Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 132. Цавæр уавæртæ хъæуы цард фæзынынæн

Стъалыйы фарсмæ планетæтæ, чи зоны, бирæ дæр уа, фæлæ гæнæн ис æмæ дзы цард æппындæр макæуыл уа. Хуры алыварс зилы фараст стыр планетæйы, фæлæ дзы царды аккаг уавæртæ Зæххы йеддæмæ никæм разынд.

Цард цы у, ууыл дзурдзыстæм радон параграфы. Ам уал хъуамæ зæгъæм уый æмæ, царды кой куы ракæнæм, уæд нæ хъуыдыйы вæййы æмбаргæ цæрæг. Вирус æмæ ноджы алыхуызон бактеритæ дæр царды формæтæй сты. Царды асинæн уыдон лæууынц йæ бинаг къæпхæныл. Йæ уæллаг къæпхæнмæ схызти адæймаг. Царды къæпхæнтыл бынæй уæлæмæ хилын дæргъвæтин процесс уыди, стæй гæнæн уыди æмæ йæ уæллаг къæпхæн ахицæн уыдаид адæймаджы бæсты æндæр исты æнæххæст цæрæгойæ.

Нырыккон наукæ куыд бæлвырд кæны, афтæмæй царды ныллæг формæтæ куы фæзындысты, уæдæй нырмæ рацыди 3,5 миллиард азы. Уый дзæвгар рæстæг у. Фæлæ афтæ куы зæгъæм, зæгъгæ æндæр планетæйыл царды эволюци цыбырдæр рæстæг æрцахсдзæн, уæд фæрæдидзыстæм. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ царды асиныл иу къæпхæнæй иннæмæ схизын пълангонд нæ вæййы. Уый æрцæуы цауæй æмæ гæнæн ис бирæ рæстæг ахæсса, гæнæн ис æмæ фæцыбыр уа, гъе та æппындæр ма ’рцæуа. Зæххыл ныртæккæ цæры 2 миллион цæрæгойы, фæлæ дзы адæймаджы йеддæмæ йæхи бамбарыны къæпхæнмæ ничи схæццæ ис, се ’ппæт дæр баззадысты ныллæг, æнæрæгъдзыд формæты. Æркæсæм искæцы цæрæгоймæ, зæгъæм галмæ. Цал миллион азы цæры Зæххыл, уый чи базондзæн. Æмæ ма ноджы цал миллион азы хъуамæ фæцæра, цæмæй уый дæр, адæймагау йæхи бамбарыны уонг схæццæ уа?

Æмæ уæдæ кæд органикон царды эволюци миллиард азы ахæссы, уæд æй цы стъалы «хъомыл кæны», уый дæр мæнæ ’взонгтæй хъуамæ ма уа. Ууыл хъуамæ цæуа 3,5 миллиард азæй фылдæр, ома уый хъуамæ уа, сæйраг фæдфæдылдзинадмæ чи бахауд, уыцы стъалытæй. Цы ма дзы хъæуы ноджы «бадомын» уыцы стъалыйæ? Геологийы историйæ куыд бæрæг кæны, афтæмæй а фæстаг миллиард азы дæргъы Хуры тæвд уадиссаг ничердæм фæкъул ис. Уæдæ стъалыйы тæвд миллиард азты дæргъы цæхгæр хъуамæ ма фæива, .науæд органикон царды чырæг æгæр буц уæвæг у æмæ уайтагъддæр скуынæг уыдзæни. Ноджы ма зæгъæм уый дæр æмæ къай.чстъалыты фарсмæ царды уавæртæ уæззаудæр хъуамæ уой. Уымæ гæсгæ, мах Хурау, стъалы дæр иунæг куы уа, уæд йæ фарсмæ уæвæг планетæйыл цард фæзынын æнцондæр уыдзæн.

Æркæсæм ныр цардæнхъæл цы планетæйыл стæм, уымæн йæхимæ дæр. Планетæ хъуамæ æгæр къаннæг ма уа, науæд йæ химæлвасынады тых лæмæгъ рауайдзæн æмæ йæ алфæмблай атмосферæ бауромын нæ бафæраздзæн, æнæ атмосферæ та царды уæвыныл дзурæн дæр нæй. Æвдисæйнагæн нæ бон æрхæссын у Мæй. Йæ чысыл массæйы аххосæй, уый æнæ атмосферæ æмæ æнæ донæй баззади.

Планетæ цы бынаты ис, уый дæр хъуыдыйаг у. Стъалымæ тынг æввахс куы уа, уæд æгæр тæвд кæндзæн æмæ дзы удæгас уæвджытæ нæ бафæраздзысты. Иу ахæм планетæ у Меркурий. Уымæн йæ тæвд уыйбæрц бæрзонд у æмæ дзы зды дæр атайы. Ахæм тæвд уавæрты газы молекулæтæ райсынц стыр кинетикон энерги æмæ дунейы тыгъдады ныххæлиу вæййынц, планетæ сæ нал бауромы. Фæлæ планетæ йе стъалымæ æгæр дард куы уа, уæд уый дæр бæллиццаг уавæрты нæ уыдзæн. Æркæсæм ма Ураны планетæмæ. Уымæн йæ уæлцъары температурæ — 200° С уæлдæр никуы схизы. Хуры рухс дæр дзы 370 хатты лæмæгъдæр у, махмæ цæйас у, уымæй. Уæдæ планетæ, цæмæй цардæй хайджын суа, уый тыххæй хъуамæ йе стъалыйы фарсмæ æрцахса аккаг бынат — мадæр æгæр æввахс, мадæр æгæр дард.

Стыр ахадындзинад ис атмосферæйæн. Уымæн йæ химион сконд хæрзбæззон куынæ уа, удæгас чырæджы сæйраг элементтæй (æвзалыгуыр, азот, донгуыр, туаггуыр) цух куы уа, уæд иннæ уавæртæ цыфæнды хорз куы фестой, уæддæр планетæ æдзардæй баззайдзæн. Уæлдæфы æнгомад фаг куынæ уа, озонæй цух куы уа, уæд хуры ультрафиолетон тынтæ æмæ космосæй цы атомы хайыгтæ тæхы, уыдон комкоммæ Зæххы уæлцъармæ хæццæ кæндзысты æмæ цыфæнды удæгас орАанизмы дæр скуынæг кæндзысты. Фæлæ æппæтæй ахсджиагдæр у доны цъар. Абон никæй бауырндзæни, зæгъгæ царды фыццаг чырæг сурзæххыл кæнæ уæлдæфы фæзынди. Цард фæзынынæн æппæтæй хуыздæр уавæртæ уыди уæдыккон хъарм денджызтæ æмæ океанты. Сурзæххмæ цард донæй рафтыди.

Органикон цард йæ къахыл кæй слæууыд æмæ бæрзонд къæпхæнмæ кæй схызт, уымæн стыр ахъаз фæци суткæйы æмбæлон дæргъ. 12 сахаты фаг сты гуыбыны куыстæн дæр æмæ фæллад суадзынæн дæр. Зæгъын ма хъæуы ноджы иу хорздзинад, — æхсæвæй бонмæ уæлдæфы хъарм цæхгæр нæ аивы. Куыд уынæм, афтæмæй искæцы стъалыйы фарсмæ цард фæзынын æмæ райрæзынæн хъæуы бирæ аккаг уавæртæ. Айдагъ планетæйы уæвындзинад фаг нæу.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.