Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 49. Буæртты уæз кæм фылдæр у, полюсы æви экваторыл

1672 азы Парижы академи наукон хъуыддæгты фæдыл астроном Ж. Ришейы арвыста экватормæ хæстæг бæстæтæм. Рише йемæ аласта дзедзроджын сахат æмæ æрбынат кодта Кайеннæйы сакъадахыл. Уыцы сакъадахы уæрхад у 5°. Уым Рише федта диссаджы фæзынд: йæ сахат алы суткæ дæр 4 минуты фæстейы зади, Парижы рæстæгмæ гæсгæ. Рише хъуыды кодта афтæ: Кайеннæйы Парижæй тæвддæр у, тæвдæй та буæрттæ нæрсгæ кæнынц. Æвæццæгæн Кайеннæйы тæвдæй сахаты дзедзро фæдаргъдæр ис.

Сахаты дзедзро куы фæдаргъдæр уа, уæд æнæмæнг йæ куыст фæсабырдæр уыдзæн. Рише сахаты дзедзро фæцыбырдæр кодта æмæ та уæд сахат куыста раст. Йæ куыстытæ куы фæци Рише, уæд Парижмæ æрыздæхт, фæлæ та Парижы йæ сахат раст нал куыста. Ныр та суткæ 4 минуты раздæр цыди. Ногæй та йын йæ дзедзро фæдаргъдæр кæнын бахъуыд. Сахат йæ цыды тагъдад цæмæн аивта Кайеннæйы, уымæн Рише ницы бамбæрста, тæвды аххос æй кæй фæкодта, уый раст нæ уыд.

Ришейы сахат Кайеннæйы фæсте цæй аххосæй баззад, уый хæрз æнцонæй бамбарын кодта Ньютон. Дунеон химæлвасынады закъоныл кусгæйæ, Ньютон Ришейы балцæй ноджы раздæр рахаста ахæм теоретикон хатдзæг, зæгъгæ, экваторыл буæрттæ хъуамæ иу чысыл рогдæр уой, æндæр ран сын цы уæз ис, уымæй. Ныр Ришейы сахаты хабар фехъусгæйæ, Ньютон-уайтагъд бамбæрста, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый.

Дзедзроджын сахат кусы зæххы химæлвасынады ’руаджы, химæлвасынады тых та, куыд зонæм, афтæмæй, алы ран æмхуызон нæу: экваторыл лæмæгъдæр у, полюстыл та тыхджындæр. Дзедзройы дæргъ уыцы иухуызонæй куы ныууадзæм, уæд нæ сахат полюсыл тагъддæр цæудзæн, экваторыл та сындæгдæр. Махмæ раст цы дзедзроджын сахат куса, уый Мæймæ куы бахæссæм, уæд иу суткæ ацæудзæн æрмæст 4 сахаты, уымæн æмæ уым химæлвасынады тых 6 хатты къаддæр у, Зæххыл цæйас у, уымæй.

Цæй аххос у, зæххы химæлвасынады тых алы ран æмиас кæй нæу, уый? Алы буары дæр Зæхх æлвасы йæ центрмæ. Уымæ гæсгæ буæрттæ тырнынц Зæххы центрмæ. Фæлæ сæ разы исты æнцой куы фæвæййы æмæ сæ Зæххы центрмæ хауын куы нæ фæуадзы, уæд буæрттæ уыцы æнцой æлхъивын байдайынц. Буар йе ’нцойгæнæн цы тыхæй æлхъивы, уый мах хонæм уæз. Фæлæ буæрттæ уыцы иу тыхы æвджид не сты, архайы сыл ноджы æддæлас тых, кæцы сæ атонынмæ хъавы Зæххы уæлцъарæй. Афтæмæй уæзы тых скъæфы буæртты Зæххы центрмæ, æддæлас тых сæ цыма уæлæмæ исы, уыйау сын сæ уæз фæкъаддæр кæны. Экваторыл æддæлас тых стырдæр кæй у, уый тыххæй уым буæрттæ сæ уæзæй фылдæр сафынц.

Зæххы къори иу чысыл тъæпæндзæф кæй у, уымæ гæсгæ экваторыл цы буæрттæ ис, уыдон Зæххы центрмæ 21,5 км дарддæр сты, полюстыл цы буæрттæ лæууы, уыдонимæ абаргæйæ. Уымæ гæсгæ экваторыл æвæрд буæртты Зæхх йæхимæ æлвасы лæмæгъдæр тыхæй. Иуæй æддæлас тыхы руаджы, иннæмæй та Зæххы центрмæ алы ран æмхуызон дард кæй нæ вæййынц, уымæ гæсгæ буæрттæн сæ уæзæй иу чысыл хауы. Æппæтæй уæззаудæр сты буæрттæ полюсыл, стæй куыд дæлæмæ-дæлæмæ экваторы ’рдæм сæ уæз къаддæр кæны æмæ экваторыл вæййынц æппæты рогдæр. Полюсыл йæ уæз 190 кг кæмæн уа, уыцы дур экваторыл æрласдзæй (хъандзалон барæнтыл) 189 кг.

Чи зоны, исчи бафæрса, зæгъгæ, цы ’рцæуид, Зæхх йæ сæмæнон змæлды тагъдад куы фæфылдæр кæнид, уæд? Фыццаджыдæр уый, æмæ суткæ фæцыбырдæр уаид. Дыккаг та уый, æмæ æддæлас тых фæтынгдæр уаид,— буæрттæ фæрогдæр уаиккой. Ахуыргæндтæ куыд бахыгътой, афтæмæй Зæхх гъеныр куыд зилы, уымæй 17 хатты тагъддæр куы зилид йæ сæмæны алыварс, уæд экваторыл цыдæриддæр буæрттæ ис, уыдонæн уæз нал уаид æмæ уæлдæфы тæхиккой бумбулиау. Зæхх йæ сæмæны алыварс иу сахатмæ куы зилид, уæд буæрттæн æппындæр уæз нал уаид: машинæтæ, уæрдæттæ æмæ мах нæхæдæг дæр тæхиккам уæлдæфы.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.