Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 100. Стъалыбардзтæ

Стъалытæ арвыл æмхуызон арæх не сты. Ранæй-ран иу цалдæр стъалыйы вæййынц кæрæдзимæ хæрз æввахс, бирæ ран та арв у афтид, мæнæ хъæды æрдузтæ куыд вæййынц, афтæ. Стъалыты къорд хонынц стъалыбардз. Стъалыбардз бирæ хатт вæййы цавæрдæр нывы хуызæн. Уыцы нывтæ фылдæр хатт вæййынц хуымæтæджы геометрион фигурæты æнгæс. Фæлæ раджы заманы хуымæтæг фигурæтæ адæймаджы фантазийæн фаг нæ уыдысты. Уый «уыдта» стъалыбардзты адæймæгты æмæ алыхуызон цæрæгойты нывтæ.

Æркæсæм арвы цæгаты æрдæгтымбылæджы рæсугъддæр стъалыбардзмæ. Уыцы стъалыбардз конд у авд стъалыйæ. Се ’вæрдмæ гæсгæ уыцы стъалытæ сты куысийы хуызæн.

Ирон адæм хонынц уыцы стъалыты Фисынмæдзæуджытæ. Рагон адæммæ уыцы стъалыбардз зынди алыхуызон цæрæгойты хуызы æмæ йыл æппынфæстаг баззади ном «Стыр Арс», зæгъгæ. Æрттиваг стъалытыл рагон адæм сæвæрдтой хицæн нæмттæ: Сириус, Канопус, Вегæ, Бетельгейзе, Антарес æмæ æндæртæ. Фæлæ астрономи йæ къахыл куы слæууыд æмæ стъалыбардзты æрттивагдæр стъалыты иртасын фаг куы нæуал уыд, уæд фыццаг асы стъалытæй лæмæгъдæр чи уыд, уыдон дæр бахъуыди цыдæр æгъдауæй фæнысан кæнын. Æмæ уæд æрхъуыды кодтой афтæ. Стъалыбардзы æрттивагдæр стъалыйы йæ номæй хоныны бæсты фæнысан кæнынц грекъаг алфавиты фыццаг дамгъæйæ (α — альфæ). Уымæй лæмæгъдæр дзы цы стъалы вæййы, уый нысан кæнынц алфавиты дыккаг дамгъæйæ (β — бетæ), стæй пайда кæнынц алфавиты æртыккаг дамгъæйæ (γ — гаммæ) æмæ аф. д. Грекъаг алфавиты 24 дамгъæйы йеддæмæ нæй. Стъалыбардзы цы стъалытæ ис, уыдон нымæц 24-æй куы фæфылдæр вæййы, уæд сæ фæнысан кæнынц хуымæтæджы цифрæтæй; дзырдæн зæгъæм, «Хъазы 61-æм», ома Хъазы стъалыбардзы 61-æм стъалы.

Ныры рæстæджы стъалытæ иртасгæйæ, пайда кæнынц лæмбынæг арæзт каталогтæй. Ис алыхуызон каталогтæ. Уыцы каталогтæм хаст цы стъалытæ сты, уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи номер.

1862 азы Ф. Аргеландер (1799—1875) сарæзта егъау каталог. Уый йæ каталогмæ бахаста арвы цæгат æрдæгтымбылæджы стъалыты суанг 9,5 асы онг. Аргеландеры каталоджы сты 324000 стъалыйы. Уыцы каталогмæ гæсгæ искæцы стъалыйы кой куы фæкæнынц, уæд йæ номеры разæй фыст вæййы дыууæ дамгъæйы BD (Bonner Durchmusterung — Боннаг афæлгæст). Дыууæ дамгъæйы фæстæ æрфыссынц стъалыйы номер. Хаттæй-хатт каталог чи сарæзта, уымæн йæмыккаджы фæстæ æрфыссынц бæрæг нымæц, кæцы нын æвдисы, уыцы авторы каталоджы стъалыйæн цы номер ис, уый. Ис ахæм каталогтæ дæр, кæцытæм бахастой канд стъалыты нæ, фæлæ æндæр æрвон объектты дæр, зæгъæм мигъгæндты.

Иу ахæм каталог сарæзта 1888-æм азы Дрейер. Уый нысан кæнынц NGG (New General Catalogue — Ног æппæтон каталог). Мигъгæндтæ æмæ стъалыты къордтæн, Ш. Мессье (1730—1817) сарæзта хицæн каталог. Уыцы каталог цыбырæй фæнысан кæнынц иу дамгъæ М-йæ. Ис ма ноджы æндæр каталогтæ дæр.

Гъеныр иу чысыл экскурси саразæм арвыл æмæ базонгæ уæм сæйрагдæр стъалыбардзтимæ. Нæ балц райдайæм Фисынмæдзæуджытæй. Уыцы стъалыбардз куыд ссарын хъæуы, уый ныр мах зонæм. Нæ географион уæрхадты уый никуы аныгуылы. Дзæбæхдæр æркæсут Фисынмæдзæуджыты стъалытæм. Уыдонæй æхсæз стъалыйы нымад сты дыккаг асы стъалытыл æмæ сыл уæ цæст дзæбæх куы сахуыр кæнат, уæд уын уый фæстæ арвы æндæр къуымты дыккаг асы стъалыты базонын æнцон уыдзæн. Фисынмæдзæуджытæн сæ астæуккаг стъалы иннæтæй лæмæгъдæр у. Уый нымад у æртыккаг асы стъалыйыл.

Фисынмæдзæуджыты фæрцы мах ссардтам Полярон стъалы дæр (иронау — Арвы Цæджындз, кæнæ Ахсахътемыр). Уый у Чысыл Арсы стъалыбардзæн йæ сæйраг (æрттивагдæр) стъалы. Чысыл Арсы стъалытæ æрттиваг не сты, уыдонæй æрмæст дыууæ стъалыйы нымад сты дыккаг асыл.

Фисынмæдзæуджытæ æмæ Чысыл Арсы ’хсæн ис Драконы стъалыбардз, кæцы арæзы бирæ лæмæгъ стъалытæй. Уыцы стъалытæн сæ тæккæ æрттивагдæр хауы дыккаг асмæ. Фисынмæдзæуджытæй цы куыси арæзы, уымæн йæ хæцæны астæуккаг стъалы Чысыл Арсы стъалыбардзы центримæ раст хаххæй куы баиу кæнæм, уæд уыцы хаххæн йе ’мбисыл фендзыстæм Драконы сæйраг стъалы. Драконы сæр рæзы цыппар стъалыйæ, кæцытæ æвæрд сты цыппаркъуымоны хуызы.

Фисынмæдзæуджыты ныхмæ Полярон стъалыйæн иннæрдыгæй фарс ис æрттиваг стъалыбардз — Кассиопейæ. Уымæн йе ’æрттивагдæр стъалытæ æвæрд сты латинаг дамгъæ W-йы хуызæн.

Чысыл Арс æмæ Кассиопейæйы ’хсæн ис Цефейы стъалыбардз. Уый æнцон рахатæн у, æртыккаг асмæ чи хауы, ахæм æртæ стъалыйæ. Уыдон æвæрд сты къæлæтау, кæцыйæн йæ тыппыр фарс здæхт у Чысыл Арсы ’рдæм.

Полярон стъалыйы цы хаххæй ссардтам, уыцы хахх куы адаргъ кæнæм Кассиопейæйæ æддæдæр, уæд сæмбæлдзыстæм Пегасы стъалыбардзыл. Уыцы стъалыбардзы ис, дыккаг асмæ чи хауы, ахæм стъалытæ æртæ.

Пегасмæ хæстæг ис Андромедæйы стъалыбардз. Андромедæйы сæйраг стъалы æмæ Пегасы стъалыбардзы æртæ стъалыйæ рæзы квадраты æнгæс фигурæ.

Фисынмæдзæуджытæй цы куыси рæзы, уымæн йæ цыппаркъуымоны диагональ куы акæнæм æмæ йæ Кассиопейæйы ’рдæм куы адаргъ кæнæм, уæд сæмбæлдзыстæм Персейы стъалыбардзыл. Иу фæкастæй уыцы стъалыбардзæн ис, йе ’нцойгæнæн зылын кæмæн у, ахæм бандоны формæ. Рагон адæм Персейы стъалыбардзы уыдтой адæймаджы (герой Персейы) ныв, кæцы йæ галиу къухæй хæцы дæлзæххы чызг Медузæйы сæрыл.

Фисынмæдзæуджыты куысийæн йæ уæллаг дыууæ стъалыйы раст хаххæй куы баиу кæнæм æмæ уыцы хахх Персейы ’рдæм куы адаргъ кæнæм, уæд сæмбæлдзыстæм цæгаты арвы æрттивагдæр стъалытæн сæ иуыл. Уый хуыйны Капеллæ, Бæхтæрæджы стъалыбардзы сæйраг стъалы. Сæрдыгон æхсæвты хураныгуылды фæстæ уыцы стъалыбардз уайтагъд фæзыны арвыл æмæ æнцон базонæн у Капеллæйы фæрцы.

Фисынмæдзæуджыты куысийæн йæ хæцæныл цы ’ртæ стъалыйы ис, уыдоныл хахх куы ауадзæм æмæ уыцы хахх куыд зылын у, афтæмæй йæ дарддæр куы адаргъ кæнæм, уæд сæмбæлдзыстæм тынг æрттиваг сырхбын стъалыйыл. Уый у Арктур — Галгæсы стъалыбардзы æрттивагдæр стъалы. Ирон адæм æнæхъæн стъалыбардзы бæсты зыдтой, æвæццæгæн, Арктуры æмæ йæ хуыдтой Галгæс стъалы. Галгæс æмæ Бæхтæрæджы стъалыбардзтæ Фисынмæдзæуджытæм гæсгæ лæууынц ныхæй-ныхмæ. Зымæджы райдайæны Арктур сзыны горизонтæй æмбисæхсæв, сæрд та хурныгуылды фæстæ цæхæртæ фæкалы ныгуылæны горизонты сæрмæ; уыцы афон гутоны галтæ вæййынц хизынмæ. Сæрдыгон изæр Арктуры сæрмæ æнцон фенæн у чысыл стъалыты къорд. Уыдон æвæрд сты æхсырфау æмæ сæ хонынц Цæгаты Коронæ. Райдзаст æнæмæйрухс æхсæвты уыцы стъалыбардзы ныв тынг рæсугъд æвдисынц авд стъалыйы. Уыдонæй се ’ппæты æрттивагдæр хуыйны Геммæ.

Чысыл Арсы цыппаркъуымонæй Драконы сæры ’рдæм куы кæсæм, уæд фендзыстæм Лирæйы стъалыбардзы сæйраг стъалыйы. Уый хуыйны Вегæ. Цæгаты арвыл уымæй æрттивагдæр стъалы нæй. Дыууæ лæмæгъ стъалыимæ Вегæ аразы къаннæг æртæкъуымон.

Лирæйæн галиуырдыгæй, Æрфæныфæды, ис Хъазы стъалыбардз. Уымæн йе ’рттивагдæр стъалытæй фондз æвæрд сты ивæзт дзуары хуызы; дзуары цъуппы та ис йæ сæйраг стъалы Денеб. Хъазы стъалыбардзæн хуссарырдыгаёй, Æрфæныфæды галиу къабузы ис Цæргæсы стъалыбардз. Уый æнцон базонæн у, иу раст хаххыл æвæрд чи у, ахæм æртæ стъалыйæ. Уыдонæй астæуккаг стъалы нымад у фыццаг асы стъалыйыл, хонгæ та йæ кæнынц Альтаир.

Лирæ æмæ Цæгаты Коронæйы ’хсæн ис Геркулесы стъалыбардз. Цæгаты Коронæйæ ныллæгдæр ис Калмы стъалыбардз.

Мах горизонты сæрмæ зынынц хуссары æрдæгтымбылæджы иуæй-иу стъалыбардзтæ дæр. Базонгæ уæм ныр та уыдонимæ.

Хуссары стъалыбардзты фæцагурынц Фыййауы Лæдзджыты фæрцы. Уый у арвы рæсугъддæр стъалыбардз. Конд у авд стъалыйæ. Уыдонæй цыппар æвæрд сты цыппаркъуымоны хуызы, æртæ стъалыйы та рæнхъæй æвæрд сты цыппаркъуымоны астæу. Уыцы æртæ стъалыйы хонынц Яковы Рон. Фыццаг асмæ чи хауы, ахæм стъалытæ. Фыййауы Лæдзджыты ис дыууæ. Уыдонæй цæгатырдыгæй

чи ис, уый хонынц Бетельгейзе, хуссарырдыгæй чи ис, уый та — Ригель.

Фыййауы Лæдзджытæй чысыл бæрзонддæр, рахизырдыгæй фенæн ис Уæныджы стъалыбардз. Уым æрттивы, фыццаг асмæ чи хауы, ахæм сырх-сырхид стъалы — Альдебаран. Уæныджы стъалыбардзы ис стъалыты дыууæ хицæн къорды. Уыцы къордтæй иу хуыйны Гиад, иннæ та—Авдхойы. Авдхойы къорды бирæ лæмæгъ стъалытæ ис, фæлæ дзы хуымæтæджы цæст авд йеддæмæ нæ ахсы. Уыцы авд стъалыйæн ирон адæммæ ис хицæн нæмттæ: Уз, Заз, Цицыр, Зада, Гадæк, Удык, Гæда.

Яковы Роны æртæ стъалыйыл хахх куы акæнæм æмæ уыцы хахх галиуырдæм бынмæ куы адаргъ кæнæм, уæд сæмбæлдзыстæм Стыр Куыдзы стъалыбардзыл. Уым цæхæртæ фæкалы арвы æрттивагдæр стъалы — Сириус.

Ригель æмæ Бетельгейзейы цы раст хахх иу кæны, уый Бетельгейзейы ’рдæм дыууæ ахæмы куы адаргъ кæнæм, уæд фæцæйхиздзыстæм Поллуксæн хуссары фæрсты. Уый нымад у фыццаг асы стъалыйыл. Поллуксæй чысыл бæрзонддæр, Капеллæйы ’рдыгæй фенæн ис дыккаг асы стъалы Кастор, зæгъгæ. Поллукс æмæ Кастор сты Фаззæтты стъалыбардзы сæйрагдæр стъалытæ. Касторы йеддæмæ ма уыцы стъалыбардзы ноджыдæр ис, дыккаг асмæ чи хауы, иу ахæм стъалы. Уыцы стъалы Поллуксæй Бетельгейземæ иу чысыл æввахсдæр у, се ’ртæ та æвæрд сты иу раст хаххы уæлæ.

Полярон стъалыйæ Фаззæттыл раст хахх куы акæнæм, уæд Поллуксæн хуссарьГрдыгæй фендзыстæм, фыццаг асмæ чи хауы, ахæм стъалы. Уый у Чысыл Куыдзы стъалыбардзæн йæ сæйраг стъалы — Процион.

Полярон стъалыйы цы хаххæй ссардтам, уый Фисынмæдзæуджыты ’рдæм куы адаргъ кæнæм, уæд уыцы хаххы фæрсты фендзыстæм дыууæ æрттиваг стъалыйы. Уыдонæй рахизырдыгæй чи ис, уый нымад у фыццаг асы стъалыйыл, хонынц æй Регул. Регул у Домбайы стъалыбардзы сæйраг стъалы. Домбай æмæ Фаззæтты ’хсæн ис æнæформæ стъалыты æмбырдгонд. Уыдон ’хсæн иунæг зынгæ стъалы дæр нæй. Уый у Мыдзбыры стъалыбардз.

Персейы цы раст хаххæй ссардтам, уый Фисынмæдзæуджыты ’рдæм куы адаргъ кæнæм, Персейы онг цæйас у, уымæй чысыл даргъдæр, уæд сæмбæлдзыстæм Чызджы стъалыбардзы сæйраг стъалыйыл. Уый у Æфсир. Æфсир дæр фыццаг асы стъалытæй у.

Регулæй Арктурмæ раст хахх куы акæнæм æмæ йæ иу ахæм куы адаргъдæр кæнæм, уæд сæмбæлдзыстæм Скорпионы стъалыбардзы сæйраг стъалыйыл. Уый уыдзæн фыццаг асы стъалы — Антарес.

Чызг æмæ Скорпионы ’хсæн ис Тæразы стъалыбардз. Вегæйæ Альтаирыл раст хахх куы акæнæм æмæ йæ иууый асæй чысыл къаддæр куы адаргъ кæнæм, уæд сæмбæлдзыстæм Сæгъысыйы стъалыбардзыл. Скорпион æмæ Сæгъысыйы ’хсæн ис Фатæхсæджы стъалыбардз. Сæгъысыйæн скæсæньГрдыгæй сты Донуадзæджы æмæ

Кæсæгты стъалыбардзтæ.

Пегасы цы раст хаххæй ссардтам, уый дарддæр куы адаргъ кæнæм, уæд Донуадзæгæн хуссары ’рдыгæй сæмбæлдзыстæм фыццаг асы стъалыйыл. Уый у Фомальгаут — Хуссары Кæсæгты стъалыбардзы сæйраг стъалы. Фæззыгон изæрты Фомальгаут вæййы нæ горизонты хуссайраг хайы сæрмæ хæрз ныллæг. Дзæуджыхъæумæ никуы разыны, уымæн æмæ йæ хæхтæ æмбæрзынц. Сириус æмæ Антаресы цы раст хахх иу кæны, уый цæуы цыппар стъалымæ хæстæг. Уыдон æвæрд сты Æрфæныфæды æмæ сæ рæзы Дзуары стъалыбардз. Уыцы стъалыбардзæн йæ сæйраг стъалы хауы фыццаг асы стъалытæм, фæлæ йын сæрмагонд ном нæй.

Ирыстоны уæрхады уыцы стъалыбардзæн фенæн нæй, уый æдзухдæр вæййы нæ горизонты бын.

Ригелæй Дзуары сæйраг стъалымæ раст хахх куы акæнæм, уæд уыцы хаххы æмбисмæ хæстæг уыдзæн фыццаг асы стъалы — Канопус. Уый у Науы стъалыбардзæн йæ сæйраг стъалы. Ирыстоны уæрхады Канопус дæр никуы фæзыны.

Сириус æмæ Æфсиры астæу ис Гидрæйы стъалыбардз. Гидрæйыл æвæрд сты Сынт æмæ Къусы стъалыбардзтæ. Дзуар, Гидрæ æмæ Скорпионы ’хсæн ис Центавры стъалыбардз.

Цы стъалыбардзтæ ранымадтам, уыдонæй уæлдай ма хуссары æрдæгтымбылæджы ис бирæ æндæр стъалыбардзтæ. Уыдон ’хсæн нæй тынг æрттиваг стъалытæ, стæй нæ горизонты сæрмæ дæр никуы скæсынц, æмæ сыл уымæ гæсгæ нал дзурдзыстæм.

Кæд æмæ чи сæвæрдта стъалыбардзтыл ахæм æнахуыр нæмттæ, уый мах нæ зонæм. Æрмæст бæрæг у уый, æмæ уыцы нæмттæ иу адæмы æрымысгæ кæй не сты. Дзырдæн зæгъæм, Сириус æмæ Канопус сты египетаг нæмттæ. Грекъæй нæм баззадысты Арктур æмæ Процион. Латинаг нæмттæ сты Капеллæ, Геммæ æмæ æндæртæ.

Стъалыбардзтæй бирæтыл баззади, æппындæр зæххыл чи нæ уыд, ахæм цæрæгойты нæмттæ: Иусион, Дракон, Сыгъзæрин Кæсаг.

Адæймæгты нæмттæй чи баззад стъалыбардзтыл, уыдон ист сты алы адæмты мифологийæ. Мæнæ иу легендæ Персей æмæ Андромедæйы тыххæй, рагон грекъаг фыссæг Еврипиды (480—406 нæ э. р.) драмæйы куыд фыст у, уымæ гæсгæ.

Раджы, тынг раджы Абиссинийы цардысты паддзах Цефей æмæ йæ ус Кассиопейæ. Паддзахæн уыди иунæг_чызг — Андромедæ. Андромедæ куы байрæзт, уæд йæ рæсугъды койы йеддæмæ ницыуал уыд. Сæрыстыр дзы уьщи йæ мад дæр. Иу бон та йæ чызджы кой кæнгæйæ, Кассиопейæ загъта, зæгъгæ, дам, мæ чызгæй рæсугъддæр нереидтæм (доны чызджытæм) дæр нæй. Хъыг уыди уый нереидтæн. Радзырдтой сæ хъаст денджызты хуыцау Посейдонæн æмæ йын балæгъстæ кодтой, цæмæй сын Кассиопейæйæ сæ маст райстаид. Байхъуыста Посейдон сæ дзырдмæ. Раивылын кодта дæттæ, æмæ адæм фыд-зынтæ æййæфтой. Фæлæ Посейдонмæ уый æгъгъæд нæ фæкасти. Ноджы барвыста денджызæй цавæрдæр фыдбылызы цæрæгой — Дракон, кæцы хордта адæмы дæр æмæ фосы дæр.

Цефей нал зыдта, цы ма кодтаид, уый. Дæсны йын бацамыдта, зæгъгæ, цалынмæ дæ иунæг чызг Андромедæйы радтай Драконæн хæрынмæ, уæдмæ фыдбылызæй нæ фервæздзынæ. Нæ разы кодта Цефей уыцы хъуыддагыл, фæлæ йын куы ницыуал гæнæн уыди, уæд радта йæ иунæг чызджы Драконæн хæрынæн. Ниудтой денджызы улæнтæ, хостой сæхи къæдзæхтыл æмæ фынчытæ калгæ фæстæмæ здæхтысты. Рæсугъд Андромедæ баст уыд къæдзæхыл æмæ кæугæйæ æнхъæлмæ каст йæ адзалмæ. Денджызæй йæ сæр сдардта уыцы фыдбылызы Дракон. Схæлиу кодта йæ дзых. Кæрæдзиуыл хойы йæ цыргъ дæндæгтæ. Æрттивы йæ сырх æвзаг. Æрбаленк кæны комкоммæ йæ амæттагмæ.

Раст уыцы рæстæджы урс-урсид æврæгъты ’хсæнæй æрзынд хъæбатыр Персей. Æрæджы уый йæ хины æхсаргардæй акъуырдта Медузæйы сæр. Тыхджын æмæ хинæйдзаг уыд Медузæ. Йæ цæстæнгасæй дæр-иу адæймаг дур фестад. Фæлæ йыл Персей фæтых хиндзинадæй. Тохы рæстæджы йын йæ цæсгоммæ никуы бакаст. Персеймæ уыд айдæнау æрттиваг уарт. Аздæхта уарт Медузæмæ æмæ йын касти йæ нывмæ. Нал баххуыс кодта Медузæйæн йæ хиндзинад. Акъуырдта йын Персей йæ сæр æмæ йæ рахаста йемæ.

Æмæ ныр мæнæ йæ базырджын бæх Пегасыл æртæхы уæларвæй. Рæвдз уыд Персей æххуыс кæнынмæ алкæмæн дæр. Денджызы был урс къæдзæхтæм бастæй ауыдта Андромедæйы. Персей уыны ноджы, Дракон йæ былтæ стæргæ кæй уайы Андромедæмæ. Уайтагъд тохы бацыд Персей Драконимæ. Аздæхта Драконмæ Медузæйы сæр æмæ йæ дур фестын кодта. Ссæрибар кодта Андромедæйы æмæ йæ акодта йæ фыды хæдзармæ. Андромедæйы йæ фыд радта Персейæн усæн. Фæфæлмæн сты уыцы тохæй хуыцæутты зæрдæтæ æмæ тохы хайад исджыты се ’ппæты дæр сæвæрдтой арвыл.

Ныр арвыл фæрсæй-фæрстæм фенæн ис Цефей, Кассиопейæ, Андромедæ, Дракон, Персей æмæ Пегасы стъалыбардзты.

Стъалыбардзты тыххæй ахæм аргъæуттæ бирæ ис канд египетаг æмæ грекъаг адæммæ нæ, фæлæ æндæр адæмтæм дæр. Уыцы аргъæутты заманы адæймаг æрвон буæртты тыххæй рæстмæ ницыма зыдта æмæ кæд уыцы нæмттæ нырмæ дæр баззадысты, уæддæр ныр сæ мидис æндæр у. Ныртæккæ искæцы стъалыбардзы кой куы фæкæнынц, уæд уымæй равдисынмæ хъавынц арвы бæрæг бынат. Уыцы бынаты цы стъалытæ ис, уыдон се ’ппæт дæр нымад сты иу стъалыбардзыл.


««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.