Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай
— Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.
Сиукъаты Никъала
Дун-дуне нæ алфæмблай
§ 29. Бæстыл хур дæр не ’ххæссы
Бæстыл, дам, Хур дæр не ’ххæссы,— æмбисондæн фæдзурынц ирон адæм. Æмæ уый æцæгдæр афтæ у. Алчидæр зоны, зæххы цъарыл бон æмæ æхсæв кæрæдзи радыгай кæй ивынц, уый. Дзырдæн зæгъæм, Дзæуджыхъæуы æмбисбон куы вæййы, уæд Красноярскы та вæййы фæсæмбисбон 4 сахаты, Петропавловскы (Камчаткæйыл) изæр 9 сахаты. Уыцы иу рæстæджы Хур срухс кæны Зæххы къорийæн æрмæст йе ’мбис, иннæ æмбис та вæййы талынг.
Фæлæ Зæххы къорийыл бон цы ’мбисы вæййы, уым дæр алы ран иу афон нæ вæййы; уыцы æмбисæн йе скæсæйнаг хæйтты Хур хъавы ныгуылынмæ, йæ ныгуылæн хæйтты та вæййы сæумæрайсом. Рæстæмбйс хур Дзæуджыхъæуы меридианыл куы фæцæйхизы, уæд махмæ вæййы æмбисбон. Уыцы рæстæджы Дзæуджыхъæуæн скæсæны ’рдыгæй цы горæттæ ис, уымыты рæстæг æмбисбонæй хызт уыдзæн, ныгуылæны ’рдыгæй цы горæттæ ис, уымыты та уыдзæн æмбисбонæй раздæр. Дыууæ кæнæ иу-цалдæр горæты æмбисбон цæмæй иу рæстæджы æрцæуа, уый тыххæй уыдон хъуамæ æвæрд уой иу меридианыл.
Раджы заманы алы горæт дæр куыста йæхи рæстæгмæ гæсгæ. Цалынмæ хицæн горæтты æмæ паддзахæдты ’хсæн бастдзинад нæма сытынг, уæдмæ хи рæстæгыл кусын ницы хъыг дардта. Фæлæ æфсæнвæндæгтæ æмæ телеграф куы сарæх сты, уæд хи рæстæгыл кусын разынд стыр цæлхдур. Уымæ гæсгæ бирæтæ тырныдтой, цæмæй райстæуыдаид иумæйаг рæстæг, кæд æппæт дунейы нæ, уæд та хицæн паддзахæдты. Паддзахы Уæрæсейы æфсæнвæндæгтыл алыран дæр куыстой иумæйаг (петербургаг рæстæгмæ гæсгæ. Фæлæ æппæт дунейы адæм сæ куысты æмæ сæ царды иу рæстæгæй куы пайда кæниккой, уæд уый дæр нæ уаид æнæаипп хъуыддаг.
Дзырдæн зæгъæм, æппæт дунейы адæм сæ сахæттæ мæскуыйаг рæстæгыл куы сæвæриккой, уæд-иу мæскуыйаг æмбисбон сахæттæ алыран дæр «12» бæргæ æвдисиккой, фæлæ-иу уыцы рæстæджы кæм бынтон талынг уаид, кæм изæрмилтæ, кæм та бонивайæн.
Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм фæзындыл адæймаг зынтæй сахуыр уаид. Æппæт дунейы сахæтты иу искæцы горæты рæстæгмæ аргъæвыны бæсты ахуыргæндтæ ссардтой æндæр фæрæз.
Зæххы къори меридиантæй адих кодтой 24 тæлмыл. Дыууæ сыхаг меридианы ’хсæн ис 15°. Алы тæлмæн дæр йæ астæуты цæуы йæ сæйраг меридиан. Уыцы меридианыл æмбисбон куы вæййы, уæд цы тæлмы астæуты цæуы, уым алы ран дæр сахæттæ амонынц «12». Райдайæны (кæнæ нулон) тæлмæн йæ астæуты цæуы, Гринвичы обсерваторийыл цы меридиан цæуы, уый. Географийæ бæрæг куыд у, афтæмæй Гринвичы меридианæн йæ дæргъад у 0°. Райдайæны тæлмы цы паддзахæдтæ ис, (Англис, Франц, Бельги, Испани, Португали), уыдонæн сæ сахæттæ кусынц Гринвичы рæстæгмæ гæсгæ. Тæлмыты номертæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц Гринвичæй хурыскæсæны ’рдæм. Фыццаг тæлмы астæуты цы меридиан цæуы, уый æмæ Гринвичы ’хсæн ис 15°. Уымæ гæсгæ фыццаг тæлмы цы паддзахæдтæ сты, уыдонæн сæ рæстæг 1 сахат раздæр у Гринвичы рæстæгæй. Фыццаг тæлммæ хауынц скандинаваг паддзахæдтæ, Герман, Итали, Венгри. Нæ раздæры Цæдисы ныгуылæйнаг хæйтты сахæттæ кусынц дыккаг тæлмы рæстæгмæ гæсгæ. Зæгъæм, Петербурджы, Мæскуыйы, Киевы сахæттæ цæуынц дыккаг тæлмы рæстæгыл. Гринвичы æмбисбон куы вæййы, уæд дыккаг тæлмы сахæттæ та амонынц фæсæмбисбоны 2 сахаты. Фæлæ меридиан искæцы чысыл облæсть дыууæ дихы куы фæкæна æмæ йæ иу хай иу рæстæгыл куы куса, иннæ та æндæр рæстæгыл, уæд уый тынг рæвдз хъуыддаг нæ уыдзæн. Уымæ гæсгæ тæлмыты арæнтæ бæрæггонд цæуынц, политикон æмæ административон хъуыддæгтæ рæстмæ кæнын куыд хуыздæр у, уымæ гæсгæ.
Фæндаггон лæг скæсæнырдæм куы цæуа æмæ иу тæлмæй иннæмæ куы ахиза, уæд тæлмыты номертæ ныгуылæнæй скæсæны ’рдæм фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц, уымæ гæсгæ, йæ сахат хъуамæ фæраздæр кæна 1 сахат. Цæвиттон, 3-аг тæлмæй 4-æм тæлммæ куы ахизæм, уæд нæ сахат хъуамæ фæраздæр кæнæм 1 сахат; 4-æм тæлмæй 3-мæ куы рахизæм, уæд та хъуамæ нæ сахатыл фæстæмæ фæхæцæм 1 сахат. Дзырдæн зæгъæм, мах араст стæм скæсæны ’рдæм, хизæм иу тæлмæй иннæмæ, æмæ алы хатт дæр нæ сахат фæраздæр кæнæм иу сахат. Цымæ кæдмæ афтæ кæндзыстæм?
Дыууадæсæм тæлм цæуы Беринджы хуыйæндоныл. Гринвичы 1 майы æмбисбон 12 сахаты куы вæййы, уæд Беринджы хуыйæндоны та нæййы æхсæвы 12 сахаты. Гринвичæй ныгуылæны ’рдæм куы аиауæм 180°-ы онг, уæд уым та уыцы рæстæджы уыдзæнис 30 апрелы ’хсæвы 12 сахаты. Афтæмæй, Скæсæн Сыбыры кæрон 2 май куы ралæууы, уæд Аляскæйы та ралæууы 1 май.
Уый адыл махæй Америкæмæ исчи куы бафта, уæд уый нымайдзæн 2 май, америкæгтæ та 1 май. Кæддæр, Аляскæйы (кæцы раздæр уыди Уæрæсейы æмæ йæ хуыдтой Уырыссаг Америкæ) иуæй-иу рæтты уырыс æмæ америкæгтæ цардысты фæрсæй-фæрстæм.
Уыцы бынæтты цы америкæгтæ цард, уыдонæн-иу хуыцаубон куы уыд (æнцойбон), уæд-иу уырыссæгтæ та кусгæ кодтой, уымæн æмæ уыцы бон уырыс нымадтой къуырисæрыл. Цæмæй ахæм хæццæдзинад ма уа, уый тыххæй бадзырдтой, афтæ. Бæлццон кæнæ нау Гринвичæй хурыскæсæны ’рдæм куы цæуа æмæ 180-æм меридианыл куы ахиза, уæд иу бон хъуамæ банымайа дыууа хатты. Дзырдæн зæгъæм, нау 180-æм меридианыл ахызт скæсæны ’рдæм 17 апрелы. Дыккаг бон дæр та уыцы науæн уыдзæни 17 апрель, кæд æмæ фæндаггон лæг кæнæ нау 180-æм меридианыл скæсæнæй ныгуылæны ’рдæм ахиза, уæд та хъуамæ иу бон рауадза. Дзырдæн зæгъæм, фæндаггон 180-æм меридианы сæрты ахызт 17 апрелы. Дыккаг
бон уыдзæнис 18 нæ, фæлæ 19 апрель.
1522 азы Магелланы æмбæлттæ фæстæмæ куы ’рыздæхтысты, уæд Испанийы уыдис майрæмбон, Магелланы æмбæлттæн та уыди цыппæрæм. Фæндаггæттыл дис бафтыд, уыдон бирæ фæцагуырдтой сæ рæдыд, фæлæ ницы ссардтой. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Магеллан Зæххы алыварс æрзылд скæсæнæй ныгуылæны ’рдæм.
Зæххы алыварс æрзилынæн Магелланы бахъуыди æввахс нымадæй 1000 боны. Уымæ гæсгæ Испанийы цы адæмы ныууагъта, уыдоныл Хур скаст 1000 хатты, Магелланыл та 999 хатты, уымæн æмæ Магеллан цыди зæххы сæмæнон змæлды ныхмæ. Магеллан Зæххы алыварс ныгуылæнæй скæсæны ’рдæм куы ’рзылдаид уæд та йыл Испанийы кæй ныууагъта, уыдон хъауджыдæр, Хур скастаид иу хатт уæлдай, æмæ æрыздæхтаид цыппæрæмы нæ, фæлæ сабаты.