Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 33. Юлийы къæлиндар (зæронд нымад). Мæйты нæмттæ куыд равзæрдысты

Ныртæккæ мах цы мæйты нæмттæй пайда кæнæм, уыдон сты рагон ромаг адæмы æрымысгæ. Ромаг адæмы мифологи стыр фæд ныууагъта нырыккон къæлиндары. Нæ эрæйæ 700 азы размæ ромаг адæммæ уыди цавæрдæр хæлæ-мылы къæлиндар. Куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы къæлиндары афæдзы дæргъ уыд 304 боны, мæйтæ та дзы уыди æрмæст 10. Афæдзы райдайæныл нымад уыди мартъийы мæй. Уыцы мæйы ном равзæрди хæсты хуыцау Марсы номæй. Мартъийы мæйы-иу ромæгтæ байдыдтой хъæууонхæдзарадон куыстытæ кæнын æмæ-иу цы халсар байтыдтой, уый-иу «ныффæдзæхстой» зæхкуыст æмæ фосдарыныл аудæг хуыцау Марсæн. Афæдзы дыккаг мæй хуынди апрель. Уыцы ном кæцæй равзæрд, уый тыххæй ахуыргæндтæ иу хъуыдымæ не ’рцыдысты. Иутæ афтæ зæгъынц, зæгъгæ, дам, уыцы ном равзæрд латинаг дзырд «аперире»-йæ. Дзырд «аперире» нысан кæны лæвæрттæ раргом кæнын, билцъ рауадзын, тау скæнын.

Ромаг мифологийы Меркурийы мад хуынди Май æмæ уыцы номæй схуыдтой афæдзы æртыккаг мæй. Цыппæрæм мæйыл дæр уыди муртатон хуыцау Юнонæйы ном — июнь. Иннæ æхсæз мæйыл уыд хуымæтæджы рæнхъон нæмттæ: квинтилий (фæндзæм), секстил (æхсæзæм), сентябрь (æвдæм), октябрь (æстæм), ноябрь (фарæстæм) æмæ декабрь (дæсæм).

Дæсмæйон афæдз бирæ нæ ахаста, ромæгтæ йæм бафтыдтой ноджы дыууæ мæйы — иуæндæсæм æмæ дыууадæсæм. Уыцы мæйтæй иу сæвæрдтой афæдзы райдайæны, иннæ та афæдзы кæрон. Афæдзы фыццаг мæй схуыдтой ромаг мифологийы дыдзæсгом хуыцау Янусы номæй — январь. Йæ дыууæ цæсгомæй Янус касти размæ дæр æмæ фæстæмæ дæр, уый хъуамæ уыдтаид афæдзæн йæ райдайæн дæр æмæ йæ кæрон дæр. Фæстаг мæй хуынди февраль. Иуæй-иу ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы ном равзæрд мæрдты хуыцау Фебруарийы номæй.

Ромаг афæдзы рауди 12 мæйы, уыдонæй 4 мæйы уыдис 31-гай бонтæ, 7 мæйы — 29-гай бонтæ æмæ февралы та 28 боны. Уыцы 12 мæйы æййæфтой 355 боны, ома тропикон афæдзæй 10 боны къаддæр. Уый охыл ромаг бæрæгбонтæ иу азы фæстæ хъуамæ æрцыдаиккой 10 боны раздæр, дыккаг аз дæр ноджы 10 боны раздæр, стæй, чи зоны, афтæ дæр рауадаид æмæ къæлиндармæ гæсгæ хоры бæрæгбон æрлæууыдаид, халсар та таугæ дæр нæма бакодтаиккой. Цæмæй афтæ ма рауадаид, уый тыххæй-иу 2 азы иу хатт афæдзмæ бафтыдтой уæлдай мæй. Уыцы мæйы уыди 22 кæнæ 23 боны, йæ ном та хуынди «Мерцеданий», ома «баруади». Мерцеданий диссаджы мæй уыди: иу аз-иу фæзынди къæлиндары, иннæ аз та-иу, цыма æцæгдæр руайгæ бакодта, уыйау фæцыдæр ис.

Мерцеданий 13-æм мæй схоныны бæсты æвæрд æрцыд февралы 23 æмæ 24 бонты ’хсæн. Мерцеданийы фæстаг бон-иу куы фæци, уæд та-иу æрлæууыд февралы 24 бон. Февралы-иу æцæгæй рауади 50—51 бон, фæлæ-иу уæддæр фæуд кодта 28 нымæцыл. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ февраль нымад уыди мæрдты мæйыл æмæ йын йæ бонты нымæц фæфылдæр кæнын не ’мбæлди. Суанг ма Юлий Цезарь дæр йæ ныфс нæ бахаста февралы бонтæ фæфылдæр кæнынмæ. Нæ эрæйæ 450 азы размæ февралы мæй сæвæрдтой январы фæстæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ромаг къæлиндары (стæй æндæр адæмтæм дæр) январь алы хатт афæдзы райдайæныл кæй нæ уыд нымад. Бирæ адæмтæм афæдзы райдайæныл нымад уыдысты мартъи, сентябрь æмæ ноджы æндæр мæйтæ дæр. Ромаг къæлиндары афæдзы райдайæныл январь фидарæй нымад æрцыд нæ эрæйы размæ 153 азы.

Ромаг къæлиндар уæлдай мæй бафтауынæй дæр ницы фæхуыздæр ис. Къæлиндарон афæдзы дæргъ рæстæмбис нымадæй рауади тропикон афæдзæй иу бон уæлдай (366 1/4 боны). Афтæмæй бирæ рараст-барасты фæстæ бæрæгбонтæ уæддæр сæ афоныл нæ цыдысты, хоры бæрæгбон-иу æрцыдис сæрды нæ, фæлæ зымæджы æмбисы.

Ромаг къæлиндары хъуыдис бындуронæй рацаразын. Уыцы куыст бакодта Ромы империйы хицау Юлий Цезарь, нæ эрæйы райдайæнæй 46 азы размæ. Номдзыд æмæ дзырддзæугæ лæг уыд Цезарь. Хæстон курдиатæй уæлдай ма уый æххæст уыд наукон зонæнтæй дæр. Йе ’фсадимæ Цезарь бабырста Египетмæ æмæ йæ басаста. Уым уый базонгæ ис Египеты къæлиндаримæ дæр æмæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Сфæнд кодта уыцы къæлиндары бындурыл ромаг къæлиндар рацаразын. Астроном Созигены æххуысæй Цезарь бацæттæ кодта къæлиндарон реформæ. Афæдзы дæргъыл Цезарь банымадта 365 боны æмæ 6 сахаты. Уыцы æхсæзгай сахæтты алы аз нæ нымадтой, уымæн æмæ уæд ног азы райдайæныл иу хатт хъуамæ банымадтаиккой æмбисæхсæвы 12 сахаты, иннæ аз райсомы 6 сахаты, æртыккаг аз та æмбисбон æмæ аф. д.

Ахæм хъуыддаг тынг зæрдæмæдзæугæ нæ уыдаид. Æмæ Цезарь хъуыддаг алыг кодта афтæ: æртæ хатты-иу афæдзы хъуамæ уыдаид 365 боны, цыппæрæм аз та 366 боны, уымæн æмæ цыппар азы цы 6-гай сахæттæ æрæмбырд вæййы, уыдон сæййафынц иу суткæ.

Мæйты нæмттæ Цезарь ныууагъта, куыд уыдысты, афтæмæй, фæлæ дзы, египетаг къæлиндары хъауджыдæр, иуæй-иу мæйтæ сарæзта 31-гай бонтæ. Февраль баззади йæ 28 бонимæ æнæ ивдæй. Цыппар азы дæргъы 6-гай сахæттæй цы суткæ æмбырд кодта, уый æвæрд уыдис февралы 23 æмæ 24 бонты ’хсæн, фæлæ-иу февраль фæци 28 нымæцыл, кæд дзы 29 боны уыди, уæддæр. Февралы 29 боны цы азты вæййы, уыдон хонынц даргъ азтæ. Ромы ног къæлиндар схуыдтой Юлийы къæлиндар.

Юлийы къæлиндарæй Уæрæсе куыста 1918 азы онг. Уыцы къæлиндары кой нырма дæр ракæнынц. «Абон зæронд нымадæй гъе уалæм у», зæгъгæ-иу куы фæдзурынц, уæд-иу дзурынц Юлийы къæлиндары тыххæй.

Къæлиндарон реформæйæ дыууæ азы фæстæ (44 азы) Цезары амардтой. Къæлиндарон реформæ царды раст ауадзын бабар кодтой дзуарылæгтæн. Æвзæр æххæст кодтой дзуарылæгтæ уыцы куыст. Кæнæ астрономон зонæнтæй цух уæвгæйæ, гъе та дины домæнтæ æххæст кæныны тыххæй, уыдон даргъ азыл нымайын байдыдтой алы цыппæрæймаг нæ, фæлæ алы æртыккаг аз. Уыцы рæдыд фæстæдæр сраст кодта император Август, æмæ та Юлийы къæлиндар ногæй æрфидар ис. Къæлиндарон реформæйы рæстæджы Марк Антоний куыста консулæй (Ромы империйæн хицауадгæнæг уыдысты дыууæ æмбар архайæджы — уыдон

хуыдтой консултæ). Юлий Цезары хорздзинæдтæн аргъ скæныны æмæ уыдон мысыны тыххæй Марк Антонийы уынаффæмæ гæсгæ, Цезарь цы мæйы райгуырди, (Квинтилий), уымæн йæ ном раивтой æмæ йæ уæдæй фæстæмæ хонынц Июль.

Нæ эрæйы 8 азы Ромы сенат бауынаффæ кодта, цæмæй император Октавиан Август паддзахадæн цы хæрзтæ фæци, уыдон мысыны тыххæй Секстилы мæйæн йæ ном раивтаиккой. Уæдæй фæстæмæ уыцы мæй хуыйны Август.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.