Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 102. Кæм вæййынц стъалытæ боныгон

Сымахæй алчидæр федтаид, сæумæцъæхыл стъалытæ куыд ныгъуылдтытæ кæнынц, уый. Цалынмæ ма Хур горизонты бын арф «æмбæхст» вæййы, уæдмæ стъалытæ æрттивынц, æхсæвыгон куыд æрттивынц, афтæ. Фæлæ Хур горизонтмæ куыд æввахсæй-æввахсдæр кæны, афтæ стъалытæн сæ лæмæгъдæртæ нал разынынц. Раздæр Хуры рухсы аныгъуылынц 6-æм асы стъалытæ, стæй 5-æм асы стъалытæ æмæ æппынфæстаг фæтары вæййынц 1-аг асы стъалытæ дæр. Бирæ хатт Хур хæрз æввахс ссæуы горизонты былмæ, дуне ныррухс вæййы, æмæ адæм дардмæ дæр кæрæдзи уынын байдайынц, фæлæ ма иуæй-иу æрттиваг стъалытæн уæддæр фенæн вæййы. Фæлæ афтæ бирæ нæ ахæссы. Куыддæр Хур горизонты былмæ схæццæ вæййы, афтæ стъалытæ се ’ппæт дæр аныгъуылынц хуры рухсы. Кæй зæгъын æй хъæуы, боны рухсæй стъалытæ сæфгæ нæ фæкæнынц. Æхсæвыгон куыд вæййынц арвы къултыл æмæ скæсæнæй ныгуылæнмæ куыд цæуынц цадæггай, афтæ цæуынц боныгон дæр. Уынгæ та сæ уымæн нæ кæнæм, æмæ стъалытæн сæ тæккæ æрттивагдæрты рухс дæр хуры рухсæй бирæ лæмæгъдæр у. Арвыл Сириусæй æрттивагдæр стъалы нæй, фæлæ уымæн дæр йæ рухс хуры рухсæй 10 000 000 000 хатты лæмæгъдæр у.

Æмбисбон арвмæ куы скæсæм, уæд ыл иунæг стъалы дæр нæ фендзыстæм, æцæгæй та уыцы рæстæджы араыл вæййынц, æхсæз мæйы размæ йыл æмбисæхсæв цы стъалытæ уыди, уыдон се ’ппæт дæр. Ахсæв æмбисæхсæв арвыл цы стъалыты уынæм, уыдонæй æхсæз мæйы фæстæ уыцы афон иуы дæр нæ фендзыстæм.

Æхсæз мæйы фæстæ уыдон нæ горизонты сæрмæ уыдзысты æмбисбон æмæ уæд та ныгъуылдзысты хуры тынты.

Хæрз æрæджы дæр ма бирæты уырныдта, зæгъгæ, æрттиваг стъалытæн боныгон дæр фенæн ис хуымæтæджы цæстæйы, арф цъайы кæнæ шахтæты бынæй, йе та бæрзонд фæздæгдзон трубайы бынæй кæсгæйæ. Уыцы хабары тыххæй чингуыты дæр бирæ фыстой, фæлæ уыцы чиныгфысджытæй йæхи цæстæй боныгон стъалыты ничи федта, алчидæр дзырдта æндæрты номæй.

Арф цъайы бын уæвгæйæ, мах нал хъыг дары, æнæуи нæй цæстытыл фæрсырдыгæй цы рухс æндзæвы уый, фæлæ уæддæр цъайы сæрмæ цы уæлдæфы фæлтæртæ ис, уыдон уый бæрц рухсгонд вæййынц, æмæ стъалыты лæмæгъ рухс тар кæны боны рухсæй.

Уырыссаг ахуыргонд Я. И. Перельман бирæ фæфарста шахтæты кусджыты, фæлæ дзы иу дæр нæ загъта, боныгон стъалытæ федтон, зæгъгæ. Стъалытæн боныгон фенæн ис телескопы фæрцы.

Телескоп «фестырдæр кæны» арвы гæппæл. Уыцы стырдæр гæппæлыл уæрст æрцæуынц æнæ телескоп æм цы рухсы тынтæ хауди, уыдон, фæлæ йæ фыццагау тынг нал срухс кæнынц. Афтæмæй телескопы цы арвы гæппæлмæ кæсæм, уый зыны сауæй æмæ йыл стъалытæ сæ лæмæгъ рухсимæ дæр разынынц. Стъалытæн фенæн ис боныгон бæрзонд хохы цъуппæй æнæ телескоп дæр. Уый та уымæн афтæ у, æмæ хохы цъуппыл уæвгæйæ, атмосферæйы бæзджын æмæ рыгæйдзаг фæлтæр фæвæййы махæй ныллæгдæр, рухс афтæ тынг пырхгоцд нал цæуы æмæ арв зыны тарцъæхæй.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.