Журнал «Ногдзау» 3/2006
БИТЪЫНА
Адæймагæн йæ царды уавæртæ цас хуыздæр кæнынц, уыйас раздæры хорз хъуыддæггыл йæ къух сисы, æнцондæр ын куыд у, афтæ архайын байдайы, æмæ дзы кæддæры пайдайаг хъуыддæгтæ иу иннæйы фæдыл рох кæнынц, æппынфæстагмæ та бынтондæр фесæфынц.
Цардимæ æмдзу кæнын кæй хъæуы, уый гуырысхойаг нæу, фæлæ цыфæнды ногдзинæдтæ куы базонай, уæддæр хъуамæ, фыдæлтæм мингай азты хорзæй цы уыдис, уый хъуамæ дарддæр хæццæ кæнай, зæронд хъуыддæгтæ сты, зæгъгæ, сæм былысчъилæй ма кæсай. Зæгъæм, дзул тынг рагон хойраг у, фæлæ йæ æрвылбон дæр хæрæм, ницы ногдзинадæй йæ баивæн ис. Стæй нæ рагон фыдæлтæ цы бирæ алыхуызон хъæддаг зайæгойтæ хордтой, уыдон дæр адæймагæн пайда сты æрмæст хойраджы нысаниуæгæн нæ, фæлæ йæ низтæй хъахъхъæнынæн дæр.
Уæддæр нæ ныхас битьынайæ райдыдтам æмæ йыл бæлвырддæр æрдзурæм. Æрмæст ирæттæ нæ, фæлæ бирæ æндæр адæмтæ дæр цымдтой битьынайы цай. Хæрды фæстæ дзы иу агуывзæ куы бацымай, уæд ахсæны куыст хуыздæр кæны, хойраг тынгдæр тайы. Уæвгæ, хъæуккаг адæм йеддæмæ горæтæггæ битьына кæм хъуамæ æртоной, фæлæ афтеччыты вæййы капсулæты мидæг. Куыд сæ нуазын хъæуы, уый фыст ис сæ къоппыл. Ис афтеччыты битъынайы дон дæр. Дойны дын куы уа, уæд дзы хуымæтæджы доны агуывзæйыл дæс-ссæдз æртахы ныккæн, æмæ йæ æхсызгонæн бануаздзынæ. Æрмæст иу хъуыддаг дæ зæрдыл бадар: изгард куы кæнай, уæд битьынайы цай цымæн, йæ дон кæнæ зети кæмæ хæццæ кæна, ахæм хостæ нуазæн нæй — ахсæнæн зиан сты изгарды рæстæг.
Зайæгойтæй чи дзæбæх кæны, уыцы дохтыртæ (фитотерапевттæ) архайынц битьынайæ конд хостæй ахсæны æмæ тьæнгты низтæ дзæбæх кæныныл. Тайванаг дохтыртæ куыд раиртæстой, афтæмæй, йæ хуылф тыппыр кæнæ «хъуыр-хъуыр» кæмæн кæны, уьщы адæймаг хæрынæй фынддæс минугы-сахаты æрдæджы размæ битьынайы зетийы капсулæ аныхъуырæд, æмæ йæ ницыуал хъыгдарæг уыдзæн.
Бирæ низтæ дзæбæх кæнынц битъынайæ дохтыртæ дæр æмæ адæмон хосгæнджытæ дæр: ахсæны хъæдгæмттæ, тъæнгты низтæ, зæнгты нуæртты рыст, сæры, дæндаджы рыст, зæрдæхæццæ æмæ æндæртæ, фæлæ цы у йе ’вдадзы хос та? Ментол дзы кæй ис, уый. Ментол та куынæг кæны низæфтауæг микробты. Уый нæ, фæлæ ма суанг, масты дзæкъулы цы дуртæ сæвзæры, уыдон дæр тайын кæны битьына, æмæ рынчыны къæртт кæнын нал бахъæуы.
Адæймаджы æппæтæй арæхдæр чи хъыгдары, уыдонæй иу у сæрниз, æмæ уал уын уымæй фервæзыны мадзал бацамонæм. У бынтон хуымæтæг, æнцонархайд, стæй дæ искæй æххуыс дæр нæ хъæуы. Битъынайы зети афтеччыты ис, фæлæ йæ иудадзыг хæдза-ры куы дарай, уæд — хуыздæр. Дæ сæр срысти — хъæрмхуыпцымæн уидыджы дзаг оливæйы, æхсынæны кæнæ нартхоры зетийыл ныккæн авддæс æртахы битьынайы зети. Уыцы æмхæццæйæ дæ ных æмæ къæмисæнтæ байсæрд. Уайтагьддæр банкъардзынæ, сæрст бынæттæ æхсызгон уазал куыд ауыдзысты, уый. Чысыл фæстæдæр та сæры рыст банцайдзæн, æмæ раздæрау уæнгрог уыдзынæ.