæ касти уынгмæ. Хæдзары размæ, нарæг уынджы йæ гыццыл сывæллон хъазыди Хъусоимæ. Йæ цыппæртыл рабыр-бабыр кодта, йæ гыццыл къухтæй куыдзы цъыччытæ кодта. Хъусой йæ гуыбыныл хуыссыди, хъыллистытæ кодта, алырдæм дæр-иу афæлгæсыди. Госæма касти йæ уарзон хъæбулмæ рудзынгæй. Фæлæ мæнæ æвиппайды мады зæрдæ ныссæххæтт кодта, йæ цæстытæ атарытæ сты: Хъусой йæ дæндæгтæ фæсагъта сывæллоны дарæсы чъылдымырдыгæй æмæ йæ, хæрхæргæнгæ радавта къулы ’рдæм. Кæцæй йæ радавта, ууылты та уыцы минут тарст бæх уæрдонимæ, гыбаргыбургæнгæ, ауагъта йæхи дæлæрдæм.

Госæмайæн фырцинæй, фырбузныгæй йæ цæстысыгтæ рудзынджы дæлвæйнæгыл æркалдысты.

Хорз та куыд нæ у хæдзары ахæм куыдз дарын!

Æрцыди ахæм рæстæг, уый уыди фæззæджырдæм, æмæ Хъусой сывæллæттыл цин кодта, фæлæ семæ хъазынмæ йæ хъус нал дардта. Æрцыди ахæм бон дæр, æмæ сарайы къуымæй æддæмæ нал ракасти. Сослан ын уырдæм хæринаг бахаста, фæлæ куыдз хæринагæй дæр йæхи атигъ кодта. Лæппу тынг тарсти Хъусойæн амæлынæй æмæ хъынцъым кодта.

Аивгъуыдта æхсæв. Сосланæн йæ зæрдæ куыдзимæ дзырдта æмæ сæумæрайсом, бæгъæввадæй, ауади сарамæ. Нæма бахæццæ уырдæм, афтæ йæ хъустыл ауади къæбылаты хъист-хъист. Бамбæрста лæппу хъуыддаг, куыдзы хуыссæнмæ нал бахæццæ, фæлæ фæстæмæ фездæхти æмæ йæ мадмæ дзуры:

— Нана, нана, Хъусойæн къæбылатæ ис.

Госæма нæ бацин кодта, ницы сдзырдта лæппуйы уацхъуыдмæ. Уымæй лæппу бамбæрста, йæхи хъуыды æмæ йæ мады хъуыды къæбылаты тыххæй кæрæдзимæ дард кæй сты.

Мад куы ницы сдзырдта къæбылаты тыххæй, уæд та Сослан нал фæлæууыди æмæ базгъордта сарамæ. Ацы хатт бацыди хæстæг, уыны: куыдз йæ фарсыл дæргъæй хуыссы хосæй лыстæныл. Æртæ гыццыл къæбылайы, цъынд цæстытимæ, йæ гуыбыны раз змæлынц. Мад уайтагъд йæ сæр схъил кæны æмæ та сæм ныккæсы, ратымбыл кæны йæхи æмæ сæ асдæрдтытæ кæны.

Аивгъуыдта æхсæв. Райсом раджы дыууæ лæппуйы иумæ бауадысты сарамæ. Кæсынц: къæбылатæ рабыр-бабыр кæнынц лыстæныл. Хъусой куы сæ разы алæууы, куы та иуварс ацæуы æмæ уырдыгæй бакæсы йæ къæбылатæм. Кæсы Хъусой лæппутæм дæр æмæ йæ къæдзил тилы, цин сыл кæны, адон сты йæ хæлæрттæ, йæ хъазæг æмбæлттæ. Уый афтæ æмбары хъуыддаг, æмæ къæбылатæ йæхицæн куыд уарзон сты, хъуамæ лæппутæн дæр афтæ уарзон уой.

Гаппо дзуццæджы æрбадти æмæ сдзырдта:

— Дыууæ дзы йæхи хуызæн сты, æртыккаг — æндæрхуызон, цъæхбын.

— Рæсугъд куыйтæ уыдзысты, — загъта Сослан.

Лæппутæ къæбылатæм фаг куы фæкастысты, уæд бауадысты хæдзармæ цай цымынмæ. Сæ фыд бадти стъолы фарсмæ, мад та самоваримæ архайдта.

— Иуы дзы ныууадзæм нæхицæн, — дзырдта фыд.

— Нæ нæ хъæуы сæ иу дæр, уый дæр та куы нæ хæссæм, — загъта мад. — Хъусой нын йæхæдæг æгъгъæд у.

Ацы ныхæстæм байхъусгæйæ Сослан дис кодта, цæуыл дзурынц, цы фæкæнынмæ хъавынц уæдæ къæбылаты?

— Аппарæнт сæ уæдæ æртæйы дæр, — загъта фыд. — Теркмæ сæ ахæссæнт æмæ сæ уым баппарæнт.

Сослан кæуынхъæлæсæй дзуры йæ мадмæ:

— Ма сæ аппарут, нана. Куыд рæсугъд сты, уый куы зонис!

Гаппойы дæр нæ фæндыди сæ аппарын æмæ загъта:

— Куы схъомыл уой, уæд нын нæ кæрт, нæ хæдзар хъахъхъæндзысты. Цæмæн сæ æппарут!

Сосланы хъуыдытæ æндæр уыдысты. Уый афтæ фæндтæ кодта хинымæр, мæнæ бахъомыл уыдзысты æмæ семæ хъаздзæн, быдырмæ сæ-иу акæндзæн æмæ-иу уым иумæ дугъы уайдзысты. Иннæмæй та тæригъæд дæр кодта къæбылатæн, йæ цæстытыл уади, Терчы сæ куы баппарой, уæд сæ доны фæйлауæнтæ куыд фæцæйскъæфдзысты, куы фæбынæй уыдзысты, куы та-иу фæзындзысты.

Лæппуйы рустыл цæстысыгтæ æруади.

— Нана, баба! Ма сæ аппарут! — зæрдæбынæй куырдта Сослан. — Ахæм дзæбæх сты, æмæ диссаг.

Фæлæ мад æмæ фыдæн сæ фæнд конд фæци æмæ ма æрмæст хъазæн ныхæстæ кодтой сæ сæвыллæттæн.

Бинонтæ райсомы цай куы ахицæн кодтой, уæд фыд баздæхти хистæр лæппумæ:

— Гыццыл чыргъæд райс æмæ уыцы къæбылаты доны баппар!

— Æмæ Хъусой дæр афтæ зæгъы? — сдзырдта Гаппо. — Æвналын дæр сæм куы нæ уадзы. — Лæппуйы фæндыди къæбылаты исты амалæй фервæзын кæнын æмæ уымæн афтæ дзырдта.

Фæлæ Госæмайæн хъуыдыгонд уыди хъуыддаг. Уый загъта:

— Куыдз ныртæккæ стонг у. Æз æй хæринагмæ расайдзынæн, сымах та уæд къæбылаты фелвасут æмæ сæ ахæссут!

Хистæр лæппу бамбæрста, мад æмæ фыд сæ фæнд кæй нал аивдзысты æмæ ницыуал дзырдта къæбылаты ирвæзын кæныны тыххæй, фæлæ Сослан былæфтыдæй, æнкъардæй лæууыди. Уый дис кодта, цæмæн æппарынц къæбылаты, цæуылнæ сæ бауадзынц стыр кæнын. Йæ цæстытæ та доны разылдысты, æмæ та дзуры йæ мадмæ:

— Нана, тæригъæд не сты, цæмæн сæ æппарут?.. Ныууадзут сæ! Куыд дзæбæх сты, уый куы зонис.

Госæма йæ лæппуйы ныхæстæм мидбылты бахудти æмæ куыдзæн хæринæгтæ æмбырд кæнынмæ фæци.

Стонг куыдз, къæдзил тилгæйæ, рауади усы фæдыл тыргъмæ. Стджытæ æмæ къæбæртæ куы ауыдта къуымы, уæд йæ гуыбыныл æрхуыссыди æмæ зыдæй хæрын райдыдта.

Уыцы рæстæджы хистæр лæппу, Гаппо, къæбылаты чыргъæды авæрдта æмæ кæрты дуары æдде фæци. Сослан дæр йæ фарсмæ уади, чыргъæдмæ ныккæс-ныккæс кæнгæйæ.

Хъусойæн йæ зæрдæ йæ къæбылатæм æхсайдта, йæ хъуыдытæ уыдонимæ уыдысты, фæлæ хæрын дæр хъуыди, æмæ тагъд-тагъд хи æфсадыны куыст кодта. Æппынфæстаг йæ зæрдæ нал фæлæууыди уæддæр, дзыхы дзаг фелвæста стджытæ æмæ къæбæртæ æмæ азгъордта сарамæ. Къæбылаты уым куынæуал ауыдта, уæд джихæй аззади иу минуты бæрц. Хæринæгтæ дзыхæй æрызгъæлдысты, хæрын æй айрох ис. Асмыстытæ кодта, асхъиудта æмæ æррайау æрзылди сарайы къуымты. Рауади Хъусой сарайæ, ракæс-бакæс акодта æмæ кæрты бырумæ сгæпп кодта. Уырдыгæй дардмæ афæлгæсгæйæ, азылдтытæ кодта йæ сæр алырдæм. Бæрæг уыди, йæ сæрымагъз дисæй æмæ мæтæй фæйлауæнтæ кæй кæны. Уайтагъд фæзылди фæстæмæ, рахста йæхи дæлæмæ æмæ, смудгæйæ, дуары æдде фæци.

***

Дыууæ лæппуйы куыддæр Терчы былмæ бахæццæ сты, афтæ Хъусой сæ разы æрбалæууыди. Чыргъæды йæ къæбылаты куы ауыдта, уæд йæ цинæн кæрон нал уыди, хъыллистытæ кодта, йæ къæдзил æнæрæнцойæ тылдта... Æгайтма йæ зынаргъ къæбылатæ адонмæ разындысты, йæ хæлæрттæм, йæ хъазæг æмбæлттæм, ныр сын ницыуал тас у!

Фæлæ мæнæ Гаппо галиу къухæй чыргъæд бæрзонд систа, рахизæй та къæбылаты фæд-фæдыл доны астæумæ фехста.

Хъусой зæрдæхалæн ниуд ныккодта æмæ йæхи доны баппæрста. Иуæрдæм, иннæрдæм аленк кæны, фæлгæсы алырдæм. Иу къæбылайы ма дзы ауыдта, дæлæ йæ фæласы дон. Ныхъхъынцъым кодта, нынниудта Хъусой, ауагъта йæхи йæ хъæбулы фæстæ æмæ йæ ацахста.

Кæстæр лæппу, Сослан, бацыди Терчы хæдбылмæ æмæ касти Хъусойы катаймæ. Йæ цæстысыгтæ дыууæ уæрæх фæндаджы акодтой рустыл æмæ дыууæ цыхцырæгау ныллæууыдысты зæхмæ. Гаппо та йыл худгæ кодта æмæ дзырдта:

— Аку, аку... Уыдон афонмæ дæллаг хидмæ ныххæццæ сты.

Уалынмæ дыууæ лæппуйы раз, къæдзил тилгæйæ, фегуырди Хъусой — къæбыла йæ дзыхы, мæллæг хъист-хъист кæны.

Хъусой тынг ахуыр уыди Гаппо æмæ Сосланыл, бирæ фæхъазыдысты иумæ, бирæ фæзылдысты быдырты, кæрæдзи уарзтой, кæрæдзийыл æууæндыдысты алцæмæй дæр. Ныр, Гаппо къæбылаты доны куы баппæрста, уæд дæр Хъусой афтæ æнхъæл уыди, æмæ хъазгæ кæны. Фæлæ ацы хъазт æппындæр йæ зæрдæмæ нæ цыди. Чердыгон хъазт у уый! Йæ уарзон гыццыл къæбылаты йын фелвас æмæ Терчы бавзил! Мæнæ ма дзы иуы ссардта, фæлæ иннæтæ кæм сты, кæм сæ агура.

Хъусой къæбылайы йæ разы куы æрæвæрдта, уæд æм Сослан бауади æмæ йын йæ хуылыдз хъуын къухæй сæрфы, куыдз дæр та йæ къæдзил батылдта.

Гаппойы зæрдæйыл лæууыди йæ ныййарджыты фæдзæхст æмæ бараст ис къæбыламæ. Сосланы рустыл цæстысыгты фæд куы ауыдта, Хъусой йæм куы æрбакасти æнкъард æмæ дисгæнгæ цæстытæй, уæд Гаппойæн дæр йæ зæрдæ æрбауынгæг ис, фæлæ гæнæн нæй — дард фæхаста йæ къух æмæ фехста къæбылайы Терчы астæумæ.

Къæбылайы фæдыл та Хъусой дæр баппæрста йæхи доны. Бирæ раленк-баленк фæкодта, бирæ рацагур-бацагур фæкодта, фæлæ ницыуал ссардта ацы хатт.

Лæппутæ йæм кастысты былæй, тæригъæд ын кодтой æмæ йæм дзырдтой:

— Хъусой, Хъусой! Цом нæхимæ!

Хъусоймæ ахæм дзырдтæ нал хæццæ кодтой, æмæ дзы цалынмæ хъару уыди, уалынмæ агуырдта йæ къæбылайы, стæй йыл доны фæйлауæнтæ тыхджындæр кæнын куы байдыдтой, уæд рабырыди былмæ. Нал тылдта ныр йæ къæдзил лæппуты уынгæйæ. Дæрддзæф æрлæууыди æмæ сæм æнкъардæй, уайдзæф æмæ зæрдæхудты цæстæй касти.

Нал куымдта Хъусой доны былæй хæдзармæ цæуын, тыхæй йæ атардтой дыууæ лæппуйы сæ хæдзармæ. Кæрты мидæг куы фесты, уæд Гаппо дуар фидар сæхгæдта æмæ бацыди хæдзармæ. Фæлæ Сослан кæрты баззади куыдзы раз. Куыдз иу ран сагъдау лæууы, йæ къæдзил — уæгъд зæбул, йæ цæстытæ — зæхмæ, иу ранмæ арæзт.

Сослан дзуры куыдзмæ лæгъз хъæлæсæй, рæвдаугæйæ, фæлæ йæ куыдз, цыма æппындæр нæ хъусы, уыйау æм кæсгæ дæр нæ кæны, сагъдау лæууы. Уæд лæппу бауади хæдзармæ æмæ радавта йæ хай — карчы сынæг, куыдзы раз æй æрæвæрдта æмæ фæлмæн хъæлæсæй дзуры:

— Ахæр, Хъусой, ахæр!.. Ахæр, Хъусой! Æз та дын ноджыдæр рахæсдзынæн!

Нæ фезмæлыди йæ бынатæй куыдз, хæринагмæ дæр не ’ркасти.

Иу минуты бæрц фæлæууыди лæппу Хъусойы раз, æнкъардæй йæм касти, стæй та йæм баздæхти лæгъстæгæнæгау:

— Ахæр-ма, Хъусой, цæй!

Хъусой нæ хъусы, Хъусой не змæлы. Фæлæ мæнæ æвиппайды ныррызти йæ сæрæй йæ къæхтæм, стæй, цыма йæ исчи рæхойгæ фæкодта, уыйау фесхъиудта æмæ кæрты дуары ’рдæм аппæрста йæхи. Дуар æхгæд куы разынди, уæд быруйы сæрты агæпп кодта уынгмæ. Сослан ма йæ фæдыл рауади, фæлæ куыдз чердæм алыгъдис, уый бæрæг нал базыдта.

— Алыгъди нын! Нал нæм æрцæудзæн! — сдзырдта хинымæр лæппу æмæ æнхъæлæй Терчы ’рдæм араст ис. Уым бирæ рафæлгæс-бафæлгæс фæкодта, фæлæ ницы ссардта æмæ раздæхти фæстæмæ хæдзармæ. Цыди сындæг, ракæс-бакæс кæнгæйæ, æмæ та-иу уайтагъд сдзырдта: — Афтæ нын хъæуы! Афтæ нын хъæуы, афтæ!

Доны былæй иучысыл куы рауади, уæд дзыхълæуд фæкодта: дард, дæлæрдыгæй, донвæды ауыдта Хъусойы хуызæн куыдзы. Ныккасти æдзынæг. Бæлвырд, уый уыди Хъусой. Ныллæу-ныллæу кæнгæйæ, æдзух доны ’рдæм кæсгæйæ, доны былтыл дæлæрдæм цыди Хъусой.

Сослан азгъордта уыцырдæм, фæлæ йын комкоммæ фæндаг нæ разынди. Уæд дардыл азылди Сослан, фæлæ куыдзы кæм федта, уым æй нал ссардта. Ацыди ма дæлдæр, фæлæ куыдз никæцæйуал фæзынди.

Бон-изæрмæ бинонтæ æнхъæлмæ фæкастысты Хъусойы æрбаздæхынмæ, фæлæ уый никæцæйуал фæзынди. Тынг фæхъыг кодтой бинонтæ, тынгдæр та лæппутæ, Хъусойы сæфтыл. Æхсæвы Сосланы хуыссæг дæр нал ахста, æрæджиау куы бафынæй ис, уæддæр йæ фыны уыдта Хъусойы æмæ йæ къæбылаты.

Дыккаг бон иннæ хæттытæй раздæр райхъал ис Сослан. Йæ фыццаг хъуыды уыди Хъусойы тыххæй. Кæд, мыййаг, фæзынди, зæгъгæ, азгъордта сарамæ бæгъæввадæй. Кæсы, æмæ Хъусой йæ лыстæныл хуыссы, иу къæбыла йæ разы.

Цингæнгæйæ бауади Сослан куыдзмæ хæстæгдæр æмæ йæм дзуры:

— Хъусой, Хъусой, æз дын хæринæгтæ радавдзынæн!

Сосланы ауынгæйæ, куыдз иу цъус йæ къæдзил базмæлын кодта, фæлæ йæм фыццагау цины хъыллистытæ нал разынди йæ хъазæг æмбалæн.

Хъусой хуыссыди йæ рахиз фарсыл, йæ фарсмæ мард къæбылайыл галиу къахы дзæмбы æвæрд.

Бинонтæн æхсызгон уыди Хъусойы фæзынд. Госæма амбырд кодта къæбæртæ, стджытæ æмæ сæ бахаста Хъусойы размæ. Куыдз та цъус йæ къæдзил базмæлын кодта, фæлæ хæринæгтæм кæсгæ дæр нæ ракодта.

— Ахæр, Хъусой, ахæр! — лæгъз хъæлæсæй дзырдта Госæма, фæлæ куыдз нæ ракасти уæддæр хæринæгтæм.

Бон-изæрмæ бинонтæ абæрæг-абæрæг кодтой Хъусойы. Уый йæ хуыст нæ фендæрхуызон кодта, дзæмбы фыццагау — мард къæбылайыл æвæрд, хæринæгтæ дæр йæ разы æнæвнæлдæй лæууыдысты.

Ус сфæнд кодта мард къæбылайы исчердæм аппарын, афтæ æнхъæлæй, æмæ йæ кæд Хъусой айрох кæнид æмæ та хæрын райдаид. Бавнæлдта Госæма мард къæбыламæ, дзæмбыйы бынæй йæ раласынмæ хъавыди, фæлæ куыдз афтæ мæсты ныууынæргъыдта, æмæ ус иуварс аппæрста йæхи. Уæд Хъусой мард къæбылайы йæ дзыхы фелвæста æмæ кæрты быруйы сæрты агæпп кодта.

***

Къуырийы бæрц рацыди Хъусойы алыгъды бонæй. Сугъартæ хъыг кодтой сæ куыдзы алыгъдыл, фæлæ ма сæ цъус ныфс дæр уыди, зæгъгæ, йæ маст куы ссæуа, уæд та кæд бацагурид йæ хæдзар.

Иу изæр Гаппо æмæ Сослан ацыдысты быдырмæ, хъомы размæ. Раджы ма уыди, хъом нæма зындис, æмæ лæппутæ сæхи фæстиæттæ кодтой, разгъор-базгъор кодтой къутæрты æхсæнты. Афтæмæй фæкомкоммæ сты иу къутæры бын куыдзы мардмæ. Куыдз фæлдæхт уыди рахиз фарсыл, раззаг галиу къахы дзæмбы æвæрд уыди мард къæбылайыл. Уый уыди Хъусой. Лæппутæ йæ базыдтой иу бакастæй. Æвæццæгæн, куыдз амарди дыууæ-æртæ боны раздæр æмæ смаг кæнын байдыдта. Уæддæр æм лæппутæ бацыдысты хæстæг.

Сосланы былтæ уайтагъд фесчъил сты. Рустыл фæбырыдысты, фæдгæнгæйæ, цæстысыгтæ. Ныккуыдта йæ хъæлæсы дзаг Сослан.

Уæд Гаппо дæр нал баурæдта йæхи æмæ ныдздзынæзта:

— Нæ зонын, нæ зонын, цæмæн ын фесæфтой йæ къæбылаты?!

ФИППАИНÆГТÆ

Мыхуыр цæуы «Уацмысты» текстмæ гæсгæ. Фыццаг хатт рацыд — РÆ-34. Ныффыста йæ 1920 азы.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.