Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 84. Ныхысæрыйае планетæтæ

Марсæй Юпитеры ’хсæн планетæтæ кæй ис, уый XIX æнусы онг бæлвырдæй ничи зыдта. Бирæ астрономтæ дзырдтой, зæгъгæ, уыцы дыууæ планетæйы ’хсæн æгæр афтид у æмæ дзы хъуамæ исты планетæ уа.

XVIII æнусы фæуды Тициус æмæ Боде æрхъуыды кодтой иу закъон, Хурæй цæугæйæ, планетон дæрддзæджытæ куыд рæзынц, уый фæдыл. Уыцы закъонмæ гæсгæ,Марсæй Юпитеры ’хсæн æнæмæнг хъуамæ уыдаид планетæ. Тициус æмæ Бодейы закъон раст нæ разынди, уымæн æмæ фæстæдæр цы стыр планетæты ссардтой, уыдон дæрддзæджытæ не ’рбадтысты, уыцы закъон сын цы нымæцтæ саккаг кодта, уыдоныл. Уый уыди, йæ бындуры физикон хъуыды кæмæн нæ уыд, ахæм закъон. Фæлæ уæд ничима зыдта, Тициус æмæ Бодейы закъон раст кæй нæу, уый, æмæ бирæтæ тынг зæрдиагæй агуырдтой уыцы æнæзонгæ планетæйы.

1800 азы фæззæджы немыцаг горæт Лилиенталы æрæмбырд сты æхсæз астрономы æмæ сфæнд кодтой уыцы æнæзонгæ планетæйы бацагурын. Уыдон эклиптикæйы облæст байуæрстой се’хсæн æмæ дзы алчидæр йæхи хайы хъуамæ агуырдтаид ног планетæ. Иу хайæн ма дзы хицау нæ разынди æмæ йæ радтой астроном Дж. Пиаццийæн (1746—1826), цæмæй уый дæр хайад райстаид уыцы куысты.

Немыцаг астрономтæ сæ куыстмæ бавнæлдтой, фæлæ цалынмæ Пиаццийæн сæ фæндон хъусын кодтой, уæдмæ аз дæр фæци. Раст уыцы рæстæджы посты дилижанс Палермойæ Милан æмæ Берлинмæ фæцæйласта Пиаццийы писмотæ. Пиацци йæ писмоты фыста, ног планетæ ссарын ын кæй бантыст, уый.

Куыд æрцыди уыцы хъуыддаг? Сицилийы сакъадахæн йæ хуссар кæрон ис горæт Палермо. Кæддæр араббы заманы уым сарæзтæуыд фидар мæсыг. XVII æнусы фæуды уыцы мæсыгæй сарæзтой обсерватори æмæ дзы куыста Пиацци. Бирæ зæрдиаг куыст фæкодта Пиацци уыцы обсерваторийы. XIX æнус историйы дуæрттæ цы ’хсæв æрбахоста, уыцы ’хсæв дæр уый уыди йæ обсерваторийы æмæ æнæзивæгæй йæ куыст кодта. Пиаццийы фæндыди æнæзмæлгæ стъалыты æххæст каталог саразын. Францаг каталоджы уый бафиппайдта рæдыд æмæ хъуыддаг бæлвырдæй базоныны тыххæй йæхæдæг хъуамæ скастаид арвмæ. Йæ интерес цы стъалымæ арæзт уыди, уый фарсмæ Пиацци федта ноджы иу хæрз лæмæгъ стъалы. Фæнысан ын кодта йæ бынат. Уый уыди 1801 азы 1 январы. Пиаццийы уырныдта, ног планетæ кæй ссардта, уый, фæлæ йын йæ фæндаг базонын йæ бон нæ уыд. Уый сфæнд кодта йæ циндзинад æндæр астрономтæн дæр фехъусын кæнын. 24 январы уый арвыста писмотæ Милан æмæ Берлинмæ. Уыцы заманы посты хъуыддаг уæззау къахыл æвæрд уыдис, стæй æнæуи дæр хæсты рæстæг уыд, æмæ Пиаццийы писмотæ афоныл нæ фæхæццæ сты. Ног планетæмæ Пиацци йæ цæст дардта 11 февралы онг, стæй хуры тынты аныгъуылд æмæ йæ нал ссардта. Фæззæджы та уыцы планетæ бæргæ разындаид, фæлæ йын йæ орбитæ кæй ничи зыдта, уымæ гæсгæ зын зæгъæн уыд, цы ран æй хъуыди агурын, уый. Пиацци 40 боны дæргъы цы зонæнтæ æрæмбырд кодта, уыдон фæрцы та уæдыккон астрономтæн сæ бон нæ уыд ног планетæйы орбитæ ссарын.

Планетæты орбитæтæ рахынцынæн хъуыди ног амæлттæ æрхъуыды кæнын. Тæккæ уыцы рæстæджы царды гуырæнмæ фыццаг къахдзæф ракодта Гаусс. Куыд алы æвзонг адæймаг, афтæ Гауссмæ дæр бирæ буц фæндтæ уыдис, фæлæ фæстагмæ цы хъуыддагыл ныххæцыдаид æмæ йæ бирæ энерги цæуыл бахардз кодтаид, уымæн йæхæдæг дæр ницы задта. Гаусс бирæ уарзта аивадон литературæ, математикæ æмæ астрономи. Уæлдай курдиатджын разынди астрономийы. Гаусс ссардта ног амал, кæцы фадат лæвæрдта планетæйы орбитæ ссарынæн æрмæст æртæ фендæй, æмæ йын ныр Пиаццийы писмойы фæстæ фадат æрцыд йæ ног амалæй практикæйы спайда кæнынæн. Пиаццийы зонæнтæй спайда кæнгæйæ, Гаусс ссардта ног планетæйы орбитæ æмæ бацамыдта, кæм агуринаг уыдзæни 1801 азы фæззæджы. Сентябры мæйы ног планетæ хуры тынтæй хъуамæ рахызтаид æмæ та йын фенæн уыди, фæлæ боныхъæд фадат нæ лæвæрдта йæ бацагурынæн. Æрмæст ног азы фыццаг æхсæв арв ныйирди æмæ астроном Цах зæрдиагæй агурын байдыдта уыцы планетæйы. Кæм агуринаг уыди, уый дзæбæх зонгæйæ, Цах уайтагъд фæхæст ис ног планетæйыл, фæнысан ын кодта йæ бынат, фæлæ та дыккаг æхсæв планетæ уым нал уыди. Цах дызæрдыг нал кодта, Пиаццийы планетæйы та ногæй кæй ссардта, ууыл. Цахæй иу бон фæстæдæр уыцы планетæйы ссардта дохтыр Г. Ольберс (1758—1840) дæр.

Планетæйыл хъуыди ном сæвæрын. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг дзырды бар уыдис Пиаццийæн. Æмæ та уый дæр рагон адæмау спайда кодта ромаг мифологийæ. Йæ райгуырæн бæстæ Сицилийæн ромæгты заманы ирвæзынгæнæг æмæ аудæг хуыцауыл нымад уыдис Церерæ æмæ ныр уыцы хуыцауы ном Пиацци сæвæрдта йе ссаргæ планетæйыл. Церерæмæ уæлдай тынгдæр йæ хъус æрдардта дохтыр Ольберс. Йæ дохтыры куыстæй уæлдай Ольберсæн цы ’вдæлон рæстæг уыд, уый хардз кодта астрономи ахуыр кæныныл. 1820 азы 28 мартъийы Ольберс ссардта ноджы иу планетæ æмæ йæ схуыдта Палладæ. Уый фæстæ Ольберс æмæ Гардинг ссардтой ноджы дыууæ планетæйы. Афтæмæй цы иунæг планетæ агуырдтой, уый бæсты ныр ссардтой цыппар планетæйы. Ольберсы фæстæ 40 азы дæргъы иунæг планетæ дæр ничиуал ссардта. Марс æмæ Юпитеры ’хсæн зыдтой æрмæст уыцы цыппар планетæйы: Церерæ, Палладæ, Юнонæ æмæ Вестæ. 1845 азы немыцаг посты кусæг К. Генке (1793—1866) ссардта фæндзæм планетæ. Дыууæ азы фæстæ ма Генке ссардта ноджы иу планетæ. Уæдæй фæстæмæ алы астроном дæр архайдта ног планетæ ссарыныл, æмæ иунæг аз дæр нал рацыдис æнæ планетæ ссаргæ; бирæ аз-иу ног ссаргæ планетæты нымæц дæсæй дæр фæфылдæр. Ныртæккæ чысыл планетæты нымæц 1600-йæ фæфылдæр ис. Уыйбæрц бирæ чысыл планетæтæн нæмттæ ссарын зын уыди, æмæ сыл æвæрын байдыдтой алыхуызон горæттæ æмæ номдзыд лæгты нæмттæ.

Цæйас сты, цы планетæты кой кæнæм, уыдон? Ацы параграфы сæр мах уыдон схуыдтам ныхысæрыйас планетæтæ. Афтæ мах æнæхъуаджы нæ бакодтам. Се’хсæн ис ахæм къаннæг планетæтæ, кæцытæн сæ диаметр у æрмæст 500 м. Уыдонæй бирæтæ уæгъдæй бацæуиккой Хъуды комы. Цыфæнды тыхджын телескопы дæр уыдон никуы разынынц зылдты хуызы. Стъалытæй хъауджыдæр сын зылдты хуызы фенæн кæй нæй, уымæ гæсгæ сæ иумæйаг номæй хонынц «астероидтæ» (ома стъалыйы æнгæстæ).

Астероидты ’хсæн сеппæтæй стырдæртæ сты, æппæты фыццаг кæй ссардтой, уыцы цыппар планетæйы. Уыдонæн ис мæнæ ахæм диаметртæ: Церерæйæн — 1000 км, Палладæйæн — 608 км, Вестайæн — 538 км, Юнонæйæн — 248 км. Астероидты ’хсæн егъау уæвгæйæ, ацы планетæты Мæйы цур куы ’рæвæриккам, уæд нæм разыниккой, мæга цæргæсы цур куыд фæзыны, афтæ. Астероидты нымæц ныртæккæ бæлвырдæй ничи зоны. Нæмттæ кæнæ номертæ кæмæн ис æмæ йæ орбитæйы формæтæ бæрæг кæмæн сты, ахæм астероидты нымæц æртæ минмæ æввахс у. Йæ диаметр иу километрæй къаддæр кæмæн у, ахæм астероидтæн нымæц дæр нæй.

Сæ ас куыд чысыл у астероидтæн, афтæ чысыл у сæ массæ дæр. Кæй дзы зонæм æмæ ма ноджы кæй нæ зонæм, уыдон дæр куы æрæмбырд кæниккам æмæ сæ тæразы иу тæбæгъыл куы æрæвæриккам, уæд иннæ тæбæгъыл æрæвæргæйæ, Мæй сеппæты дæр æрласид. Бирæ астероидтæ зилынц Хуры алыварс тынг дæргъæццон орбитæтыл. Перигелийы уыдон æрбацæуынц Марс æмæ Зæххы орбитæты ’хсæнмæ, æмæ уæд Зæххæй уыцы планетæты ’хсæн бирæ дæрддзæг нал вæййы.

1898 азы ссардтой иу ахæм æввахс планетæ, Эрос (кæнæ Эрот), зæгъгæ. Хуры алыварс иу зылд æркæнынæн Эросы бахъæуы 1,76 азы. Эрос Зæхмæ æппæты æввахсдæр куы ’рбацæуы, уæд сæ дыууæйы ’хсæн вæййы 22 млн. км. Эрос стыр планетæтау къорийы хуызæн нæу, фæлæ йын ис боцкъайы æнгæс формæ. 1931 азы сбæлвырд ис Эросæн йæ ас. Йæ дæргъ рауади 22 км, йæ бæзн та 6 км. Бирæ рæстæджы дæргъы Эрос нымад уыдис æппæты æввахсдæр планетæйыл. Фæлæ XX æнусы рабæрæг ис, æндæр астероидтæ нæм Эросæй æввахсдæр кæй æрбацæуынц, уый.

1932 азы ссардтой ног астероид, кæцы хуыйны Аполлон. Уый диссаджы планетæ у. Афелийы Марсæй дарддæр уæвгæйæ, Аполлон перигелийы ахызти Зæхх æмæ Бонвæрноны фæндæгтыл. Куы йæ ссардтой, уæд Аполлонæй Зæххы ’хсæн уыди æрмæст 3 млн. км. Афтæмæй уыцы дуджы уый махмæ æрбацыд Эросæй авд хатты æввахсдæр. Уый фæстæ уыцы планетæ бамбæхст арвы тарты æмæ йæ ничиуал федта.

1936 азы ссардтой хæрз къаннæг планетæ Адонис, зæгъгæ. Куы йæ ссардтой, уыцы рæстæджы Зæххæй Адонисы ’хсæн уыди æрмæст 1,5 млн. км. Адонисы диаметр у 500 м бæрц.

1937 азы ссардтой, Адонисæй нæм ноджы æввахсдæр чи ’рбацæуы, ахæм планетæ. Уый у Гермес. 1937 азы 30 октябры Гермес хæрз тагъд азгъордта Зæххы фæрсты. Уыцы дуджы махæй Гермесмæ уыди æрмæст 780 000 км. Адонисæй Гермес бирæ егъаудæр нæу. Йæ диаметр у 1 км бæрц. Афтæмæй ныртæккæ цы астероидтæ зонæм, уыдонæй нæм Гермесæй æввахсдæр ничима æрбацыд.

Астероидтæй Хурмæ æппæтæй æввахсдæр (28 млн. км) бацæуы Икар. Уый ссардтой 1949 азы. 1968 азы уыцы астероид ауади Зæххы фæрсты. Уæд махæй Икары ’хсæн уыди 7 млн. км.

Кæцæй фæзындысты астероидтæ? Иу рæстæджы уыди ахæм хъуыды, зæгъгæ, дам, астероидтæ сты цавæрдæр стыр планетæйы къæрттытæ. Уыцы планетæйæн æгæрыстæмæй ном дæр æрхъуыды кодтой «Фаэтон», зæгъгæ. «Фаэтон» цыдæр аххосæй ныппырх ис æмæ дзы равзæрдысты чысыл планетæтæ. Цас раст у ацы хъуыды, уый зæгъын нырма зын у.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.