Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 69. Зæххон цард Хурæй аразгæ у

Адæймаджы цард Хуримæ уыйбæрц æнгом баст у, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Æнæ хуры хъарм æмæ рухс царды иунæг къахдзæф акæнын дæр нæ бон нæу. Бирæ нæ, фæлæ иу мæй дæр Хур куынæуал уаид, уæд канд адæм нæ, фæлæ цыфæнды фæразон бациллæтæ дæр фесæфиккой. Зымæг иу цалдæр мæйы Хур йæхи айсы хуссармæ, æмæ нæ иу чысыл йæ хъармæй фæцух кæны.

Уыйадыл æрдз бынтондæр йæ хуыз аивы. Зайæгойты цард бамынæг вæййы. Хъæдтæ æмæ угæрдæнтæй нал хъуысы мæргъты цъыбар-цъыбур. Уырынгæндтæ æмæ хилджытæй чи мæлгæ акæны, чи та арф ныббыры зæххы æмæ фынæй кæны æнæхъæн зымæг.

Адæм дæр сæ рæстæджы фылдæр хай æрвитынц агъуыстыты. Фæлæ зымæджы бонты дæр мах нæхи ирвæзын кæнæм, хуры хъармы æвæрæнтæ хардз кæнгæйæ. Æцæгдæр, мах судзæм хъæдæрмæг, дурæвзалы, фæтæген, кæнæ пайда кæнæм электры энергийæ. Уыдон та сеппæт дæр сты Хуры сфæлдисгæ. Сугæн цы бæлæстæ акалæм, уыдон сырæзынц хуры хъарммæ. Раджы кæддæр цилы бæлæстæй рауади дурæвзалы; цилы бæлæстæ та схъомыл сты хуры рухс æмæ хъармæй.

Хуры хъармæй дон мигъ фесты, æруары къæвда, уымæй сырæзынц цæугæдæттæ æмæ скусын кæнынц электры станцæтæ. Афтæмæй, зымæг цы хъармы æвæрæнтæй пайда кæнæм, уыдон иууылдæр сты Хуры сфæлдисгæ.

Хур æмхуызон нæ тавы алы бæстæтæ; сурзæхх иу ран тынгдæр стæвд вæййы, иннæ ран та лæмæгъдæр. Уымæ гæсгæ уæлдæф дæр кæм тынг стæвд вæййы, кæм та уазалæй баззайы. Уый охыл уæлдæф змæлын байдайы æмæ дыууæрдæм гуылфæнтæ кæны. Уый у дымгæ. Дымгæмæ бирæ тых ис. Уыцы тыхæн йæ чысыл хайæ адæймаг пайда кæны уадгуырæйтты фæрцы. Афтæмæй дымгæйæ цы энерги ратонæм, уый дæр Хуры энерги у.

Боныхъæд рагацау базонын куыд ахъаззаг хъуыддаг у, уый алчидæр зоны. Бирæ хатт хус рæстæг куы ахæссы, уæд нæ халсæрттæ фесæфынц. Афтæ зиан нын вæййы фыр къæвда дæр. Боныхъæд цы хуызæн уыдзæн, уый рагацау куы зонæм, уæд æм нæхи бацæттæ кæндзыстæм æмæ нын уыйбæрц зиан нал ракæндзæн.

Фæлæ боныхъæд баст у, Хурыл цы фæзындтæ цæуы, уыдонимæ. Хур куыд цæры, цы ивддзинæдтæ йыл цæуы, уыдæттæ зонгæйæ, махæн æнцондæр уыдзæн боныхъæд рагацау базонын.

Ныртæккæ ахуыргæндтæ базонынц боныхъæд иу цалдæр боны раздæр, æмæ уый дæр алы хатт раст нæ рауайы. Фæлæ, зæгъæм, 3—4 мæйы кæнæ 6 мæйы фæстæ цавæр боныхъæд уыдзæн, уый базонын куы сахуыр уæм, уæд нæ царды фадæттæ бирæ фæрогдæр уыдзысты, адæймаг æнтыстджындæрæй тох кæндзæн хус рæстæджимæ. А фæстаг заманы ахуыргæндтæ бафиппайдтой, хуссайраг бæстæты иу чысыл кæй фæуазалдæр, цæгат бæстæты та азыхъæд цадæггай хъармæй-хъармдæр кæй кæны. Цас рæстæг ахæсдзæн афтæ ивгæ, уый нырма бæлвырдæй ничи зоны. Астрономтæ куыд бæлвырд кæнынц, афтæмæй азыхъæд ивы, Хурыл цавæрдæр æнусон ивддзинæдтæ кæй цæуы, уый аххосæй. XIX æнусы фæуды æмæ XX æнусы райдайæны Хуры æнусон активондзинад тынг лæмæгъ уыди. Уый фæстæ Хуры активондзинад тынгæй-тынгдæр кæнын байдыдта æмæ нырма дæр цæуы уæлæмæ-уæлæмæ.

Хуры активондзинад кæй фæтынгдæр, уый аххосæй Арктикæйы иу чысыл фæхъармдæр, стæй Зæххы къорийыл, æмткæй райсгæйæ, азыхъæд фендæрхуызон ис.

Хур у, арвыл цы æнæнымæц стъалытæ ис, уыдонæй иу. Стъалытæй нæм Хурæй æввахсдæр ничи у. Хур цы у, цæйас у, цæуылнæ ихсийы йæ хъарм, уыдæттæ базонгæйæ, мах базондзыстæм, стъалытæ цы сты æмæ цæмæй рухс кæнынц, уый дæр.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.