Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

ÆРВОН БУÆРТТЫ РАВЗÆРД ÆМÆ ЭВОЛЮЦИ

§ 126. Рагон таурæгътæ (мифтæ) дунейы сфæлдисыны фæдыл

Дуне куыд сæвзæрди, кæд æмæ йæ чи сфæлдыста, куыд уыдзæн йæ фидæн, ахæм фарстатæ адæймаг æвæрдта йæ разы, хъуыды кæнын куы сахуыр, уæдæй фæстæмæ. Рæстæг цыди. Æнустæ ивтой кæрæдзи. Адæймаджы зонды тых фидарæй-фидардæр кодта æмæ ивтой йæ дзуаппытæ дæр, уæлдæр цы фарстатæ сæвæрдтам, уыдонæн.

Сæ царды райдианы алы адæм дæр сæхицæн ныфс æвæрдтой хуыцауæй. Фыццаг æй нымадтой фæтк æвæрæгыл. Дуне дам уыди æмтъеры, æмæ йæм хуыцау бæрæг фæтк бахаста. Индиаг мифологи дзуры, зæгъгæ, дам, иу хатт хуыцау Брахма йæ фынæйæ куы райхъал, уæд федта дунейы бынтон æмтъеры уавæры æмæ йæм бахаста фæтк, хаосæй космос сарæзта. Фæлæ та искуы миллиард азы фæстæ Брахма куы бафынæй уа, уæд та дуне сæмхæццæ уыдзæн. Дуне æмткæй райсгæйæ, стæй Брахма дæр нымад уыди æнусоныл. Афтæмæй рагон заманы хуыцау дунейы сфæлдисæгыл нымад нæма уыди. Йæ хæрзиуæг æрмæст уый мидæг уыди æмæ æмтъеры дунейæн уаг æрæвæрдта. Афтæ уыди, цалынмæ хуыцæуттæ бирæ уыдысты, уæдмæ. Фæлæ адæм куы ’рхъуыды кодтой «иунæг хуыцау», «æмбал кæмæн нæй», уæд уымæн хъуыди фылдæр кад скæнын. Æмæ йæ банымадтой «дуне сфæлдисæгыл». Уымæй дарддæр ма хуыцау разынди æнусон, æнæмæлгæ. Уый фæстæ алы адæммæ дæр фæзынди таурæгътæ, хуыцау дунейы куыд сфæлдыста, уый фæдыл. Уыцы таурæгътæ фæстагмæ бахаудтой дины чингуытæм. Иу ахæм чиныг у библи. Библийы куыд фыссынц, афтæмæй хуыцау дуне сфæлдыста 6 бонмæ. Фыццаг бон хуыцау сфæлдыста арв æмæ зæхх. Уый фæстæ уый сфæлдыста рухс, æмæ бон ахицæн кодта æхсæвæй. Дыккаг бон хуыцау сфæлдыста «арвы хъæбæр къул» æмæ «уæллаг» дон ахицæн кодта «бинаг» донæй. Æртыккаг бон денджызтæ æмæ океанты дон хуыцау æрæмбырд кодта иу ранмæ, фæзынын кодта сурзæхх æмæ сфæлдыста зайæгойты. Цыппæрæм бон хуыцау сфæлдыста æрвон рухсдæтджыты æмæ сæ бафидар кодта арвы къултыл, цæмæй рухс кодтаиккой Зæхх. Фæндзæм бон хуыцау сфæлдыста хилджыты æмæ мæргъты, æхсæзæм бон — сырдты æмæ адæймаджы. Æвдæм бон хуыцау уагъта йæ фæллад.

Ацы аргъау дины кусджытæ амыдтой адæмæн æнусæй-æнусмæ, нымадтой йæ æцæгдзинадыл æмæ йæ ныхмæ ралæууын, уый критикæ кæныны бар никæмæн уыди. Ахæм мæнгамындты ныхмæ-иу чи ралæууыд, уыдон карз æфхæрд æййæфтой. Ныр библийы аргъæутты рæстæг ацыд. Ам цы аргъауы кой ракодтам, ууыл чысыл куы ахъуыды кæнæм, уæд бамбардзыстæм, библи чи фыста, уый æрдзы закъонтæн æппындæр кæй ницы æмбæрста. Уый зæгъы, зæгъгæ, Хур æмæ стъалыты хуыцау сфæлдыста цыппæрæм бон. Æмæ уæд фыццаг æртæ боны та цæй рухсæй куыста? Цæй рухс уыди, фыццаг бон хуыцау кæй сфæлдыста, уый? Ацы фарстатæн библи ницы дзуапп дæтты. Библи чи фыста, уыдон не ’мбæрстой, Хуры йеддæмæ Зæххыл æндæр рухсы гуырæн кæй нæй.

Библи фысджытыл ахæм рæдыд уымæн æрцыд, æмæ уыдон не ’мбæрстой, Зæххы атмосферæйæн цы ахадындзинад ис, уый. Мигъ бонты, Хур æппындæр куы нæ фæзыны, уæддæр рухс кæй вæййы, уымæ гæсгæ рагон адæм афтæ æнхъæлдтой, цыма боны рухсæн уæвæн ис æнæ Хур дæр. Рагон адæмæн Хур уыди бон фæлындæн. Фæлæ «бон» Хуримæ баст кæй у, æмæ йын Цнæ Хур уæвæн кæй нæй, уый уыдон не ’мбæрстой. Æмæ уыцы æнæмбарындзинад фæзынди библийы чиныг чи фыста, уыдоныл дæр.

Библийы чиныджы фыст ис, зæгъгæ, дам, хуыцау дунейы сфæлдыста «ницæмæй». Физикæйы закъонтæ куыд амонынц, афтæмæй «ницыйæ» «исты» саразæн нæй, материйæн нæй ногæй сфæлдисæн, фесафæн ын’ куыд нæй, афтæ. Материйæн ис æрмæст йæ хуыз æмæ йæ формæ аивæн, фæлæ йын фæфылдæр кæнæ фæкъаддæр гæнæн кæй. Библи куы фыстой, уæд алæмæт уырныдта алкæй дæр, адæм афтæ æнхъæл уыдысты, цыма хуыцауæн æцæгдæр йæ бон у куыд æй бафæнда, афтæ исты сфæлдисын æмæ фесафын.

Библийы фыст ис, зæгъгæ, дам, цæрæгойты æмæ зайæгойты хуыцау фыццаг бон куыд сфæлдыста, уыцы хуызæнæй баззадысты ныры онг дæр, ома зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ нæ ивынц сæ хуыз, сæ ас. Ацы хъуыды дæр мæнг у. Ч. Дарвин сбæлвырд

кодта, зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ цадæггай сæ формæ кæй ивынц. Цалдæр миллион азы размæ Зæххыл цы зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ цард, уыдонæй бирæтæн бынтондæр сæ мыггаг аскъуыди, иннæтæ та сæ формæ афтæ тынг аивтой, æмæ сын базонæн дæр нал ис.

Уый уымæн афтæ у, æмæ царды уавæртæ æдзух ивгæ кæнынц. Зæххыл арвыхъæд куыд ивы, афтæ ивынц зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ дæр. Æрдзы ног уавæрты чи нæ бафæразы, уыцы зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ скуынæг вæййынц. Дины чингуыты куыд фыссынц, афтæмæй дунейы сæвзæрдыл цæуы фылдæр-фылдæр 7000 азы. Кæм уыди уæды онг хуыцау, цы ми кодта, кæнæ йæхæдæг та кæцæй равзæрд, уыдæттæ —

йеттæн дины кусджытæ ницы дзуапп дæттынц, стæй ма сын хъыг дæр вæййы, ахæм фарста сæм куы радтай, уæд.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.