Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 31. Иу мæйы цал боны ис?

Тропикон афæдз æгæр егъау иуæг у рæстæг сбарынæн, суткæ та æгæр цыбыр у. Рæстæг хынцыны куыст бирæ æнцондæр уаид, суткæйæ даргъдæр æмæ тропикон , афæдзæй та цыбырдæр чи у, ахæм иуæг ма куы ’рхъуыды кæниккам, уæд. Ахæм иуæг æцæгæй дæр ис. Уый у синодикон мæй. Синодикон мæй тропикон афæдзæй раздæр фæзынд, уымæн æмæ йæ дæргъ тропикон афæдзы дæргъæй æнцондæр базонæн у.

Стъалытæ куыд скæсынц хурыскæсæны горизонты бынæй æмæ куыд аныгуылынц, афтæ скæсы æмæ аныгуылы Мæй дæр. Æппынæдзух уыцы фæзындмæ кæсгæйæ, адæймагмæ афтæ фæзыны, цыма Мæй змæлы скæсæнæй ныгуылæны ’рдæм. Фæлæ Мæйы æцæг змæлд афтæ нæу. Дыууæ-æртæ ’хсæвы фæд-фæдыл нæ цæст куы фæдарæм Мæйы змæлдмæ, уæд рахатдзыстæм, уый ныгуылæнæй скæсæны ’рдæм кæй цæуы. Ахсæв æй искæцы стъалыйы фарсмæ куы фенæм æмæ та йæм сомæхсæв дæр уыцы афон куы скæсæм, уæд æй абоны стъалыйы цур нал фендзыстæм — сомæхсæв уый уыдзæн уыцы стъалыйæн скæсæны ’рдыгæй. Иннæбон æхсæв Мæй ноджы ацæудзæн дарддæр уыцы стъалыйæ. Алы сахат дæр Мæй ацæуы скæсæны ’рдæм 1/2°æй чысыл фылдæр. 27 боны æмæ 7 сахаты фæстæ Мæй ногæй æрцæудзæн, фыццаг æхсæв æй цы стъалыйы цур федтам, уыцы стъалыйы цурмæ.

Ацы рæстæджы гæппæл хуыйны стъалыйон, кæнæ сидерон (Sideris латинагау амоны стъалы) мæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ Мæй бацæуы Хурæй Зæххы ’хсæн. Уыцы рæстæджы Хур срухс кæны Мæйæн йе ’ддаг фарс, мах ’рдыгæй цы фарс вæййы Мæйæн, уымæ хуры тынтæ нæ кæсынц æмæ йæ мах нæ уынæм. Уæд махмæ адæм фæдзурынц, зæгъгæ, «Мæй сæфт у».

Дзырдæн зæгъæм, ахсæв Мæй у сæфт. 27 боны æмæ 7 сахаты фæстæ уый æрзилдзæн Зæххы алыварс æмæ та хъуамæ Хур æмæ Зæххы ’хсæн бацæуид, ома уаид та «сæфт», фæлæ .27 боны дæргъы Хур йæ бынаты нæ лæудзæн. Куыд зонæм, афтæмæй Хур зилы эклиптикæйыл æмæ алы суткæ дæр ацæуы 1º. 27 боны дæргъы уый ацæудзæн 27° бæрц æмæ Мæй йæ ахсæвы бынатмæ куы ’рхæццæ уа (стъалытæм гæсгæ), уæд Хуры комкоммæ нæма слæудзæн, уымæн æмæ Хур уыдзæн скæсæны ’рдыгæй. Цæмæй йæ Мæй аййафа æмæ та йæ комкоммæ слæууа, уый тыххæй ма йæ бахъæудзæн 2 суткæйы æмæ 6 сахаты бæрц. Уый фæстæ та Мæй бацæудзæн Зæхх æмæ Хуры ’хсæн æмæ та йæ мах нал фендзыстæм, ома та уыдзæн сæфт. Иу мæйсæфтæй иннæмæ цы рæстæг рацæуы, уый хонынц синодон мæй (грекъаг дзырдæй, кæцы амоны иу хаххыл слæуд). Синодон мæйы дæргъ у 29 суткæйы æмæ 12 сахатæй чысыл фылдæр.

Цыппаркъуырион мæй кæй хонæм, уый нæдæр стъалыйон мæйы йас у, нæдæр синодон мæйы йас. Къæлиндары цы мæйтæй пайда кæнынц, уыдон февралы мæйы йеддæмæ, сеппæт дæр синодон мæйæ даргъдæр сты. Афтæмæй синодон мæй, цыма уæлдай у, уыйау дзы никуы пайда кæнынц. Уый уымæн афтæ рауади, æмæ нæ къæлиндар арæзт у Мæйы нæ, фæлæ Хуры змæлдмæ гæсгæ. Мæйы змæлдмæ гæсгæ арæзт цы къæлиндартæ сты (пысылмон адæмы къæлиндар), уыдон се ’ппæт дæр пайда кæнынц синодон мæйæ.

Уыцы къæлиндарты алы мæй дæр райдайы мæйноджы.


««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.