Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 131. Планетон системæтæ Æрфæныфæды

Джордано Бруно-иу Европæйы университетты лекцитæ куы касти, уæд йæ ныхасы сæр алы хатт дæр уыди æрвон дунейы æгæрондзинад. Уый зæрдиагæй уырнын кодта адæмæн, æрвон буæрттыл дæр удæгас уæвджытæ кæй ис, уый. Ахæм хъуыдытæ канд Бруномæ нæ уыди. Суанг грекъæгты заманæй райдай æмæ абоны онг, адæймаджы зондæй никуы схицæн, æрвон дунетыл цæрджытæ кæй ис, уыцы хъуыды. Фæлæ йæм алы заманы иухуызон цæстæй нæ кастысты, уымæн æмæ’ абон дæр бæлвырдæй нæма зонæм, ис æви нæ цæрджытæ искæцы æрвон буарыл. Хуры системæйæ нæ бон базыдтам. Меркурий æгæр тæвд у. Стæй дзы дон æмæ уæлдæф дæр нæй. Бонвæрнон дæр нæу, цардæн чи сбæзза, ахæм планетæ. Йæ донгуыры молекулæтæ æрвон тыгъдады ныххæлиу сты, йæ туаггуыр та баиу ис æвзалыгуыримæ æмæ сæ рауади æвзалытуаг газы бæзджын фæлтæр. Бонвæрноны атмосферæйæн йæ 96,5% сты æвзалытуаг газ. Уымæй расайдта хъæрмуатон эффект æмæ планетæйы уæлцъар стæвд ис 735 К онг.

Иу дуджы астрономтæ сæхицæн ныфсытæ æвæрдтой Марсы планетæйæ. Бирæты уырныдта, цæрджытæ дзы кæй ис, уый. Фæлæ фæстаг азты иртасæн куыстытæй куыд бæрæг кæны, афтæмæй Марсыл ныртæккæ цы физикон уавæртæ ис, уыдон цардæн нæ бæззынц. Йæ уæлцъар цы автоматон станцæтæ æрбадти, уыдон дæр дзы царды нысæнттæ не ссардтой. Уæдæ нæ цæй ныфс вæййы, æрвон буæрттыл царды нысæнттæ куы агурæм, уæд? Нырыккон астрономты фидарæй уырны, æндæр стъалыты алыварс дæр ; планетæтæ кæй ис, уый.

Стъалытæ цы мигъгонд массæйæ равзæрынц, уый æнæхъæнæй стъалыйыл нæ бахардз вæййы. Йæ центрон хай бакъуыбар вæййы стъалыйы хуызы, йæ кæрæтты ма цы массæ баззайы, уымæй та рауайы къаннæгдæр къуыбæрттæ. Уыдон сты планетæтæ. Цыбырæй мах уый зæгъинаг стæм æмæ планетон системæты равзæрд æмхуызон у алы ран дæр æмæ тынг арæх у Æрфæныфæды. Уымæн æвдисæн сты къай стъалытæ. Ныртæккæ фидарæй зонæм, Æрфæныфæды цы сæдæ миллиард стъалыйы ис, уыдонæн сæ 30—50% сты кæнæ къай, кæнæ æртывæр, кæннод та фылдæр хаттон стъалытæ. Планетон системæтæ æмæ хаттон стъалыты системæтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц сæ масштабтæй: стырдæр мигъгондæй равзæрынц хаттон стъалытæ, къаннæгдæр мигъгондæй та стъалы æмæ планетæтæ. Зындзинад уый мидæг ис æмæ нырыккон техникæйы фæрæзтæ фаг нæма сты, цæмæй искæцы стъалыйы фарсмæ планетæйы комкоммæ фенæм. Хаттон стъалыты хъуыддаг бынтон æндæр у. Уыдонæн телескопы фенæн ис комкоммæ, кæннод та фæрссаг амæлттæй сбæлвырд вæййы, æрттиваг стъалыйæн ма йæ фарсмæ лæмæгъдæр стъалы кæй ис, уый. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Сириусы змæлд куыд иртæстой, уый. Бессель бафиппайдта, Сириусы змæлыны фæндаг гакъон-макъонтæ кæй у æмæ цæй аххос у, уый дæр бамбæрста. Сæйраг стъалы, Сириус А-йæн йæ алыварс зилдух кæны къаннæгдæр стъалы — Сириус В. Стъалыйы змæлды фæндаг афтæ гакъон-макъонтæ куы уа, уæд æнцон бамбарæн у, цы йæ хъыгдары, уый. Æвæццæгæн йæ алыварс зилы, комкоммæ фенæн кæмæн нæй, ахæм къаннæгдæр стъалы æмæ йын уый йæ фæндаг «змæнты». Зæгъын хъæуы уый æмæ æнæуынгæ æмбæлццон стъалытæ арæх кæй сты. Зæгъæм, Хуры алфæмблай æрфыстам, йæ радиус 10 парсечы кæмæн у, ахæм сферæ. Уыцы сферæйы хуылфы банымайæн ис 53 стъалыйы. Уыдонæй фондзæн ис æнæуынгæ æмбæлццæттæ. Æмæ, чи зоны, уыцы къаннæг æмбæлццæттæ стъалытæ нæ, фæлæ планетæтæ сты? Ацы фарста алыг кæнын зын нæу. Махæй 10 парсечы æддæдæр цы стъалы ис, уымæн йæ фæндаджы гакъон-макъонтæ цæмæй бафиппайæм, уый тыххæй йе ’мбæлццоны массæ æппынкъаддæр хъуамæ уа, Юпитеры массæйæ 10 хатты фылдæр. Фæлæ Юпитеры массæ гъеныр цы у, уымæй 10 хатты фылдæр куы фестид, уæд уый планетæ нал уаид. Йæ хуылф афтæ стæвд уаид æмæ рухс кæнид мæнæ сырх карлик стъалытæ куыд рухс кæнынц, афтæ. Йæ уæлцъары тæвд та сæййафид 1—2 мин градусы. Уæдæ нæ ныхас хъуамæ афтæ ахицæн кæнæм. Абон нæ къухты цы астрономон мигæнæнтæ ис, уыдон фæрæзтæ фаг нæма сты, цæмæй искæцы стъалыйы фарсмæ планетæтæ бафиппайæм. Фæлæ ацы хатдзæг иртасæджы ныфсытæ нæ асæтдзæн. Наукæйы ахæм æууæлтæ арæх вæййы. Бирæ хатт физикон фæзындæн комкоммæ фенæн нæ вæййы, фæлæ йын разыны фæрссаг бæлвырдгæнæнтæ. Чи федта электрон атомы аппы алыварс куыд зилдух кæны, уый? Ничи! Фæлæ йыл уæддæр дызæрдыг нæ кæнæм. Канд уый нæ, фæлæ Зæхх Хуры алыварс куыд зилы, уымæн дæр комкоммæ нæй фенæн, фæлæ йын сбæлвырдгæнæн ис афæдзон параллакс æмæ стъалыты аберрацийы фæрцы.

128-æм параграфы нæм ныхас уыди, Хур æмæ иуæй-иу стъалытæ сæ зилыны момент кæй фесæфтой æмæ ныр сæ сæмæнты алыварс хæрз сындæг кæй зилынц, уый фæдыл. Æвзонг стъалыты сæмæнон змæлды тагъдад иу секундмæ 100 км-æй фылдæр у, фæлæ Хуры экваторон стъæлфытæ секундмæ ауайынц æрмæст 2 км.

Цы фæкодта Хур йæ райдианы сæмæнон змæлды тагъдад? Йæ планетæтæм дам æй алæвæрдта, йæ магнитон быдыры фæрцы. Афтæ зæгъынц абоны астрономтæ. Æмæ уæд Хурау сабыр чи зилы йæ сæмæны алыварс, уыцы стъалытæ дæр хъуамæ хайджын уой планетон системæтæй.

Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ астрономон мигæнæнты фæрæзтæ космосы кæй фæтыхджындæр уаиккой. Куыд зонæм, афтæмæй зæххы атмосферæ стыр цæлхдур у телескопты куыстæн. Уымæ гæсгæ фæзынди ахæм пълæнттæ, цæмæй космосон станцæты кæнæ Мæйыл сæвæрой егъау телескоптæ, зæгъæм йæ объективы диаметр 2—3 м кæмæн уа. Бирæтæ зæгъынц, зæгъгæ, дам, ахæм телескопты фæрцы бафиппайæн уаид планетон системæтæ, хæрз æввахс нæм цы стъалытæ ис, уыдон алыварс.

Фæлæ, зæгъæм, планетон системæтæ ссардтам. Цы пайда нын фæуыдзæн уыцы ног къахдзæф? Ахæм уæлахиз нæ къухты куы бафтид, уæд ныфсджындæрæй хъуыды кæниккам, ис æви нæ, уыцы планетæтыл æмбаргæ уæвджытæ. Æмæ дзы кæд ис, уæд хъуыды кæниккам уыдонимæ бастдзинад ссарыныл. Цавæр техникон амæлттæй сын бамбарын кæндзыстæм, мах дæр сæ космосон æфсымæртæ кæй стæм, уый? Чи зоны, уыдон махæй зæрдæхæлардæр сты æмæ сæм бирæгъы миниуджытæ нал ис, стæй нацийы бындурыл кæрæдзи дæр не ’ргæвдынц. Мæ зæрдыл æрлæууыд А. Эйнштейны фыстæг дард фидæны цæрджытæм. 1939 азы Нью-Йорчы байгом ис Æппæтдунеон равдыст. Равдысты агъуыстытæй иуы бын америкæгтæ баныгæдтой æндонæй арæзт лагъз. Уыцы лагъзы нывæрдтой, нæ дуджы техникæйы æнтыстытæ чи æвдисы, ахæм мигæнæнтæ. Уыцы лагъз байгом уыдзæн 5000 азы фæстæ (ома 6939 азы), æмæ уæды цæрджытæн радзурдзæн мах царды истори. Лагъзы мидæг æвæрд ис дурæвзалыйы къæртт дæр. Америкæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй 5000 азы фæстæ дурæвзалы музейты йеддæмæ никуал уыдзæнис. Эйнштейнæн бабар кодтой, исты дам ныффысс, фидæны цæрджытæм. Æмæ сæм мæнæ куыд ныффыста: «Æрымысут æмæ нын-иу батæригъæд кæнут, мах цардыстæм ам 5000 азы размæ. Мах уыдыстæм тынг зондджын æмæ фæрæзджын, фæлæ æнамонд. Мах нæ зыдтам нæ зæххы æнæнымæц хъæздыгдзинæдтæй спайда кæнын æмæ адæймаджы куысты продукттæ раст байуарын, мах стыр фыдзæрдæйæ цагътам нæ кæрæдзййы».

Æвæццæгæн, æрдз адæймагæн хуыздæр æнхъæл уыди...

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.