Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Коцойты Арсен

БИМБОЛЫ КАРЬЕРÆ

Йæ дзых Дзæуджыхъæуы ’рдæм арæзт, афтæмæй сармадзан лæууыди хъæуы астæу, къæнцылары фæзы. Йæ алыварс хъазыдысты сывæллæттæ, къухтæй йæ сгæрстой, ахæцыдысты-иу ыл размæ, фæлæ сын тулын кæм куымдта, йæ сæрмæ иу бырыдысты, уисæй-иу æй æрцавтой æмæ хъæр кодтой:

Нуа, дадайы къаласка! — Сывæллæттæ сармадзанæн йæ дзых æмбæрзæнмæ дæр сиваз-сиваз кодтой, фæлæ сæ хистæртæ уымæ æвналын нæ уагътой, нæ уагътой сæ æвналын, сармадзаны бын цы дыууæ нæмыджы уыди, уыдонмæ дæр.

— Ахæм хорз сармадзан никуы ис, никуы, — дзырдтой хъæууон адæм, æппындæр ын чи ницы æмбæрста, ахæмтæ дæр.

Уыцы сармадзан хъæууон адæмæй чидæр федта горæты кæрон быдыры, бæхтæ дзы баифтыгъта æмæ йæ баласта хъæумæ. Цæмæн хъæуы, цы дзы кæндзысты хъæуы мидæг, ууыл хъуыды дæр нæ акодта. Æрмæст дзы йæ зæрдæ хъал уыди, зæгъгæ, дзы хъæубæстæ ныббузныг уыдзысты ахæм лæвары тыххæй. Иу-дыууæ мæйы бæрц афтæ лæууыди сармадзан.

Уалынмæ кæцæйдæр фæзынди паддзахы булкъон Дриаты Бимбол. Уый цинæй амарди сармадзаныл, ауындтытæ йæ кодта æмæ загъта:

Бæззы, бахъæудзæн нæ. Нæмгуытæ дæр ын ссардзыстæм. — Афæрстытæ кодта Бимбол, хъæубæстæ хотыхтæй куыд ифтонг сты, уымæй. Сбæрæг ис, алы хæдзары дæр кæй ис винтовкæтæ, магазинкæтæ, иуæй-иу хæдзæртты та дыгæйттæ, æртыгæйттæ. Разынди дзы дзæвгар алы мыггаг револьвертæ дæр æмæ æртæ пулеметы. Уыцы хæцæнгæрзтæ иууылдæр ифтонг уыдысты гилдзытæй...

Хорз у нæ хъуыддаг, — загъта Бимбол. Хъæууон адæм уыцы булкъоны иууылдæр зыдтой. Ацы хъæуккаг кæй уыди, æрмæст уый тыххæй нæ, фæлæ йæ зыдтой æндæр хъуыддæгтæй дæр. Калачы юнкерты скъолайы каст куы фæци, æмæ подпоручикæй куы рацыди, уæд йæ хæдзары уыди отпусчы иу мæйы дæргъы. Иу хатт йæ бæхыл бадынмæ хъавыди æмæ бæх йæ коммæ нæ касти, уæд лæг фæмæсты ис, йе ’хсаргард фелвæста æмæ дзы бæхы бæрзæй арф фæлыг кодта.

Æрра цыдæр у,— загътой хъæубæсты. Дзæуджыхъæуы уæвгæйæ, фæцæйцыди æфсæйнаг хидыл — йæ иувæрсты, иннæ фæрсты иннæрдæм фæцæйцыди иу салдат æмæ Бимболæн честь нæ ратта. Кæцæй йын раттаид честь хиды иу фарсæй иннæмæ, сæ астæуты уæрдæттæ æмæ бæхджынтæ дыууæрдæм куы кодтой? Бимбол — ногфых афицер — уыдæттæ нæ ахъуыды кодта, фæлæ бауади салдатмæ æмæ йын йе ’хсæрфарсæн зæланг цæф ныккодта. Кад æм касти уый. Сæ хъæубæстæй чидæртæ федтой Бимболæн йæ уыцы «сгуыхтдзинад», æмæ йыл сæ зæрдæ фæхудти. Иннæ афицертæ дæр афтæ цавтой салдæтты, чысыл исты азым дæр сæм-иу куы ссардтой, уæд, æмæ уый закъон нæ урæдта, фæлæ Бимбол та ныццæвыны тыххæй æфсон агуырдта æмæ йыл уый тыххæй иннæ афицерты зæрдæ дæр худти. Йæ хъæубæсты дзæбæх сдзурынмæ никæуыл æрвæссыди, йæ разы-иу сæрибар йæхи чи дардта, уымæн-иу афтæ:

— Æз афицер дæн, æмæ мæ разы сымах хъуамæ «во фронт» лæууат!

Нæй, ацы хъуыддаг нæ рæзыди Бимболатæн — фæллойгæнæг адæмæй йæ разы «во фронт» ничи лæууыди.

— Сымах дикартæ стут, дикартæ, — загъта уæд Бимбол æмæ, йæ отпуск нæма ахицæн ис, афтæмæй ацыди хъæуæй. Уæдæй фæстæмæ йæ райгуырæн хъæумæ æмгæрон нал æрцыди.

Ныр мæнæ, фынддæс азы фæстæ, фæзынди бæмбæгæй фæлмæндæрæй, алкæимæ дæр лæгъз ныхас кæны, бæрæг у, цæйдæр тыххæй сын лæгъстиаг кæй у, уый. Лæгъстиаг та сын уый тыххæй у, æмæ та дæлæ ссæуынц большевиктæ, цард чи халы, Бимболмæ гæсгæ, уыдон, ома афицертæн сæ пъагонтæ чи акалдта, хъæздгуыты, кулакты чи сафы, помещикты зæххытæ фæллойгæнæг адæмæн чи дæтты. Хъуамæ йын ныр йæ хъæубæстæ баххуыс кæной уыцы большевикты фæсурынæн. Рагагъоммæ йæ цæстытыл уади, Деникин дзы куыд ныббузныг уыдзæн, инæлары чин ын куыд ратдзæн æмæ, йæ сæр бæрзонд хæсгæйæ, куыд цæудзæн адæмы æхсæн. Горæты бульварыл-иу куы фæцæйцæуа, уæд æм-иу амондзысты: «Уæртæ Дриаты инæлар фæцæуы».

Уайтагъд Бимболы алыварс æмбырд кæнын байдыдтой хъæздгуыты, кулакты, спекулянтты фырттæ. Бон-изæрмæ Бимбол зылди ныхæстыл æмæ амыдта адæмæн, цы сты болыпевиктæ, уый. Æвзæр дзырдæй сыл цы нæ мысыди, ахæм ницы уыди... Цæргæ кодта йе ’фсымæр Хъамболаты хæдзары. Фæлæ уыимæ сæ ныхас, сæ фæнд кæрæдзиуыл нæ бадтысты, хæрамзæрдæ дардтой кæрæдзимæ.

***

Зымæг уалдзæджырдæм фæкъул ис. Хъарм бонтæ кодта. Мит тади. Хæдзæртты сæртæй цыхцырджытæ тагъдысты. Уынгтæн сæ дзыхъхъ рæтты згъордтой доны тæгтæ æмæ сæ хъуыр-хъуырæй зæрдæ рухс кодта — уалдзæг кæй æрхæстæг кæны, уый нысан уыдысты. Уыцы афоны Дриаты Хъамболаты хæдзары иу уаты æмбырд уыдысты фынддæс лæджы. Рæбынæй бадтысты тъахтиныл сауджын, хъæуыхицау æмæ Хатуты Хату. Иннæтæ бадтысты алы къуымты алыхуызон бандæттыл. Иу-дыууæйæн дзы бандæттæ нæ уыди æмæ бадтысты рудзгуыты дæлвæйнæгтыл. Сауджынæй уый зæгъын хъæуы, æмæ, сырхытæ фыццаг хатт куы райстой Цæгат Кавказ, уæд уайтагъд йæ сауджындзинад аппæрста, фæлæ йæ пæлæз, йæ крест, йæ скуфья æмæ сауджындзинады иннæ нысæнттæ пъолы бын бафснайдта. Урсытæ куы ссыдысты, уæд сæ систа æмæ та сæ йæ уæлæ скодта. Ныр, сырхытæ та ссæуынц, зæгъгæ, куы айхъуыста, уæд та уый дæр фæнд кодта йæ сауджындзинады нысæнттæ пъолы бын фæкæнын. Фæлæ йæ уый цæмæй нæ бахъуыдаид, уый тыххæй ныр хъуамæ æвзæрстаид мæнæ ацы «хорз» адæмимæ иумæ сырхыты ныхмæ тох кæныныл, — чи зоны, кæд сын нал бантысид бæстæ айсын. Хатуты Хатуйæ та уый зæгъын хъæуы, æмæ уымæ уыди зæхх мин дæсæтины. Ацæргæ æмæ фенгæ лæг уæвгæйæ, уый хорз æмбæрста, йæ цард, йæ ис-йæ бон стыр тасы бын кæй сты, æмæ сфæнд кодта хъазуаты тох скæнын сырхытимæ. Хатуйæн уыди фырты — сæ иуæй иннæ сахъдæр. Уыдон иууылдæр цæттæ уыдысты сæ цард, сæ исбоны сæрыл стыр тох скæнынмæ. Ифтонг дæр уыдысты алы мыггаг хотыхтæй, суанг сæм пулемет дæр уыди фондз лентæимæ. Хъæуыхицау, хъæздыг хъæууон хæдзарæй уæвгæйæ, æвæрд æрцыди уыцы бынаты æмæ уый дæр, афтæ йыл чи баууæндыди, ахæм аргъ ын чи скодта, уыцы хицæутты сæрыл хъуамæ йæ туг ныккала. Иннæтæ уыдысты базаргæнджытæ, спекулянттæ, сæудæджертæ, æхца пайдайыл дæтджытæ. Дзæвгар ма уыди уыцы стыр хъæуы, сырхытæй йæ удхæссæг чи федта, йæ цард, йæ исбонæн тæрсгæйæ, æхсæв хуыссæг кæй нал ахста, ахæм адæмтæ. Фæлæ уыдон се ’ппæты Дриаты Бимбол не ’мбырд кодта, нæ йæ хъуыдысты ныр. Ам бамбырд кодта «ядро», «главный штаб».

Фарон сырхытæ куы фæуæлахиз сты, уæд нæхи большевикты базыдтам, — дзырдта, йæ ахуырст рихитæ схъаугæйæ, Хатуты Хату, — иу-дæс цыдæр уыдысты. Уайтагъд уыдон иууылдæр хицæуттæ æрбакодтой сæхи. Мæнæ нæ временныйтæ æмæ алы æнæхæдзæрттæ та сын хъузæттæ фæлæууыдысты. Деникин куы ссыди, уæд уыцы большевикты ацахсын хъуыд, удæгасæй сæ басудзын хъуыд. Мах нæ сарæхстыстæм. Фæлыгъдысты нын æд хотыхтæ æмæ кæмдæрты — хъæдты æмæ лæгæтты бамбæхстысты, — уым æнхъæлмæ кæсынц сæ рад æрцæуынмæ. Нæ сыхаг хъæуты цы большевиктæ уыд, уыдон дæр афтæ фæлыгъдысты. Æрмæст дзы иугæйттæ бафтыдысты къухты æмæ, цы аккаг уыдысты, уый баййæфтой. Ауæрдын нæ хъæуы, хатыр нæ хъæуы, кæннод фесæфдзыстæм. Бимбол куыд зæгъы, афтæмæй саразын хъæуы организаци, — хицæнтæй ницы бакæндзыстæм. Бимболы бар бакæнæм организаци саразыны хъуыддаг, — уый æфсæддон лæг у æмæ хуыздæр зоны, куыд хъæуы, уый.

Хатуйы ныхасмæ иууылдæр æнувыдæй байхъуыстой,— уый нымадтой зондджын адæймагыл. Алырдыгæй сдзырдтой:

— Афтæ... афтæ!

— Раст у!

— Хорз зæгъы Хату!

Сауджын йæ сау зачъе асхъаудта, афæлгæсыди алырдæм æмæ загъта:

— Хъуыддаг аразæг Бимбол у. Хорз радзырдта æрдæбон. Æз уый зæгъын, æмæ Бимбол цыдæриддæр фæндтæ скæна, уыдоныл мах хъуамæ сразы уæм... Бимбол, кæд ма нын исты зæгъинаг дæ?

— Æнæ зæгъгæ нæй. Æз мæ ныхасæн кæрон нæма скодтон. Мах уал æрæвæрдтам ам, хъуыддагæн «ядро» кæй хонынц, уый — «главный штаб». Æвæстиатæй арвитдзыстæм нæ сыхаг хъæутæм делегаттæ. Алы делегат дæр кæуыл æууæнды, ахæмтæн бамбарын кæндзæн хъуыддаг, уыдон дæр сæхимæ ахæм организацитæ куыд саразой, афтæ æмæ дарддæр хъæутимæ сæхи куыд сбæттой, афтæ. Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ хотыхтæй уыдон дæр фаг ифтонг уыдзысты. Уыйфæстæ, хъуамæ тæккæ абон дæр æвзарын байдайæм, фæсивæдæй нæ хъуыддаджы сæрыл хæстмæ чи рацæудзæн, уыдон. Хъуамæ дзы, чи фæзивæг кæна, ахæмтæ бирæ ма разына. Æз фæдæн мæ дзырд.

— Авд фырты мын ис, — загъта Хату, — Ифтонг сты алцæмæй... Се ’ппæт дæр ацæудзысты хæсты быдырмæ.

Куыддæр уый загъта Хату, афтæ уаты дуар бахостæуыди (дуар мидæгæй æхгæд уыд). Бадджытæ фæдис кодтой, фæхъус сты. Бимбол бакодта дуар. Базынди дзы йе ’фсымæр Хъамболат. Уый хъæды уыди суг ласынмæ æмæ нырма ныртæккæ æрхæццæ ис. Æрлæууыди дуары астæу, салам нæ ратта, афтæмæй дæрзæг хъæлæсæй загъта:

Æз зонын, сымах ам цæй тыххæй æмбырд стут, уый. Æз нæ дæн большевик, нæ дæн меньшевик дæр, урс дæр нæ дæн. Бахатыр кæнут, фæлæ æз мæ хæдзары ахæм æмбырдтæ аразын нæ бауадздзынæн.

— Æрмæст дæ хæдзар нæу,— дзуры йæм Бимбол.— Мæ хæдзар дæр у.

Ам дæуæн хæдзар нæй. Цы муртæ нæм уыди, уыдон дыл бахардз кодтам, кæд, зæгъгæ, истæйаг суаис æмæ хæдзарæн исты ахъаз кæнис. Ды афицер сдæ æмæ кæдæмдæр дæ сæр фæхастай, фынддæс азы дæргъы кæм уыдтæ, уымæн дæр мах ницы зыдтам. Ацы хæдзарыл дæ фæллойæ иу капекк нæ уыди æмæ нæй. Ныр æм æрцыдтæ халынмæ. Цæр дзы, кæд дæ фæнды, уæд, хæр, цы дзы ис, уый, фæлæ йæ халын æз нæ бауадздзынæн. Акæн дæ уазджыты... Мæн не ’вдæлы, — уæртæ мæ сугтæ уæрдонæй нæма ракалдтон.

Цалынмæ Хъамболат йæ ныхас нæ фæци, уæдмæ хъыпп-сыпп ничи скодта...

Хату хъус-хъусæй цыдæр адзырдта Бимболæн æмæ уæд уый йæ чемодан раласта сынтæджы бынæй, æндæр æм ницы уыди — чемодан æмæ йæ уæлæйы дарæс.

Кæрты дуарæй ма Бимбол иу каст фæкодта фæстæмæ.

— Бузныг, ме ’фсымæр, дæ уæздандзинадæй!

Фæндараст фæу! — сдзырдта йæ фæдыл Хъамболат, стæй фездæхти йæ сугтæм æмæ сæ уæрдонæй зæхмæ калын байдыдта.

***

Æрмæст къуырийы бæрц рацыдаид уыцы бонæй, афтæ Дриаты Бимболы хъустыл ауади, сырхытæ, дам, бырсгæ ссæуынц, станцæ Минеральные Воды айстой æмæ бырсынц дарддæр, урсытæ сæ уромын нал фæразынц æмæ фæстæмæ цæуынц. Бимбол рамбырд кодта йæ отряд, — уыди дзы æртæсæдæ адæймаджы. Уый афтæ æнхъæл уыд, æмæ хъæуы фæсивæдæй иу мин адæймаджы уæддæр æрæмбырд уыдзæн йæ отряды, фæлæ дзы æртæсæдæйы дæр тыхтæ-амалтæй æрæмбырд ис, уыйбæрц дæр дзы уымæ гæсгæ рауади, æмæ бирæ хæдзæрттæй рацыди къордгай адæймæгтæ, Хатуты Хату та йæ фыртты се ’ппæты дæр рарвыста. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Бимболы отряд ууыл ныллæууыди, зæгъгæ, сырхытæн сæ размæ цæуын нæ хъæуы, фæлæ ам æнхъæлмæ кæсын хъæуы. Уыдон Дзæуджыхъæу куы бацахсой, уæддæр сын, зæгъгæ, нæ хъæумæ æрбауадзæн нæй.

Горæтæй хъæуы æхсæн, Æрхондонæн йæ хъæуы ’рдыгæй былтыл Бимбол скъахын кодта акъоптæ æмæ йæхи цæттæ кæнын байдыдта — бырсынмæ нæ, фæлæ хъæу бахъахъхъæнынмæ, æнхъæл уыди, æмæ йæм сыхаг хъæутæ дæр фæкæсдзысты. Кæцæй йæм фæкастаиккой, уымыты цæрджытæн дæр сæ фылдæр сырхыты ссыдмæ æнхъæлмæ куы кастысты!

Æрбадтысты фæсивæд акъопты. Уырдæм сын сæ хæдзæрттæй æрвыстой хæбизджынтæ, аджы фых кæнæ цурыд кæрчытæ, гогызтæ, кусартытæ дæр, акъоппы раз иу сæхæдæг дæр физонджытæ куыд акодтаиккой, афтæ, æрвыстой сын ноджы арахъ æмæ бæгæны æнæвгъау. Хъæздгуыты хъал фæсивæд уым минас кодтой сæхицæн, зарыдысты, кафыдысты. Бимбол царди хъæуы мидæг Хатуты Хатуйы хæдзары æмæ уый дæр уым минас кодта, искуы-иу стæм хатт æрбауади акъоптæ абæрæг кæнынмæ, дыууæ-æртæ дзырды-иу скодта æмæ фæстæмæ фездæхти. Отряды фæсивæд зард æмæ кафт йеддæмæ сæхицæн æндæр ирхæфсæнтæ дæр хъуыды кодтой. Иу къордæй-иу афæнд кодтой, ауадысты-иу горæты ’рдæм æмæ-иу уым горæтгæрон фыстæ, сæгътæ, кæнæ стуртæ хизгæ куы ссардтой, уæд-иу сæ акъопты раз балæууын кодтой æмæ-иу сæ минас фæтыхджындæр кодтой.

Иу бон отряды адæмæй, кæрæдзи хорз чи æмбæрста, ахæмтæ, æнæусджынтæ, фæкъорд сты иу-æртыны бæрц, мах, дам, горæтмæ бауайæм, нæхи аирхæфсæм. Горæтгæрон уыдон фæхицæнтæ сты æртыгæйттæ-цыппæргæйттæ æмæ сæхи байстой малаканты слабодкæйы ’рдæм. Уым, цæхæрадæтты, дыргъдæтты цы сылгоймæгтæ куыстой, уыдонæй рацахстой иу-дæсы бæрц æмæ сæ акодтой быдырмæ. Уым алы рæтты æрбынат кодтой æмæ æнæуаг митæ фæкодтой. Уыцы æнаккаг хъуыддаджы тыххæй хъаст бацыди горæты хицæуттæм. Уыдон, хъуыддаг равзардзыстæм, зæгъгæ, загътой, фæлæ ницы бакодтой, — знаг дард нал уыди, афтæмæй ма сæ хæстон адæмы æфхæрдтаиккой?

Сырхытæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæумæ, фидар кодтой сæ хицауад, æвæрдтой ног æгъдæуттæ, фæлæ хъæутæм зынæг нæма уыди. Æрхондоны фарсмæ Бимбол бамбырд кодта йæ адæмы æмæ сын дзырдта:

Абон бæлвырд тыхджындæр сты сырхытæ, фæлæ та рæхджы нæхионты ардæм хъæуы. Куы фæзыной, уæд сын мах хъуамæ æххуыс раттæм. Сæ фæзыныны агъоммæ ма махæн нæ бон у сырхыты партизанон лæбурдтытæй хъыгдарын. Уый тыххæй хъуамæ нæхи бафæсвæд кæнæм кæмтты. Хотыхтæй стæм ифтонг, гилдзытæ нæм ис дзæвгар. Фарсхæцджытæ нын хъæуты ис бирæ æмæ хойраг хъуаг дæр нæ кæндзыстæм — хæсдзысты нын, нæхæдæг дæр амæлттæ кæндзыстæм.

Бирæ радзур-бадзуры фæстæ Бимболы фæдыл ацыди сæдæ адæймагæй дæр къаддæр, иннæтæ бафæнд кодтой афтæ: «Цалынмæ сырхытæ не ’рбиноныг сты, уæдмæ лæбургæ уæддæр фæкæнæм горæтмæ, хъуамæ дзы исты фæпайда кæнæм...»

***

Уыдис сæрдыгон райсом. Рог ирдгæ кодта хæхтæй æмæ зына-нæзына змæлын кодта бæлæсты сыфтæртæ. Алырдыгæй хъуыстысты мæргъты алыхуызон зарджытæ. Хъæуы уынгты змæлæг нæма зынд. Адæймаджы ныхас никæцæй ма хъуысти, фæлæ уасджытæ хъæуы сæрæй хъæуы бынмæ, кæрæдзи дзыхæй исгæйæ, зæрдиаг уаст кодтой, уасыдысты ноджы родтæ сæ мадæлтæм. Уыцы афон æртæ лæджы бацыдысты, хъæуы астæу фæзмæ.

— Нæмгуытæ куынæ ис, уæд цы кæнæм, цæмæй хæцæм? — сдзырдта иу.

— Тæрсынæн дыууæ гæрахы дæр хорз, — загъта иннæ æмæ бавнæлдта сармадзан ифтындзынмæ.

Æртыккаг багæпп кодта быруйы сæрты аргъуаны кæртмæ æмæ сбырыди дзæнгæрæгдзæгъдæнмæ, систа быдырон бинокль æмæ алырдæм фæлгæсын байдыдта. Дзæуджыхъæу, цыма йæ тæккæ раз уыди, уый хуызæн æм зынди. Æркасти бæрзондæй фæзмæ дæр — сармадзаны раз уыдис дæс-дыууадæс адæймаджы. Уыдон рацыдысты хæстæгдæр хæдзæрттæй: чи ронбæгъдæй, чи бæгъæмсарæй, кæмæн йæ дзабыртæ йæ къахы фындзтыл, кæмæн йæ куырæты æгънæджытæ æнæвæрд. Кæсынц иууылдæр, дыууæ лæджы сармадзанимæ куыд архайынц, уымæ. Иуæй-иутæ дыууæ лæгæн æфхæрæн цыргъ ныхæстæ кодтой. Уыцы дыууæ лæджы, паддзахы æфсады артиллерийы чи куыста, ахæмтæ уыдысты. Мæнæ сæм ныр æрхаудта рад сæ зонындзинад равдисынæн.

Сармадзан ифтыгъд фæци. Айхъуысти æрвнæрæгау гæрах. Адæм сæ хъустæ ахгæдтой къухты тъæпæнтæй, сæ бынæтты базмæлыдысты, дзырдтой:

— Уый гæрах у, гъе!

— Ахæм сармадзан, æвæццæгæн, æгас дунейыл дæр никуы ис!

Дзæнгæрæгдзæгъдæнæй æрыхъуысти хъæр:

— Недолет!

Адæм фылдæрæй-фылдæр кæнын байдыдтой сармадзаны раз. Ас адæм цыдысты тагъд къахдзæфтæй, сывæллæттæ згъордтой. Фæз афтæ байдзаг ис адæмæй, æмæ арвæй æхсидав куы ’рхаудтаид, уæд зæхмæ не ’рхæццæ уыдаид.

Сармадзан фехста дыккаг хатт. Адæм та сæ хъустæ къухты тъæпæнтæй ахгæдтой. Дзæнгæрæгдзæгъдæнæй æрыхъуысти хъæр:

— Перелет!

Уыцы минут сармадзаны размæ бахæццæ ис Бимболы æфсымæр Хъамболат.

— Гъе ныр та ма цы кæндзыстут? Недолет æмæ перелет ахицæн кодтат, фæлæ горæтæн йæхи та цæмæй æхсдзыстут?

Дыууæ лæджы хорзау нал фесты, сдзырдтой:

— Æмæ мах уæддæр куы ницы кæнинаг уыдыстæм, афтæ нæ зонындзинад æвдыстам.

— Сымах ницы кæнинаг нæ уыдыстут, æмæ мах дæр ницы кæнинаг не стæм.

Дыууæ лæгмæ бацыдысты хотыхифтонг фондз-æхсæз лæджы æмæ сыл æрхæцыдысты.

— Иннæтимæ сæ ахæстоны бакæнут!

Иннæтæ уыдысты, Хъамболаты отряд æхсæвы кæй æрцахста, уыдон — Бимболы «главный штаб», сауджынæй фæстæмæ, — уый уал ныууагътой, уырнæг фæллойгæнæг адæмæн хъыг куы уа, уымæй тæрсгæйæ. Уыдонимæ ахст фесты ноджы дæс лæджы, урсыты рæстæджы большевикты чи нымыгъта, ахæмтæ.

Алырдыгæй айхъуысти хъæртæ:

— Афтæ сын хъæуы уыцы куыйтæн, уыдон тугцъирты фарс сты.

— Арвитут сæ горæтмæ, коммунистытæ сын, цы хъæуа, уый бакæндзысты.

— Æмæ нæхæдæг цы ми кæнæм?

— Нæхи хъуыддаг нæу уый! — Терк йæ ивылды рæстæджы куыд уынæр кæны, афтæ уынæр кодта æгас фæз.

— Æмбæлттæ, байхъусут!

Адæм аздæхтысты, ныхæстæ кæцæй райхъуыстысты, уыцырдæм.

Къæнцылары балкъоныл лæууыдысты, урсыты рæстæджы хъæды æмбæхст чи уыди, уыцы большевиктæ, семæ ма æндæр чидæртæ.

Дзырдта Гениаты Никъала:

Æмбæлттæ, нæ бæстæйы фæстæмæ æрфидар ис фæллойгæнджыты хицауад — Советон хицауад. Ныртæккæ уал бæстæ сыгъдæг кæнын хъæуы, знæгтæй ма дзы чи баззади, уыдонæй. Уыйфæстæ нæ цард нæхи къухтæй араздзыстæм. Паддзахы къæбыла Дриаты Бимбол йæ бандиттæй иу къордимæ фæлыгъди хъæдмæ. Уый æнхъæл у, æмæ аирвæзти. Фæлæ нæ аирвæздзæн; йæ бандитты фылдæр хай ныртæккæ, сармадзаны гæрæхтæм гæсгæ, фæбырсы горæтмæ, фæлæ горæтмæ нæ бахæццæ уыдзæн. Афойнадыл базонын кодтам, кæмæн хъæуы, уыдонæн, æмæ сырхæфсæддонтæ сæ размæ бадынц. Ам нын уыди знæгтæ — Бимболы «главный штаб» æмæ урсыты рæстæджы, уыдон фарс чи хæцыди, коммунистты чи нымыгъта, уыдон. Дысон сæ æмбисæхсæвæй фæстæмæ иууылдæр æруыгътам æмæ сæ дæлæ ныккæнды бакодтам. Цы сын хъæуа, уый хицауад кæндзæн. Арвыстам горæтмæ. Абон нæм хæццæ кæндзысты, æмæ хицауады оргæнтæ æрæвæрдзыстæм.

Æмдзæгъдæн æмæ «ура»-йæн кæрон нал уыди. Фæстейы лæуджытæй чидæр бафарста:

— Зæгъ-ма, Никъала, цы хъауджыдæр ис большевиктæй, коммунисттæй? Мах æнхъæлмæ кастыстæм большевиктæм, ныр афтæ куы зæгъынц, коммунисттæ, дам, нæм ссыдысты.

Чидæртæ фæпыррыччытæ кодтой.

Большевиктæ æмæ коммунисттæ иу сты, — загъта Никъала. — Парти иу у...

— Бузныг уæдæ уымæй, — сдзырдта та уыцы хъæлæс.

Никъалайы фæстæ ма дзырдтой иу къорд оратортæ. Ныхас уыди, Советон хицауад цы хæссы фæллойгæнæг адæмæн, ууыл. Дзырдтой ууыл дæр, ныртæккæ знæгтæй бирæтæ кæй æрæмбæхстысты, æмæ уый тыххæй цырддзаст æмæ къæрцхъус лæууын кæй хъæудзæн.

Аходæнафон уыдаид, афтæ Дзæуджыхъæуæй æрбайхъуысти ахæм хабар: Бимболы бандиттæ базыдтой, сæ размæ керменисттæ æмæ сырхæфсæддонтæ кæй бадынц, æмæ сæ ныфс нал бахастой горæтмæ цæуын, фæлæ алырдæм фæлыгъдысты.

***

Фæндæгтыл æнафон цæуын æдас нал уыди,— цавæрдæр хотыхифтонг адæм стыгътой, æфхæрдтой цæуджыты. Диссаг уый уыд, æмæ æфхæрды цыдысты адæмæн сæ мæгуырдæртæ,— истой сын сæ бæхтæ, сæ дзауматæ, сæхи сын надтой.

Хъæуы хъæздгуытæй иу дæр æфхæрды не ’рцыди. Дис кодтой иууылдæр, ай цы хабар у, зæгъгæ, кæд абырджытæ фос фæкæныны куыст кæнынц, уæд хъуамæ хъæздыг цæуджыты стигъой, адон та мæгуырты равзæрстой сæхицæн амæттагæн. Уалынмæ, æфхæрды чи æрцыди, ахæмтæй чидæртæ базыдтой абырджытæй кæйдæрты æмæ радзырдтой уыцы хабар: хъæубæсты абырджытæ уыдысты булкъон Дриаты Бимболы бандиттæй.

***

Уыди уалдзыгон хъарм бон. Арвыл мигъы иу гæппæл нæ зынди. Хур фæцæйхæццæ кодта æмбисбоны бынатмæ, уыцы афон хъæды ’рдыгæй хъæуы сæрмæ æрзындис цавæрдæр адæмы къорд. Астæуккаг уынджы кæрон, Ныхасы цы адæм бадтысты, уыдон дисы бахаудтой, цавæр уой адон, зæгъгæ. Къорд æрхæстæг кæны — уыди дзы сæдæ адæймаджы бæрц. Мæнæ ис. Къорды астæу, сæ къухтæ фæстæмæ баст, афтæмæй цыдысты Дриаты Бимбол æмæ йæ бандиттæй фынддæсы бæрц. Сæ алыварс топпæргъæвдæй цыдысты сырхæфсæддонтæ — цыргъ худтæ сæ сæртыл. Къорд Ныхасы рæзты куы фæцæйцыди, уæд Ныхасы адæмæй чидæр фæхъæр кодта:

— Уæртæ нын нæ геройы фæкæнынц! — Адæм хъæрæй ныххудтысты.

Иннæ Ныхасы чидæр хъæрæй загъта:

— Уынут, уынут? Нæ булкъон инæлары чинмæ бæллыди æмæ йæ уæртæ райста.

— Афтæ ахицæн ис Бимболы карьерæ.

ФИППАИНÆГТÆ

Ист у «Уацмыстæй». Фыццаг хатт уыд — РÆ-34. Фыст æрцыд 1922 азы.

юнкерты скъола — паддзахы Уæрæсейы: æфсæддон скъола, подпоручик — паддзахы æфсады афицеры цин.

цурыд кæрчытæ — царвы физонæггонд кæрчытæ.

малаканты слабодкæ — Дзæуджыхъæуы иу хай.

Æрхондон — къаннæг дон станицæ Къардонмæ æввахс.

оратортæ — ам: æмбырды чи ныхас кодта, уыдон.

керменисттæ — Цæгат Ирыстоны революцион парти «Кермен»-ы уæнгтæ.

Уацмысты номхыгъдмæ »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.