Журнал «Мах дуг», 2001, №9
Зорыхъоты А. тæлмацтæ
Борис Кагермазов
ЦАРДЫ АРТ
Мæн цард æдзух цырен арты фæлвæрдта,
Мæн тардта цард йæ тæрæнты лæдзæгæй.
Мæ бæрзæйыл уæззау æфсондз æвæрдта,
Æмæ куыстон дæллаг галау уæзæгæй.
Ныр дæр æмпъухын, нæй æнцой мæ удæн.
«Дæ хæс нырма у фидинаг», — фæзæгъын.
Тыхсын, хæссын æргъом-уæргътæ. Нæ цудын,
Тыхджын, уæндон — мæ къахдзæфтæ нæ зæххыл.
Куыд дурзæрдæ у а дуне, йæ бындар!
Сæдæ азы куы батонай, уæддæр дæ
Æвзондзæни, хатыр æм нæй æппындæр.
Кæдæм хæссæм, кæдæм сафæм нæ сæртæ?
Æхсидын æз дæ цæхæры, йæ арты,
Йæ тымыгътæ, йæ тыхмитæй нæ лидзын.
Куы ссæуы хур — нæуæг тыхтæ мын ратты,
Æмæ зæрдæтæ авæрын мæхицæн.
Мæ куыстæн та тæрхонгæнæг мæ уд у
Æмæ Хуыцау. — Сæ дыууæйыл æууæндын,
Фыссын æрмæст, цы мын фæдзурынц уыдон,
Æнæ уыдон æз къахдзæф дæр нæ уæндын.
ДОНЫ ДЗУАПП
— Ысхойыс, хойыс дуртæ,
Тæркуадæй уайыс фурдмæ.
Зæгъ-ма мын æй, хæххон дон,
Цæмæн æм кæныс тагъд,
Æви нæ зоныс, сомбон
Уым фестдзынæ æртах?
— Тæркуадæй уайын комæй.
Зæгъын уын æй æргомæй:
Мæ рагон бæллиц — фурд,
Йæ фæхъхъау уа мæ уд.
Æз фурды 'ртах куы фестин, —
Мæхи уæларвмæ фехсин!
ХÆРАМ ÆМÆ РАСТ
У царды фæтк ахæм: хæрам æмæ раст
æрæнцой нæ зонынц æвирхъау фыдхæсты.
Иу иннæуыл калы йæ пырх æмæ маст,
Иу иннæмæн сафы йæ уидаг, йæ хъæстæ.
Хæрам тых фæлывдæй æркæны бæхбадт
Рæстдзинады рагъыл, кæны йын фыдмитæ.
Рæстдзинад дæр сисы йæ хотых — йæ фат:
Йæ «барæджы» зæрдæ фæвæййы кæрдихтæ.
Иу иннæмæн — йе знаг, кæндзæн æй тыхсын,
Кæрæдзийы ивдзысты: «фистæг» — «бæхджын».
ФЫЦЦÆГÆМ АПРЕЛЬ. САЙÆН БОН
Æрттивы хур. Куыд æхцон у йæ тавиц!
Ысрухс и дуне. Урс цырæгътæ — балыл.
Лæг иу сайдæн бæргæ фæразид афæдз,
Фæлæ мæ сайынц алы бон дæр, алы!
КАРЬЕРÆДЗАУ
Йæ сæр, дам дзаг у зондæй, —
Уæлиаумæ йæ систой.
Дзырдта сæм-иу бæрзондæй:
«Хæххон дзиглотæ, чи с тут?»
Ныр асасти йæ бадæн,
Йæ «бæх» æваст æрлæууыд.
Æмæ дзы дзурынц адæм:
«Йæ гоппайы дымгæ уыд»