Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 32. Къæлиндар куыд фæзынди

Алчидæр зоны, стыр дæрддзæджытæ сантиметртæй кæнæ метртæй барын зынархайæн хъуыддаг кæй у, уый. Уымæ гæсгæ стыр дæрддзæджытæ фæбарынц километртæй. Раст афтæ у даргъ рæстæджы скъуыддзæгтæ бахынцыны хъуыддаг дæр. Адæймаджы цард суткæтæй куы нымаиккам, уæд-иу нæм рауаид егъау нымæцтæ æмæ семæ архайын уаид зын. Стыр нымæцтæ нæм рауаид, историон заманты дæргъ мæйгай куы нымаиккам, уæд дæр. Гъе, уымæ гæсгæ даргъ рæстæджы скъуыддзæгтæ хынцынæн пайда кæнынц суткæ æмæ мæйæ нæ, фæлæ афæдзæй. Даргъ рæстæджы гæппæлтæ хынцыны тыххæй арæзт æрцыди къæлиндар. Кæй зæгъын яей хъæуы, ифтонг къæлиндар саразынæн хъæуы, афæдзы дæргъ цæйас у, уый зонын.

Афæдзы дæргъ та фыццаг хатт базыдтой египетаг дзуарылæгтæ. Раджы заманы Египет хъæздыг æмæ тыхджын паддзахад уыди. Иуæй-иу наукæтæн сæ бындур египетæгтæ æрæвæрдтой. Уæлдай бæрзонд æвæрд уыди Египеты (Мысыры) зæхкуысты культурæ. Чысыл зæххы гæппæлæй-иу египетæгтæ хорз куысты руаджы райстой стыр тыллæг. Уый уыди 7—8 мин азы размæ. Уыцы заманы къæлиндар нæма уыди. Ничи зыдта, афæдзы цал боны ис, уый дæр.

Зымæг æмæ сæрд Египеты махмæйау цæхгæр нæ хицæн кæнынц сæ кæрæдзийæ, уым зымæг дæр сæрдау хъарм вæййы. Чи зоны, сымахæй бирæтæм диссаг фæзына уæдыккон Египеты халсар цы афон байтауын хъуыди, уый алчи кæй нæ зыдта, уый. Раздæр куыд загътам, афтæмæй египетæгты хъæздыгдзинад баст уыди Нилы фурдимæ. Нил алы аз дæр раивылы иу афон, фæлæ кæд раивылдзæн, уый рагагъоммæ ничи зыдта; зæххон фæзындтæм гæсгæ уыцы момент зын базонæн уыд.

Аивгъуыдта дзæвгар рæстæг. Египетаг дзуарылæгтæ бафиппайдтой, Нилы раивылд æмæ Сириусы гелиактикон (хуримæ) скаст иу рæстæджы кæй æрцæуынц, уый. Эклиптикæмæ æввахс уæвгæйæ, Сириус дæр зодиакы иннæ стъалытау афæдз иу хатт фæвæййы Хуры фæстæ. Раст уыцы дуджы Хур æмæ Сириус горизонты бынæй скæсынц иумæ. Фæлæ уæд Сириусы скæсгæ ничи фены, уымæн æмæ йæ лæмæгъ рухсимæ уый аныгъуылы хуры тынты. Египеты уыцы дуджы вæййынц æппæтæй æнтæфдæр мæйтæ, адæм-иу фæлмæцыдысты тæвды æмæ уыцы мæйты схуыдтой «куыйты мæйтæ». (Латинаг æвзагæй уыцы мæйты хонынц каникултæ). Зæгъын хъæуы уый, æмæ Сириус цы стъалыбардзмæ хауы, уый ныр дæр Стыр Куыдзы стъалыбардз кæй хонынц. Хур æмæ Сириус æдзух иумæ не скæсынц горизонты бынæй. Сириус «æнæзмæлгæ» стъалы у, Хур та зилы эклиптикæйыл ныгуылæнæй скæсæны ’рдæм. Афтæмæй иу-цалдæр боны фæстæ Хур феккуырсы скæсæны ’рдæм, Сириус фæстейы аззайы æмæ райсом сæумæцъæхæй Хуры разæй суайы горизонты сæрмæ. Уыцы дуджы Нил дæр ивылын байдайы æмæ египетæгтæ халсар байтауынмæ сæхи бацæттæ кæнынц.

Сириусы гелиактикон (хуримæ) скаст æмæ Нилы донивылæн иу рæстæгмæ кæй цыдысты, гъе уый тыххæй египетаг дзуарылæгтæ иттæг зæрдиагæй сæ цæст дардтой уыцы стъалымæ.

Цыдис рæстæг. Æппынæдзух уыцы иу фæзындмæ кæсгæйæ, египетаг дзуарылæгтæ æппынфæстаг базыдтой Сириусы иу гелиактикон скастæй иннæмæ 365 боны кæй рацæуы, уый. Уыцы рæстæджы гæппæл уыдон схуыдтой афæдз. Афæдз дихгонд цыдис 12 мæйыл, алы мæйы дæр уыди фæйнæ 30 боны. 12 мæйы 30-гай бонтæй æййафынц 360 боны.

Афæдзæй ма-иу баззади 5 боны. Уыцы 5 боны египетæгтæ арæзтой алыхуызон бæрæгбонтæ. Афæдзы дæргъ æцæгæй у 365 боны æмæ 6 сахатмæ ’ввахс, египетæгтæ та йæ нымадтой 365 боныл. Ахæм рæдыд нымады охыл къæлиндар цыдис размæ: 4 азы иу бон, 120 азы иу мæй æмæ афтæ дарддæр. Къæлиндарæн сраст кæнæн уыдис. Алы 4 азы дæргъы æхсæзгай сахæттæй æмбырд кодта иу суткæ. Афтæмæй 4 азы иу хатт афæдзы дæргъыл .нымайын хъуыдис 365 нæ, фæлæ 366 боны. Ацы хабар египетæгтæ дæр зыдтой, фæлæ уæддæр къæлиндар растгонд не ’рцыди суанг Юлий Цезары заманмæ.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.