Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Минимальная модификация русской раскладки клавиатуры делает её удобнейшим средством для набора осетинских текстов. Файл раскладки снабжён подробной инструкцией по установке и использованию. Работает в Windows Vista и Windows 7 и 8!
Райс дæхицæн ирон клавиатурæ!

Журнал «Мах дуг»-ы æндæр æмæ æндæр номыртæй

Анекдоттæ æмæ хъæлдзæг ныхæстæ

ЗЫНАРГЪ ЛЕОНИД ИЛЬИЧ...

* * *

— Брежневæн, дам, генералиссимусы ном раттынмæ хъавынц.

— О. Ацы дзырд зæгъын куы бафæраза, уæд та, дам ын Советон Цæдисы адæмон артисты ном дæр ратдзысты.


* * *

Брежнев: Иууылдæр афтæ дзурынц, Брежнев, дам, иу хæрзиуæгæй дæр «нæ» нæ зæгъы. Уый раст нæу. Æрæджы мын Мавританийы иу хæрзиуæг лæвæрдтой æмæ йæ нæ райстон. Цавæр хæрзиуæг? Фындзыл ауындзгæ сызгъæрин цæг.


* * *

Брежнев: Фæстаг рæстæджы алы дам-думтæ сарæх ысты, машинæйы, дам, мæ бæсты быдыргъ фæласынц. Уый цæттæ гæды ныхас у. Машинæйы быдыргъы бæсты мæн фæласынц.


* * *

Брежневимæ йæ фембæлын хъуыд æмæ Кремльмæ æрбацыди Надеждæ Константиновнæ Крупская. Генсекæн загътой: «Крупская Надеждæ Константиновнæ».

Ус бахызти кабинетмæ:

— Дæ бон хорз, Леонид Ильич. Æз Крупская дæн. Хъуамæ мæ зонай, мæ мойы дæр мын хорз зоныс. Йæ чингуытæй йын цитатæтæ арæх фæисыс...

— Æгас цу, зынаргъ Надеждæ Константиновнæ. Куыннæ, куыннæ — иттæг хорз дæ зонын. Дæ мойы дæр дын, ай-гъай, зонын... æмбал Крупскийы.


* * *

Брежневы фатеры райхъуысти телефоны дзæнгæрæг. Хæтæл систа генсекы бинойнаг Виктория Петровнæ.

— Дæ хорзæхæй Леонид Ильичмæ ма мын фæдзур, — хъуысы хæтæлæй.

— Чи йæ фæрсы?

— Йе ’мкурсон сылгоймаг.

— Хæтæл æрæвæр, родтæмдзог, Леонид Ильич никуы ахуыр кодта!


* * *

Брежнев Гуырдзыстонмæ ссыди. Хохаг хъæуы уынгты фæцæуы. Йæ размæ иу гуырдзиаг фæцис, йе ’ккойы — фыс.

— Генацвале, дæ фысы мын рауæй кæн, — зæгъы Брежнев.

— Равзар, — дзуры йæм лæг æмæ йæм фысы бадардта.

— Омæ дæм иу фыс йеддæмæ куынæ ис, уæд мын цы ’взарын кæныс? — фæрсы генсек.

— Къацо, ды дæр иунæг дæ, фæлæ та дæ уæддæр равзарæм.


* * *

Брежневæн Кремлы фембæлд уыди цавæрдæр африкаг адæмыхатты фæтæгимæ.

— Дзуттыты фарста уæм куыд лыггонд цæуы? — фæрсы Леонид Ильич.

— Никуыд. Ацы фарста нæм раджы лыггонд æрцыд: иунæг дзуттаг нæм уыд æмæ йæ бахордтам.

Цыбыр уацты æмбырдгондмæ


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.