Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай
— Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.
Сиукъаты Никъала
Дун-дуне нæ алфæмблай
§ 39. Буаргъæд цæмæй конд у
Рухсы тыххæй нæ ньщас нæма фестæм. Цæмæй йæ дарддæр акæнæм, уый тыххæй уал цыбыртæй базонгæ уæм буаргъæды скондимæ.
Сæ царды дæргъы адæм цы наукон фарстатыл хъуыды кодтой, уыдонæй æппæты ахсджиагдæртæ уыдысты: æрвон дунейы арæзт, буаргъæды сконд æмæ царды фæзынд Зæххыл. Нæ алфæмблай æрдзыл фæлгæсгæйæ, махмæ иудадзыг фæзыны уыцы иу фарст: цæмæй конд у дуне?
Афтæ-иу сæхи бафарстой рагон грекъаг æмæ ромаг ахуыргæндтæ дæр. Нæ эрæйæ фондз æнусы раздæр гречъы цардысты номдзыд ахуыргæндтæ Левкипп (æвæццæгæн 500—440 нæ э. р.) æмæ йæ ахуыргæнинаг Демокрит (460—370 нæ э. р.). Уыдонмæ гæсгæ, алы буар дæр конд у, цæстæй фенæн кæмæн нæй, ахæм хæрз къаннæг хайыгтæй. Ахæм чысыл хайыгты грекъаг æвзагæй хонынц «атомтæ» — ома адих гæнæн кæмæн нæй, ахæмтæ. Левкипп æмæ Демокритмæ гæсгæ, атомтæ куы бакъорд вæййынц, уæд сæ сырæзы стыр буар. Атомтæй конд сты цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæ дæр. Удæгас организм куы амæлы, уæд, цы атомтæй конд уыдис, уыдон кæрæдзийæ фæхицæнтæ вæййынц, апырх вæййынц, змæлынц æнæрынцойæ, æндæр атомтимæ ног хуызы бакъордтæ вæййынц æмæ та саехи æндæр буары хуызы равдисынц. Афтæмæй алцы дæр базæронд вæййы æмæ амæлы, æнусонæй баззайынц æрмæст атомтæ. Атомтæ не сты æмиæстæ, чи сæ стырдæр у, чи та къаддæр; иухуызон не сты сæ формæтæ дæр.
Левкипп æмæ Демокриты ахуырад райста æмæ йæ дарддæр райрæзын кодта номдзыд философ Эпикур;(341—270 нæ э. р.). Эпикур дунемæ акасти материалистон цæстæнгасæй. Хуыцау нæй. Уæлæрдзон тых ницæмæн хъæуы. Æрдз размæ цæуы йæхи закъонтæм гæсгæ. Материалон дуне æнусон у. Атомтæй чи рогдæр у, чи та уæззаудæр. Уыдон сты æнусон змæлды уавæры, уыцы змæлдæн нæй райдиан, нæй йын кæрон дæр. Афтæ сты Эпикуры хъуыдытæ материалон дунейы тыххæй.
Нæ эрæйæ иу æнус раздæр Ромы царди номдзыд поэт, философ æмæ материалист Лукреций Кар. Лукрецимæ гæсгæ æппæт буæрттæ конд сты атомтæй. Æцæг сæ мах цæстæй нæ уынæм, фæлæ уый ницы сайы — дымгæйы дæр нæ уынæм, фæлæ уæддæр ис. Атомтæ сты æнусон, уыдон нæ хæлынц æмæ сын адих кæнæн нæй. Эпикурау, Лукреций дæр зæгъы, атомтæн сæ уæз иу нæу, зæгъгæ. Афтæ уыдысты рагон дунейы ахуыргæндты хъуыдытæ буæртты сконды тыххæй.
Грекъаг ахуыргæндтæн сæ бон нæ уыди, сæ хъуыдыты рæстдзинад фæлварæнты фæрцы сбæлвырд кæнын. Уыцы дуджы техникæ æдых уыди, нырау хъæздыг физикон лабораторитæ нæма уыди.
Буаргъæды атомон сконды хъуыдытæ ферох сты, дыууæ мин азы дæргъы сæм йæ хъус ничиуал æрдардта. Афтæ вæййы алы хатт дæр: ног хъуыды фæзыны, æмæ, кæд царды æууæлтæ цæттæ вæййынц йæ райсынмæ, уæд бынат æрцахсы ахуырады. Фæлæ техникæйы фæрæзтæ цæттæ куы нæма вæййынц ног хъуыды райсынмæ, уæд уыцы хъуыды ферох вæййы, цалынмæ йæ царды æууæлтæ сæхæдæг не ’рдомынц, уæдмæ. Æрхæссæм иу æвдисæйнаг.
Нæ эрæйæ фондз æнусы раздæр грекъаг горæт Милеты цардис стыр ахуыргонд лæг Фалес (624—547 нæ э. р.) Фалесы хæдзармæ-иу æрæмбырд сты æндæр грекъаг ахуыргæндтæ дæр æмæ-иу дзырдтой ахуырады алыхуызон фарстатыл. Иу изæр адæм куы ’рæмбырд сты, уæд Фалес систа хызынæй иу бур дуры къæртт, систа ноджы къуымбилы муртæ æмæ дзы дуры къæртт асæрфтытæ кодта. Уый фæсфе дуры къæрттмæ бахаста рог буæрттæ.
Уыцы буæртты дур йæхймæ æрбаскъæфта, йæ уæлæ цасдæр рæстæг ныхæстæй аззадысты, стæй та азгъæлдысты.
— Мæ хæлæрттæ,— загъта Фалес,— ацы дур хуыйны электрон.
Фалесмæ, æцæгдæр, уыди дзиндзийы къæртт. Дзиндзийы къæрттмæ ис ахæм миниуæг æмæ йæ фæсмынæй куы асæрфтытæ кæнай, уæд уый фæстæ рог буары гæппæлтæ йæхимæ æрбаскъæфы рæстæгмæ. Уый уыдис 2500 азы размæ, уæд электры энергийæ спайда кæныны фæнд аргъауы дæр ничи ракодтаид. Уымæ гæсгæ Фалесы фæлварæнтæ рохуаты баззадысты суанг æвддæсæм æнусы райдианмæ.
1600 аз англисаг ахуыргонд У. Гильберт (1544—1603) ногæй сарæзта Фалесы фæлварæнтæ. Рабæрæг ис, дзиндзийы хуызæн миниуæг ма кæй ис каучукмæ, авджы къæцæлмæ æмæ ноджы æндæр буæрттæм дæр. Фалесы дугæй Гильберты дуг бирæ уæлдæр лæууыди, доны тæф æмæ электры заман æрцæйхæстæг кодтой.
Уымæ гæсгæ Гильберты фæлварæнтæ царды бынат æрцахстой, ахуырад сæ айста æмæ фæстагмæ электры энерги сси цард æмæ техникæйы бындур.
Афтæ у абон атомон ахуырады хъуыддаг дæр. Иунæг физик дæр йæхи нал атигъ кæндзæни атомты уæвынады хъуыдыйыл. Фæлæ ма XIX æнусы стыр тох уыди буæртты атомон сконды фæдыл.
Иуæй-иу физиктæ æмæ философтæ, куыд Дюбуа-Реймон (1818—1896), Оствальд (1853—1932), Шопенгауер (1788—1860) фыстой, зæгъгæ, атомон механизм базонын нæ бон никуы бауыдзæни æмæ уыцы хъуыддагæй нæ къух хъуамæ сисæм. Гениалон физик Л. Больцман (1844—1906) та тох кодта буæртты атомон сконды идейæты сæрыл. Уыцы тохы йын нæ бантыст, атомты уæвынад комкоммæ сбæлвырд кæнын æмæ уый охыл 1906 азы йæхи амардта.
Больцманы амардыл дыууæ азы нæма рацыд, афтæ сбæлвырд буаргъæды атомон сконд. Æппæтæй бауырнинагдæр бæлвырдгæнæнтæ бафтыд францаг физик Жан Перрены (1870—1942) къухты. Йæ иртасæн куыстыты бындурæн Перрен равзæрста англисаг ботаник Р. Броуны (1773—1858) фæлварæн. Броун 1827 азы сарæзта ахæм фæлварæн. Дидинæджы рыг сызмæста донимæ æмæ стæй микроскопы касти иугай рыджы муртæм. Уыдон æмтъеры змæлд кодтой, фæлæ дзы уæддæр алкæмæн дæр йе змæлды фæндаг уыди раст хæххыты гæппæлтæй конд. Броуны змæлдæн нырыккон физикæйы ис стыр ахадындзинад. Суанг ма йыл хицæн чингуытæ дæр ныффыстой. Перрен бамбæрста броунон змæлды мидис. 1908 азы уый мыхуыры рауагъта йæ иртасæн куысты хатдзæгтæ. Уæдæй фæстæмæ буаргъæды атомон скондыл дызæрдыг ничиуал кæны.
Уæдæ афтæ, нæ алфæмблай цы хуымæтæг буаргъæдтыл сæмбæлæм, уыдон се ’ппæт дæр конд сты атомтæй. Атомтæ æмиас æмæ æмуæз не сты. Фæлæ уæддæр æрдзы. алыхуызон атомтæ бирæ нæй. Ныртæккæ сæ нымæц æййафы 105. Раст уыйбæрц у хуымæтæг буаргъæдты нымæц дæр. Хицæн буаргъæдты атомтæ куы баиу вæййынц, уæд сæ сырæзы вазыгджын буæрттæ: дон, æхсыр, цæхх, сæкæр, содæ, хъусхос æмæ æндæртæ.
Донгуыры дыууæ атомы куы баиу вæййынц туаггуыры иу атомимæ, уæд сæ сырæзы доны молекулæ. Куыд уынæм, афтæмæй, молекулæтæ сæ арæзтмæ гæсгæ атомтæй вазыгджындæр конд сты, кæнæ æндæр ныхæстæй зæгъгæйæ, буаргъæды архитектурæйы молекулæ йе скондмæ гæсгæ атомæй уæлдæр лæууы.
Молекулæ саразгæйæ, буаргъæды атомтæ сæхи сæрмагонд (индивидуалон) миниуджытæ фесафынц. Зæгъæм, туаггуыр æмæ донгуыр хицæнтæй сты газгонд буаргъæдтæ, фæлæ куы баиу вæййынц, уæд та сæ рауайы дон — тæнгъæд буар. Натрийы иу атом куы баиу вæййы хлоры иу атомимæ, уæд сæ сырæзы Хæрыны цæххы молекулæ. Хлор хицæнæй адæймагæн марг у, фæлæ цæххы хуызы уæвгæйæ,йæ миниуджытæ фесафы, æмæ нæ организмæн пайда у.
Сæкæры молекулæ сырæзы 45 атомæй; уыдонæй 12 сты æвзалыгуыры атомтæ, 22 — донгуыры æмæ 11 та — туаггуыры атомтæ. Бирæ миллиардгай молекулæты баиугæндтæй рауайы, цæстæй фенæн кæмæн ис, ахæм буæрттæ.
Молекулæтæ æмæ атомтæ уыйбæрц чысылтæ сты, æмæ сын фенæн нæй канд хуымæтæджы цæстæй нæ, фæлæ цыфæнды тыхджын микроскопы дæр. Иугай молекулæты нæ бон фенын кæй нæу, уый тыххæй нæм буæрттæ иугуыр арæзт фæзынынц. Æцæгæй та æрдзы мидæг æмвæтæнæг, иугуыр арæзт буæрттæ нæй. Куыд газгонд, афтæ хъæбæр æмæ тæнгъæд буæрттæ дæр конд сты нæмыггай, хицæн молекулæтæй.
Буаргъæды молекулæтæ кæрæдзимæ æнæкæрон хæстæг не ’рбалæууынц, уыдон æхсæнты кæддæриддæр баззайы уæгъд’ бынæттæ. Уыцы уæгъд бынæттæ дæр, молекулæтау, хæрз къаннæг сты, æмæ сæ мах нæ хатæм, фæлæ сын уæддæр сбæлвырд кæнæн, раиртасæн ис фæлварæнты фæрцы. Цæвиттон, иу агуывзæ дон куы схæццæ кæнæм иу агуывзæ сæны спъирттимæ, уæд уыдонæй дыууæ агуывзæйы нал рауайдзæни, фæлæ къаддæр. Уый уымæн афтæ у, æмæ доны молекулæты ’хсæн цы уæгъд бынæттæ уыдис, уыдон мидæг бацыдысты спъиртты молекулæтæ, спъиртты молекулæты ’хсæн цы уæгъд бынæттæ уыдис, уыдон мидæг та доны молекулæтæ бацыдысты.
Цæййас сты иугай атомтæ? Уæлдæр мах загътам, атомтæн цæстæй нæ, фæлæ цыфæнды тыхджын микроскопы дæр кæй нæй фенæн. Фæлæ наукæйы амæлттæ бирæ сты, æмæ æнæ цæстæй фенгæйæ дæр мах базыдтам иугай атомты ас. Атом мах æмбарæм куыд хæрз къаннæг тымбылæг, къори.
Райсæм иу сантиметры дæргъ æмæ йыл фæрсæй-фæрстæм æвæрæм атомтæ. Сæдæ миллион атомы куы ’рæвæрæм, уæд нæ сантиметр байдзаг уыдзæни. Уæдæ, атомы диаметр у сантиметры сæдæмиллионæм хайы дæргъæн.
Зын у иунæг атомы уæз базонын. Афтæ къаннæг кæй у атом, уымæ гæсгæ йын тæразыл æрæвæрæн æмæ сбарæн нæй, ахæм чысыл уæзтæ тæраз не ’нкъары. Фæлæ физикæйы æмæ химийы дæсныйад ам дæр йæ тых равдыста. Фыццаг сбæрæг кодтой, хицæн атомтæ æмуæз кæй не сты/ уый. Цæвиттон, æфсæйнаджы атомæй здыйы атом уæззаудæр у, здыйы атомæй та сыгъзæрины атом уæззаудæр у. Æрмæст алы элементæн дæр йæ атомтæ се ’ппæт дæр æмуæзтæ вæййынц. Æвзисты кæнæ æрхуыйы атомтæ сты иууылдæр æмхуызон уæззау (Ацы фєтк бынтон раст нєу, ууыл ма нєм дзырд уыдзєн. ). Фæстагмæ бæрæггонд æрцыдис иунæг атомы уæз дæр.
Сисæм тæраз (барæн) æмæ йын йæ иу тæбæгъыл æрæвæрæм иу грамм. Дзырдæн зæгъæм, нæ бон куы уаид æмæ иннæ тæбæгъыл та куы æвæриккам донгуыры атомтæ. Цымæ нæ цал атомы бахъæуид æрæвæрын, цæмæй нæ иу грамм æрласын кæнæм, уый тыххæй? Бахъæуид нæ 6,062 · 10²³ атомы. Нымæц ныффыссын æнцон у, зындæр у йæ бамбарын. Афтæ банхъæлæм, цыма нын бантысти идеалон лыстæг æндахыл утæппæт атомтæ схал кæнын. Уыцы атомты хал Зæххы экваторыл куы æртухиккам, уæд мах бахъæуид миллион зылдæй фылдæр. Иу донгуыры атомы уæз у 1,662 · 10²⁴ граммы. Атомтæ цæстæй цæуылнæ уынæм? Искæцы буар мах фендзыстæм, уый йæхæдæг рухс куы æрвита, кæнæ та йыл фæрсырдыгæй цы рухс ныдзæвы, уый куы здаха, уæд. Фæлæ буар хæрз чысыл куы уа, улæны дæргъ та егъау, уæд уыцы буар нæ аздахдзæни улæнтæ, уый йæхæдæг аззайдзæни искуы улæны дзыхъы, æмæ улæн йæ сæрты ахиздзæн æнæ къуылымпыйæ. Нæ цæст цы къаннæгдæр улæнты хаты, уыдон дæргъ у 4000 ангстремы, атомы диаметр та у 1 ангстрем. Уымæ гæсгæ, атомæн йæ бон нæу, нæ цæст кæй уыны, уыцы улæнтæ аздахын, æмæ махæн атом фенын не ’нтысы. Ис ахæм электромагнитон улæнтæ дæр, сæ дæргъ атомы диаметры дæргъæн кæмæн у (рентгены тынтæ). Атомтæ уыцы тынты бæргæ здахынц, фæлæ рентгены тынты та нæ цæст нæ уыны; уыдон фенын нæ бон куы уаид, уæд атомты дæр фениккам.
Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй æрдзы ис хуымæтæг буаргъæдтæ 105. Цы хонæм хуымæтæг буаргъæд?
Æфсæйнаджы къæртт конд вæййы æнæнымæц бирæ атомтæй. Уыцы атомтæ се ’ппæт дæр сты æмиæстæ, се ’ппæтмæ дæр ис иухуызон миниуджытæ. Донæй нæ бон райсын у донгуыр æмæ туаггуыр, цæххæй — натрий æмæ хлор. Æфсæйнагæй йæхи йеддæмæ ницы ис райсæн, уый нæу хуымæтæгдæр буаргъæдтæй конд. Афтæ сты зды, сыгъзæрин, уран æмæ æн. ах. дæр. Йæхи йеддæмæ райсæн кæмæй ницы ис, уыцы буаргъæдты хонынц хуымæтæг буаргъæдтæ, кæнæ элементтæ.
Уæдæ æрдзы мидаг ис 105 элементы. Алы элементæн дæр йæ иу атом у йæ «разагъта», — йæ сæйраг миниуджытæ æвдисæг.
Сæдæ фондз элементы сахуыр кæнынæн фаг у 105 хицæн атомы миниуджытæ зонын: Гъе, уый тыххæй-иу фæдзурынц, зæгъгæ, æрдзы мидæг ис 105 хицæн атомы.
Элементтæ сæ кæрæдзиимæ куынæ иу кæниккой, куы ницы æмхицдзинад сæм уаид, уæд æрдз хæрз мæгуыр уаид, уæд нæ уаиккой алыхуызон буæрттæ.
Ивгъуыд æнусы æмбисты наукæ зыдта æрмæст 60 элементы бæрц. Уыцы элементты ’хсæн исты бастдзинæдтæ æмæ фæтк ссарыныл æппæтæй фылдæр фæкуыста Д. И. Менделеев. Нырыккон физикæйы атомты массæтæ кæрæдзиуыл абарынæн райстой ног иуæг — æвзалыгуыры атомы массæйы 1/12 хай. Уый уæз кæны 1,66 · 10²⁷ кг. Уыцы иуæгæй баргæйæ донгуыры атомы массæ уыдзæни 1,0079, гелийы атомы массæ — 4,0028, ураны атомы массæ — 238,02 æмæ аф. д.
Ацы нымæцтæй иу дæр æнæхъæн нæу, фæлæ æнæхъæн нымæцтæм тынг æввахс сты. Уымæ гæсгæ лыстон нымæцты бæсты бирæ хаттпайда кæнынц, æввахсдæр сæм цы æнæхъæн нымæцтæ лæууынц, уыдонæй. Уыцы æнæхъæн нымæцты хонынц атомты массæйон нымæцтæ. Массæйон нымæц нысан кæнынц дамгъæ А-йæ.
Менделеевы рæстæджы атомон массæйы бæсты пайда кодтой атомон уæзæй.
Атомон уæз Менделеев райста сæйрагдæр хиадæн. Элементтæ иууылдæр уый æрæвæрдта фæд фæдыл афтæ, æмæ сæ атомон уæз куыд рæзтаид. Уый фæстæ йæ хъус æрдардта элементты химион миниуджытæм æмæ раиртæста диссаджы фæтк: иу элементмæ цы химион миниуджытæ ис, уыдон та цалдæр элементы фæстæ разынынц æндæр элементмæ дæр. Уыцы иухуызон миниуджытæ кæмæ ис, ахæм элементты Менделеев бахаста иу къордмæ. Ахæм къордтæ уый райста фараст. Къордтæй дарддæр ма элементтæ дихгонд сты 7 периодыл. Алы период дæр райдайы фæныкдзæг элементæй æмæ фæвæййы инертон газæй. Къордтæ æмæ периодтæй рауади хæрзконд системæ. Уый стыр ахъаз фæци физикæ æмæ химийы дарддæры рæзтæн.